ЧИНЫГДОН «БÆРЗÆФЦÆГ»
3.31K subscribers
2.99K photos
3 videos
3.6K files
48 links
Электронная осетинская библиотека
Download Telegram
Ирон адæмон аргъæуттæ. Томтæ: 1-аг (1959 аз) æмæ 3-аг (1962 аз).

Фыццаг томмæ бахаудысты цæрæгойтыл аргъæуттæ æмæ алæмæттаг аргъæуттæ.
Æртыккаг томы ис историон æмæ бынæттон аргъæуттæ, таурæгътæ æмæ хабæрттæ.
Дигорон адæмон сфæлдистадæ (кадæнгитæ, таурæхътæ, аргъæуттæ, æмбесæндтæ, æгъдæуттæ æма æндæртæ). 2010 анз.
Киунугæ исаразтонцæ Къибирты Амурхан æмæ Скъодтати Эльбрус.
Иры хæзнадонæй. 2010 аз.
Чиныг сарæзта Торчынты Таймураз.

В книгу вошли осетинские народные песни, предания и легенды как старины, так и созданные в более поздний период.
Ирон адæмон сфæлдыстад (дыууæ томæй). 2007 аз.
Сарæзта йæ Салæгаты Зоя.
Абайты Васойы
иумæйаг редакцийæ.
Адæмон сфæлдыстад лæвæрд цæуы жанртæм гæсгæ. Фыццаг томмæ бацыдысты героикон æмæ историон уацмыстæ, дыккаг томмæ — иннæ фольклорон уацмыстæ.
Ирон адæмы сфæлдыстадæн йæ ахъаззагдæр хай героикон эпос кæй у, уымæ гæсгæ чиныг райдайы Нарты кадджытæй.
Уæлæмхасæны хуызы мыхуыргонд æрцыдысты ирон фольклоры тыххæй хицæн уацтæ, библиографи æмæ дзырдуат.
Чиныгæн йæ нысаниуæг у наукон, æмæ, уымæ гæсгæ, тексттæ мыхуыргонд цæуынц зына-нæзына ивддзинæдтимæ — куыд фыст æрцыдысты, уымæ æввахс. Бирæ дзырдтæн сæ орфографи дæр баззад, куыд сæ ныффыстæуыди, афтæмæй.
Иуæй-иу дзырдтæ, адæймаджы нæмттæ, мыггæттæ, топонимикон æмæ æндæр бынæтты нæмттæ таурæгъгæнджытæ дзырдтой алы хуызты, уыди сын сæрмагонд нысаниуæг, уымæ гæсгæ баззадысты æнæивдæй, уалдайдæр дыгурон текстты. Дыгурон текстты арæх æмбæлы ирон дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ, æмæ уыдон дæр афтæмæй ныууагътам. Бирæ уацмыстæн дзы лæвæрд цæуы цалдæргай варианттæ — уыдон æххæст кæнынц сæ кæрæдзийы.
Ахуырады кусджытæн æппæт уыдæттæ феххуыс уыдзысты искæцы дзырды этимологи кæнæ йæ рагон мидис, йе та йæ равзæрæн уидаг æмæ бындур сбæрæг кæныны хъуыддаджы.
Чиныг аразгæйæ пайдагонд æрцыдысты Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социологон иртæстыты институты, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты, Цæгат Ирыстоны Адæмон сфæлдыстады хæдзары æмæ радиойы архивтæй.
Уымæй уæлдай ма чингуытæм бахастам:
1. Адæмон сфæлдыстадæй революцийы агъоммæ мыхуыры чи рацыд æмæ ныртæккæ библиографион æгъдауæй стæм чи сси, ахæм тексттæ;
2. Цæгат Ирыстоны дæр æмæ Хуссар Ирыстоны дæр советон дуджы цы адæмон сфæлдыстады æмбырдгæндтæ рацыд, уыдонæй ист тексттæ;
3. Фæсарæнты мыхуыргонд ирон тексттæ (Мункачийы, Кристенсены æмбырдгæндтæ).
Мыхуыры рацæугæ тексттæ æмæ архивæй ист æрмæг документацигонд сты. Фæлæ иуæй-иу текстты бæрæг не сты нæдæр кадæггæнæджы, нæдæр йæ ныффыссæджы нæмттæ. Бæрæг нæу, кæм æмæ сæ кæд ныффыстæуыди, уый дæр. Æмæ уыцы аиппытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ардæм дæр фæхæццæ сты.
Чиныгаразæг зæрдиагæй арфæ кæны, ацы куысты йын йæ хорз фæндæй, йæ уынаффæйæ чидæриддæр баххуыс кодта, уыдонæн се ’ппæтæн дæр.
Памятники народного творчества осетин. Выпуски: I (1925 г.), II (1927 г.), III (1928 г.).
Ирон таурæгътæ. 1989 аз.
Чиныг сарæзта, разныхас æмæ йын фиппаинæгтæ ныффыста Джыккайты Шамил.

В сборник вошли сокровища осетинского устного народного творчества — легенды и предания. Они в яркой художественной форме отражают жизнь и нравы народа, его этические воззрения, высокие идеалы добра и справедливости, патриотизма и любви.
Хæйрæджыты хабæрттæ. 2011 аз.

«Рассказы о чертях» — это живая частица народного творчества, которая передавалась из поколения в поколение. В ней ярко видна борьба между добром и злом, где всегда побеждает добро.
Книга рассчитана на широкий круг читателей.
Ирæтты адæмон сфæлдыстад аргъæутты æнæбын цады хуызæн у. Цас æм арфдæр нылленк кæнай, уыйас диссагдæр, цымыдисагдæр у. Æцæгд æр афтæ кæй у, уымæн æвдисæн «Нарты кадджытæ», «Даредзанты таурæгътæ», аргъæуттæ, æмбисæндтæ æмæ афтæ дарддæр. Уыдоны æхсæн стыр бынат ахсынц хæйрæджыты хабæрттæ дæр. Зæрæдтæ куыд дзурынц, афтæмæй раздæр адæммæ æргом цыдысты. Сæ кой цы нæ комы, цы нæ хъæуы фехъуыстаис, ахæм нæ уыд. Уыимæ сæ хуыдтой алыхуызон нæмттæй: хæйрæджытæ, æнæзæгъинæгтæ, дæлимонтæ, фæстæмæзæвæтджынтæ, куырысмæдзæуджытæ...

Хæйрæджыты хабæрттæ-иу алчидæр радзырдта, цы хуызы сæ федта, афтæмæй. Æмæ-иу сын хохаг уæззау куыстыты фæстæ фадат куы фæцис, уæд сæ дзырдтой кæрæдзийæн: чи-иу сæм æфтаугæ бакодта, чи та-иу дзы цыдæртæ ферох кодта. Гъе афтæмæй парахат кодтой Ирыстоны кæмтты æмæ хъæуты. Лæмбынæг сыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд æнцонæй бафиппайдзыстæм: бирæ хабæрттæ дзы алы рæтты дзурынц иухуызон, чысыл ивддзинæдтимæ. Уымæ гæсгæ дзы сæ фылдæрæн ис дыгай, æртыгай варианттæ, «Саккаты хæйрæджыты» легендæйы хуызæн (хонынц ма йæ «Сечъынаты хæйрæг» дæр). Зæгъæм, Куырттаты комы хæйрæджыты тыххæй цы хабæрттæ ис, уыдон ма адæймаг фехъусдзæн æндæр кæмтты дæр.

Хæйрæджыты хабæрттæ æнæхъæнæй æрæмбырд кæнын абоны онг къухы нæма бафтыд. Уыйбæрц сты, æмæ сын ныккæнæн нæй! Уыдон стыр æвæрæн уаиккой нæ национ культурæйы бæркадджын къæбицы. Кæй зæгъын æй хъæуы, махмæ æнусты сæрты хуымæтæджы не ’рхæццæ сты, зыны сыл адæмы хъуыдыкæнынад, сæ цардыуаг, сæ тырнындзинад рухсдæр сомбонмæ, сæ тох царды æвирхъау фæзындтытимæ. Кæд æцæг, чи зоны, нæ уыдысты, уæддæр сыл бæрæгæй уынæм рæстæджы реалон нывтæ; æууæнды сыл адæймаг, куы сæ кæсай, кæнæ сæм куы хъусай, уæд адæймаджы йæ хъуыдытæ ахæссынц цыдæр æнахуыр дунемæ, цæстытыл ауайы рæстдзинад æмæ фыдæхы мæлæтдзаг хъæбысхæст, фæуæлахиз вæййы рæстдзинад — адæмы бæллиц.

Мах хæйрæджыты хабæрттæ рагæй æмбырд кæнæм, уæлдайдæр та Дзуццаты Амыран. Уый райдыдта ацы фæрнæйдзаг хъуыддаг! Цы муртæ дзы бафтыд нае къухы, уыдон хæссæм чиныгкæсæджы размæ. Кæд сæ йæ зæрдæ истæмæйты барухс уа, уæд нæхи хондзыстæм амондджын, нæ тухæн дзæгъæлы кæй нæ уыд, уый тыххæй.
(Чиныгаразджытæ)