Газет «Хурзæрин»
878 subscribers
5.17K photos
960 videos
1 file
3.59K links
Хуссар Ирыстоны зӕронддӕр ӕхсӕнадон-политикон газет ирон æвзагыл.
Цӕуы 1924 азы 1 январӕй.

Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.


@XurZaerin
Download Telegram
«Ирон къæбиц»-ы фæлхас – æгъдауы иу хай
#Бæрæгбоны_цытæн

Бæрæгбонон программæйы фæлгæтты 26 августы театралон фæзуаты уыд Ирон къæбицы равдыст æмæ хъазтизæр. Цытджын мадзалы фæстæ ардæм фæуазæг сты республикæйы Сæргълæууæг Гаглойты Алан, хицауады уæнгтæ æмæ уазджытæ. «Ирон къæбиц»-ы сæ фæззыгон фæлхас адæмы размæ рахастой Цхинвалы районы хъæутæ. Цытджын уазджытæн ирон фынджы æгъдæуттæ равдыста нæ республикæйы æмбæстаг Дзабиты Михаил. Уый ирон æгъдаумæ гæсгæ Стыр…

https://xurzarin.ru/?p=44338
Паддзахадон тырысайы боны цытæн
#Бæрæгбоны_цытæн

Æрвылаз дæр нæ республикæйы цытджын æгъдауæй банысан кæнынц Паддзахадон тырысайы бон. Афтæ та у ныр дæр.

17-æм августы 6-æм астæуккаг скъолайы 10 æмæ 11-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ, æдæппæтæй 40 адæймаджы сæ къласгæстæ Багаты Лианæ, Бететы Юля æмæ Дыгъуызты Заринæимæ балцы ацыдысты Дменисы хъæуы фидармæ. Семæ ма уыдысты скъолайы директор Гæззаты Юрина, ахуыры хайы сæргълæууæг-организатор…

https://xurzarin.ru/?p=44738
Бæрæгбон æнæ кафт æмæ зардæй нæ фидауы
#Бæрæгбоны_цытæн

Нæ республикæйы паддзахадон бæрæгбонтæй сæ иу у Республикæйы бон. 23 азы размæ, 20 сентябры Адæмон депутатты советы уынаффæмæ гæсгæ автономон область расидт æрцыд республикæйæ. Алы аз дæр ацы нысаниуæгджын бон нысан цæуы уæрæхæй.

Ацы хъæлдзæг, æхсызгон бæрæгбон банысан кодта Цхинвалы районы Дменисы хъæуы Культурæйы хæдзар дæр. Зал уыд бæрæгбонон фæлыст, йæ къултæ йын сфæлыстой…

https://xurzarin.ru/?p=44783
Равдыст-армукъæ – Республикæ расидыны боны цытæн
#Бæрæгбоны_цытæн

Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр бæрæгбонон мадзæлтты фæстæ нæ фæлæууыдысты РХИ-йы Культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстады центры кусджытæ сæ директор Гуыцмæзты Елизаветæйы сæргълæудæй. 20-æм сентябры, Республикæ расидыны боны, Ногдзауты парчы сарæзтой æцæг бæрæгбон, хъуыстысты æхцондзинад хæссæг ирон музыкæйы зæлтæ æмæ сывæллæтты хъæлдзæг хъæлæба.

Ацы нысаниуæгджын боны цытæн Ногдзауты парчы сорганизаци кодтой Хуссар Ирыстоны…

https://xurzarin.ru/?p=44789
Традицион ирон къæбицы равдыст
#Бæрæгбоны_цытæн

20-æм сентябры цытджын парады фæстæ боны 13:00 сахатыл Пионерты парчы байгом ис традицион ирон къæбицы равдыст. Ам Хуссар Ирыстоны дзыллæ уæрæхæй минас кæнгæйæ банысан кодтой цины бæрæгбон. Ардæм фæуазæг сты уазджытæ æмæ хицауады разамонджытæ нæ республикæйы Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй. Æртæ уæливых æмæ бæгæныйы кæхцимæ фыццаг сæ размæ рацыдысты горæт Цхинвалы администрацийы минæвæрттæ. Ракуывтой

https://xurzarin.ru/?p=44833
Ивгъуыд бæрæгбонон мадзæлттыл афæлгæст
#Бæрæгбоны_цытæн

Концерт

Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры уагъд æрцыд Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады боны цытæн бæрæгбонон концерт.

Бæрæгбонон концерты зæлыдысты адæмы уарзон патриотикон æмæ лирикон зарджытæ æмæ нырыккон композицитæ. Уыдонæй аивадуарзджытæ райстой стыр æхцондзинад.

Концертон программæйы хайд райстой Харебаты Вадим, Æлборты Владимир, Харебаты Мартæ, гимнази «Альбион»-ы аивадон къорд Дзабиты Екатеринæйы къухдариуæгадæй æмæ æндæртæ.

Республикæйы…

https://xurzarin.ru/?p=45987
Ногазон концерт – 1-æм музыкалон скъолайы
#Бæрæгбоны_цытæн

Цалдæр боны ма баззад æмæ нæ къæсæрыл æрбалæудзæн ног 2024 аз. Афæдзы кæрон ахуырадон уагдæтты уагъд фæцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ, хатдзæгтæ арæзт цæуынц афæдзы бакæнгæ куыстытæн. Иу ахæм ногазон мадзал уагъд æрцыд Тедеты Георгийы номыл фыццæгæм музыкалон скъолайы. Ацы скъолайы традицион ссис æрвылаз дæр ахæм ногазон концерттæ уадзын. Концерты хайад райстой музыкалон скъолайы хъо-мылгæнинæгтæ. Мадзалмæ…

https://xurzarin.ru/?p=46423
Бузныджы нысанæн – аргъау-мюзикл
#Бæрæгбоны_цытæн

18-æм январы нæ горæты администрацийы Культурæйы хæдзары Цхинвалы скъола-интернаты ахуыргæнинæгтæ сæ хъомылгæнджытæ – скъолайы организатор Харебаты Маринæ, раздзог Икъаты Миленæ, драмкружокы къухдариуæггæнæг Хъотайты Сæрмæт, хореограф Тасойты Азæмæтимæ сорганизаци кодтой хæрзаудæн акци – аргъау мюзикл «Новогодняя мечта Золушки», зæгъгæ. Ацы ахуырадон уагдонæн традицион ссис фæкæсынхъуаг сывæллæттæн чи æххуыс кæны, æппæт уыцы хæларзæрдæ адæймæгтæн арфæйы нысанæн

https://xurzarin.ru/?p=46853
Уарзон бæрæгбон ХИПУ-йы
#Бæрæгбоны_цытæн

25-æм январы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ традицион æгъдауæй банысан кодтой сæ хъæлдзæг æмæ рæсугъд бæрæгбон – Татьянæйы бон. Сесситы рæстæг у, фæлæ æрбамбырд сты Президент Гаглойты Алан æмæ университеты ректор Тедеты Вадимы арфæтæм байхъусынмæ. Фембæлд ацыд хъарм æмæ кæрæдзи хорз æмбарыны уавæры, адджын фынгты уæлхъус.

Студенттæ радзырдтой брæгбоны историйы тыххæй, цавæр нысаниуæг ын…

https://xurzarin.ru/?p=47007
Дипломатон кусæджы боны сæраппонд
#Бæрæгбоны_цытæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæхуындмæ гæсгæ, Дипломатон кусæджы бæрæгбоны фæлгæтты хайад райста Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады бæстыхайы мемориалон фæйнæджытыл УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ дидинджытæ сæвæрыны цытджын церемонийы.

Традицион æгъдауæй ссардтой Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Адæмон къамисариаты кусджыты, дипломатты рухс нæмттæ, кæцытæ сæ цард радтой…

https://xurzarin.ru/?p=47281
Цæрыкъаты хоты зарджытæ ногæй айзæлдзысты нæ театры сценæйæ
#Бæрæгбоны_цытæн

5-æм марты нæ горæты паддзахадон драмон театры популярон ирон зарæггæнджытæ Цæрыкъаты дыууæ хо – Фатимæ æмæ Альбинæйæн уыдзæн солон концерт. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой нæ республикæйы Культурæйы министрады пресс-службæйы.

«Ацы концерт уыдзæн Сылгоймæгты дунеон боны хæдразмæ, цæмæй не ‘мбæстæгтæ хорз зæрдæйы равгимæ æмæ хъæлдзæгæй сæмбæлой уалдзæджы æрбалæудыл, бæрæгбоныл. Билеттæ ныридæгæн уæй…

https://xurzarin.ru/?p=47619
Райгуырӕн бӕстӕйӕн иузӕрдион лӕггадгæнджытæ
#Бæрæгбоны_цытæн

Криминалон милицийы тагъд фердӕхты къорды (ОМСН) сырӕзтыл сӕххӕст 21 азы. Спецкъорды кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн раарфӕ кӕнынмӕ бацыдысты республикӕйы къухдариуӕгад Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, мидхъуыддӕгты министрады къухдариуӕгад министр Гуыцмӕзты Аланы сӕргълӕудӕй, нӕ республикӕйы æндæр тыхон структурӕты минӕвӕрттӕ ӕмӕ ОМСН-ы ветерантӕ.

Бӕрӕгбоны цытӕн спецкъорды дислокацийы территорийыл рӕнхъон скондӕн сарӕзтой цытджын ралӕуд. Гуыцмӕзты Алан йӕ раныхасы…

https://xurzarin.ru/?p=47678
Армукъæ – сылгоймæгты бæрæгбоны цытæн
#Бæрæгбоны_цытæн

6-æм марты нæ горæты Ногдзауты парчы Сылгоймæгты дунеон боны размæ байгом адæмон æрмдæсныты фыццаг армукъæ «нæ зынаргъ сылгоймæгтæн», зæгъгæ. Хайад дзы райстой 40 адæймагæй фылдæр. Паркæй хъуыстысты зæрдæйæн æхцондзинад хæссæг ирон музыкæйы зæлтæ æмæ адæмы хонæгау кодтой армукъæмæ. Иннæ ахæм сын боныгъæд дæр уыцы бон сæ къух арæзта. Сорганизаци йæ кодтой РХИ-йы Культурæйы министрад

https://xurzarin.ru/?p=47776
Аивæдты лицейы банысан кодтой 8 мартъийы бон
#Бæрæгбоны_цытæн

7-æм мартъийы, Сылгоймæгты дунеон боны хæдразмæ, Колыты Аксойы номыл Аивæдты паддзахадон лицейы ирон æвзаг æмæ литературæйы æвæллайгæ ахуыргæнæг, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ Германы чызг сарæзта бæрæгбонон мадзал.

Актон зал уыд бæрæгбонвæлыст, хъуыстысты дзы ирон музыкæйы æхцон зæлтæ. Уырдæм æрбамбырд бирæ адæм – лицейы ахуыргæнджытæ сæ директор Плиты Риммæйы сæргълæудæй, Ахуырад æмæ зонады министрады,…

https://xurzarin.ru/?p=47806
Бæрæгбон – бæрæгбонон зæрдæйы равгимæ
#Бæрæгбоны_цытæн

Уалдзæджы фыццаг æмæ рæсугъд бæрæгбонмæ сæхи зæрдиагæй бацæттæ кодтой Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ. Сылгоймæгты Æппæтдунеон боны цытæн æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загъта скъолайы директор Плиты Заирæ. Йæ цæст сын бауарзта, цæмæй ахæм уарзон бæрæгбонтыл алы хатт дæр æмбæлой хъæлдзæг æмæ амондджынæй, сæ цард æрвитой сабыр арвы бын, сæ кæстæрты хуртæй уой…

https://xurzarin.ru/?p=47851
Банысан кодтой информацион-координацион центры сырæзты бон
#Бæрæгбоны_цытæн

Иумæйаг информацион-координацион центры кусджытæн уыд рæнхъон ралæуд, йæ сырæзтыл аст азы кæй сæххæст, уый цытæн. 2016 азы ацы Центр йæ куыст райдыдта, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон развæлгъау цы бадзырд бафыстой мидхъуыддæгты органты æмгуыстады фæдыл, уый фæлгæтты.

Мадзалмæ фæуазæг сты бæстæйы Президент Гаглойты Алан, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы…

https://xurzarin.ru/?p=50244
Хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ
#Бæрæгбоны_цытæн

Нæ адæм хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ фæнысан кæнынц, Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы кадджын бон. Афтæ та уыд æрæджы Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрджытæн дæр. Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр бæрæгбонмæ йæхи хорз бацæттæ кодта хъæууон культурæйы хæдзар (директор Мамиты Дзерассæ). Райдианы бæрæгбонмæ æрбацæуджыты раз раныхас кодтой Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал…

https://xurzarin.ru/?p=51357
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Кад æмæ цыт дæуæн, ахуыргæнæг!
#Бæрæгбоны_цытæн

5-æм октябры Ахуыргæнæджы боны цытæн Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ сæ ахуыргæнджыты сбуц кодтой цымыдисон мадзалæй. Уыцы бон уагдоны бæрæгбонвæлыст кæрты уыд æцæг бæрæгбон, дардмæ хъуыстысты зæрдæйæн æхцондзинадхæссæг музыкæйы зæлтæ.

Цымыдисон мадзал сорганизаци кодта скъола-интернаты хистæр раздзог, курдиатджын зарæггæнæг Икъаты Миленæ. Мадзалы райдианы уагдоны хъомыл-гæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытæ æмæ уаз-джытæн балæвар кодтой сæхи къухтæй арæзт алыгъуызон рæсугъд дидинджытæ.

Бæрæгбонмæ фæуазæг сты Президенты…
Сæхи бафæдзæхстой æмæ сæ аивад дæр равдыстой
#Бæрæгбоны_цытæн

Нæ фыдæлтæ рагæй фæстæмæ дæр кувæг адæм уыдысты. Куывтой Стыр Хуыцаумæ, зæдтæ-бардуæгтæм. Абон дæр сæм кувæм, табу сын кæнæм, фæлæ уыцы рæсугъд æгъдæуттæй мах бирæты байрох кодтам. Нæ фыдæлтæ сæ куыд арæзтой, афтæ сæ нал æххæст кæнæм. Æмæ сæ цæмæй ногæй нæ кæстæртæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, куыд уыдысты, афтæ сæ æххæст кæнæм, уый тыххæй ахадæн куыст кæны Цхинвалы