Газет «Хурзæрин»
728 subscribers
4.47K photos
782 videos
3.36K links
Хуссар Ирыстоны зӕронддӕр ӕхсӕнадон-политикон газет ирон æвзагыл.
Цӕуы ирон ӕвзагыл 1924 азы 1 январӕй.

Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.


@XurZaerin
Download Telegram
«Фидæн» райста дыккаг фæлтæр улæфджыты
#Æхсæнад

Июлы мæйы Цхинвалы Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны базæйыл организацигонд æрцыд сæрдыгон улæфæн лагерь «Фидæн» æмæ уым цы фыццаг фæлтæр улæфыд, уыдонæн сæ хъæлдзæг улæфты рæстæг фæцис ивгъуыд къуырийы кæрон. Улæфты фæстаг бон сывæллæттæ банысан кодтой цымыдисон программæйæ, æнæнхъæлæджы ма сæм фæуазæг нæ бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан дæр. Æрыгон улæфджытæ ацы фембæлд æмæ улæфты рæстæг сæ

https://xurzarin.ru/?p=50740
Теракты символ – «Зæд»
#Æхсæнад

Беслæны терактыл 20 азы сæххæсты сæраппонд фыдохы мадзæлтты символ ацы аз суыдзæн скъолайы 11 аз-дзыд фæмардуæвæг амынæт Гуымецаты Азæйы ныв «Зæд», зæгъгæ.

Ацы аз мадзæлттæ фыццаг хатт организаци кæндзысты раздæры амынæттæ, уыдон скъола бацахсыны рæстæджы уыдысты скъоладзаутæ. Организатортæй иу – Туаты Анастасия куыд радзырдта, афтæмæй мысынады æртæбонон мадзæлтты символ фæзындзæн фыццаг хатт.

Сентябры райдайынмæ…

https://xurzarin.ru/?p=50780
Сабитимæ кусгæйæ, фыццаджыдæр, семæ ныхас кæнын хъæуы
#Æхсæнад

МАМЫТАТЫ Дзерассæ, ХИПУ-йы журналистикæйы хайады студенткæ, кафджыты репетитор, газет «Хурзæрин»-ы практикант

Чысылæй фæстæмæ кафын тынг уарзтон. Скъоламæ нæма нæ бацыдтæн, афтæмæй райдыдтон кафты дæсныйад ахуыр кæнын. Мæ бæллиц уыд ахуыргæнæг суæвын, æмæ фидæны мæхи ансамбль саразын.

Иууæндæсæм къласы куы ахуыр кодтон, уæд бацыдтæн Сывæллæтты сфæлдыстады…

https://xurzarin.ru/?p=50796
Фидæны дохтыр: «Ирыстонæн пайда хæссын у мæ сæйраг мотиваци»
#Æхсæнад

ПЛИТЫ Фатимæ, ХИПУ-йы журналистикæйы хайады 3-аг курсы студент

Ирыстоны ног фæлтæрæн сæ ахсджиагдæр фарстытæй иу вæййы куыст ссарын. Уæлдæр ахуырад райсыны æмæ фидæны дзæбæх бынаты кусыны фæндтимæ бирæтæ ахуыр кæнынмæ ацæуынц фæсарæйнаг университеттæм.

Дыгъуызты Кристинæйы сабибонтæй фæстæмæ йæ цард фæнды бабæттын медицинæимæ. Ацы професси равзæрста, уымæн æмæ йæ фæнды,…

https://xurzarin.ru/?p=50798
Хæрзарæзт кæнынц тренажерон зал
#Æхсæнад

Президент Гаглойты Аланы бахæсмæ гæсгæ Ленингоры районы Орчъосаны хъæуы культурæйы хæдзары иу хатæны хæрзарæзт кæнынц, дæргъвæтин рæстæджы кæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыцы тренажерон зал.

«Куыстытæ æххæст кæнынц Ленингоры районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ. Ныридæгæн объектмæ ласынц арæзтадон æрмæджытæ», – фехъусын кодта Ленингоры районы администрацийы пресс-службæйы хистæр Кокойты Анжелæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хатæн ногæй цалцæг æрцæудзæн…

https://xurzarin.ru/?p=50880
Дæсны мыдгæс
#Æхсæнад

Нæ республикæ хъæздыг у йе ‘рдзон скондæй, ис нæм дзаджджын сæрвæттæ, дыргъбæлæсты алы мыггæгтæ, угæрдæнтæ æмæ æндæр ахæмтæ. Уыдон та фадат дæттынц мыддарды куыст рауæрæх кæнынæн, фæлхасгæнджытæн ацы пайдахæссæг продуктæй сæ домæнтæ æххæст кæнынæн. Нæ раздæры областы дзæвгар уыд, ацы пайдайаг къабазмæ æмбæлон хъусдард чи здæхта, сæ нымæц фылдæр кæнынмæ зæрдиаг ахаст чи здæхта,

https://xurzarin.ru/?p=50892
Этнолагеры ауагътой ахуыртӕ
#Æхсæнад

Фӕсивӕды политикӕ ӕмӕ спорты фæдыл комитеты хъӕппӕрисӕй Дзауы районы Начърепайы хъӕуы цы этнолагерь байгом, уырдӕм хуынд ӕрцыдысты милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ. Семӕ сын лӕварӕн бахастой алыгъуызон дыргътӕ. ОМОН-ы кусджытӕ лагеры уӕвӕг фӕсивӕдӕн ауагътой ахуыртӕ хӕцӕнгарзимӕ архайыны фӕдыл, бацамыдтой сын фыдбылызӕй хи бахизыны мадзӕлттӕ.

Ацы этнолагермӕ ОМОН-ы кусджытӕ фарон дӕр фӕуазӕг сты ӕмӕ лагеры…

https://xurzarin.ru/?p=50934
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ныхас – Абхазы Президентимæ
#Æхсæнад

Телефоны ныхас кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжания.

Ныхасы рæстæджы Аслан Бжания фарсхæцынады ныхæстæ загъ­та Гаглойты Алан æмæ РХИ-йы адæмæн 2008 азы августы хæс­тыл 16 азы сæххæсты фæдыл.

Йæ рады Гаглойты Алан бузныджы ныхæстæ загъта Аслан Бжанияйæн æфсымæрон сæмзæрдæдзинады тыххæй æмæ куыд уымæн, афтæ Республикæ Абхазы æппæт…

https://xurzarin.ru/?p=50984
…Æмæ райдыдта æндидзын цард
#Æхсæнад

2008 азы августы иуæндæсæм бон. Хæсты æртыккæгæм бон, растдæр зæгъгæйæ та хæсты фæстаг бон. Уый – махæн, Хуссар Ирыстоны адæмæн. Уæрæсейы ма бахъуыд дыууæ боны, цæмæй Гуырдзыстоны тыхæй æркодтаид сабырадмæ.

Уыцы бон райсомæй хæстдзагъд Цхинвалы уынгтæм ныккæндтæй рахызтысты йæ цæрджытæ. Бирæтæ нал сæмбæлдысты ацы боныл. Чи йæ мæлæт йæ хæдзары ссардта, чи – знаджы…

https://xurzarin.ru/?p=51045