Газет «Хурзæрин»
777 subscribers
5K photos
903 videos
1 file
3.58K links
Хуссар Ирыстоны зӕронддӕр ӕхсӕнадон-политикон газет ирон æвзагыл.
Цӕуы 1924 азы 1 январӕй.

Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.


@XurZaerin
Download Telegram
Нæ республикæйы райдыдта Уæрæсейы Федерацийы Президент равзарынмæ цæттæгæнæн куыст. Уыдон уагъд цæудзысты ацы аз 17-æм марты. Куыд Уæрæсейы, афтæ нæ республикæйы дæр уыцы бон байгом уыдзæн цалдæр æвзарæн фадыджы. Нæ адæмæй Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад кæмæн ис, уыдонæн фадат уыдзæн æвзæрстыты хайад райсынæн. Горæт Цхинвалы байгом уыдзæн æхсæз æвзарæн фадыджы, фæйнæ иу районты æмæ иу та Къуайсайы.
РХИ-йы Хицауад материалон æххуыс бакæндзæн Къусреты хъæуы цæрæгæн.

Ахæм уынаффæ хаст æрцыд министрты кабинеты рабадты.
Ведомствойы фæсауæрцон фондæй Галуанты Герсанæн хицæн æрцæудзæн 100 мин сомы. Уымæн аивгъуыйгæ азы декабры мæйы зынгсирвæзты аххосагæй бахъыгдард æрцыд йæ мулк.
Аркадий Гайдары цард æмæ сфæлдыстад – равдысты

22-æм январы зындгонд сывæллæтты фыссæг Аркадий Гайдарыл сæххæст ис 120 азы. Фыссæджы юбилей уæрæхæй нысан кæнынц Уæрæсейы Федерацийы æппæт регионты дæр, йæ рухс ном арыны цытæн уадзынц алыгъуызон мадзæлттæ, цæмæй йын абоны фæлтæр хуыздæр базонгæ йæ цард æмæ сфæлдыстадимæ.

Аркадий Гайдары уацмыстыл ирон сывæллæттæ дæр кæй хъомыл кæнынц æмæ Ирыстоны дæр уарзон фыссæг кæй у, уымæ гæсгæ йын Цхинвалы дæр мысынц йæ рухс ном. Гайдары 120 азы юбилейы цытæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты байгом равдыст æмæ йæм æрæджы æрбахуыдтой нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнинæгты. Равдысты руаджы сывæллæттæ базыдтой уырыссаг советон фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.
Императортæй официалон æгъдауæй 25-æм январь Студенты бонæй чи снысан кодта?
Anonymous Quiz
10%
Елизаветæ Петры чызг
20%
Николай I
60%
Петр I
10%
Кънйаз Олег
КÆМÆН ЛÆВÆРД ЦÆУЫ КРЕДИТТÆ?
«Хуссар Ирыстоны ивгъуыд аз «Сбербанк» кредиттæ радта 2851 адæймагæн. 2022 азимæ абаргæйæ уый у 7% фылдæр. Кæд уыцы суммæ 2022 азы 747 милуан сомы, уæд 2023 азы та схызт 807 милуан соммæ», - радзырдта РХИ-йы акционерон æхсæнад «Сбербанк»-ы сæргълæууæг Бекъойты Сослан.
Уый ма зæгъы, зæгъгæ, 2023 азы г «Сбербанк»-ы лæггæдтæн пайда кодтой, фæлхасадон кредиттæ кæй хонынц, уыдонæй. Сæ иу у 600 мин сомы онг. Аивгъуыйгæ дыууæ азы банг кредиттæ фылдæр лæвæрдта цъынды райсгæйæ.
«Куыд хъуыды кæнын, афтæмæй ацы аз фæфылдæр уыдзысты фæлхасадон кредиттæ. Уымæн æмæ Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Уæрæсейы Федерацийы территорийыл дæр кредит райсыны процент бæрзонд у, махмæ та кредит лæвæрд цæуы афæдз 15 процентыл. Ома, мах банг исы къаддæр процент», - загъта ма Бекъойты Сослан.
Кредиттæ фылдæр цы хъуыддаг аразынæн фæисынц адæм, ахæм фарстæн та банкир афтæ сдзуапп кодта, зæгъгæ, кредит исгæйæ официалон гæххæттыты статистикон бæрæггæнæнтæ клиенттæй нæ райсы. Уымæ гæсгæ банг нæ фæзоны кредиторы æхцайы фæрæзтæ цæмæн хъæуы, кæм сæ хъуамæ спайда кæна. Фæлæ, куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæйы цæрджытæ арæхдæр кредиттæ райсынц сæ хæдзæрттæ цалцæггæнæн æмæ сæхицæн схос кæныны тыххæй.
Афоныл йæ кредиттæ чи нæ фиды, уыдон ныхмæ банг цы санкцитæ райсы? Ацы фарстæн дзуапп дæтгæйæ Бекъойы фырт банысан кодта, зæгъгæ, алы бангæн дæр ис йæхи сæрмагонд номхыгъд. Уыцы номхыгъды фыст сты кредиттæ чи ахаста, ахæм адæм. Зæрдæ дарæн æппындæр кæуыл нæй, уыдон бахæссынц ацы номхыгъды 5-æм категоримæ. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм æмæ алы клиенты кредитон истори кусджытæ фыссынц, банк куы скуыста, уæдæй фæстæмæ. Клиент исты æфсонæй йæ кредит куынæуал фæфиды, уæд уыцы хæс æрæнцайы бадзырды кæй бацамоны, уыдоныл. Цас æхца райста, уымæ гæсгæ вæййынц иу кæнæ дыууæ адæймаджы.
САСИРГУР 🫥

Иу зæронд ус сасиргур сæ сыхæгтæм бауади. Хæдзары зæронд лæг даргъ бандоныл хуыссыди æмæ, цæмæй ус ма фефсæрмы уа, уый тыххæй йæ цæсгом кæрцæй æрæмбæрзта.

Зæронд лæджы æфсин сасир куы радта, уæд хæрзиуæггурмæ дзуры:

- Фæлæуу-ма, мæнæ иу арахъхъ ануаз!..

Уый йын афтæ:

- Нæ, нæ мæ æвдæлы! Цæй, уæд та æри! - æмæ йæ ануæзта. Дыккаг дæр афтæ.

- Иу ма дзы ануаз! - хаты та йæм зæронд лæджы ус.

- Уæуу, æна, тынг æнæвдæлон дæн, - зæгъгæ та йæ айста æмæ йæ ануæзта.

Афтæмæй дзы фæд-фæдыл, "æнæвдæлонæй", фондз ануæзта. Уæд зæронд лæг кæрцы бынæй фæсæррæт ласта æмæ йæм дзуры:

- Хорз ус, уагæры ма дæ æвдæлгæ куы кодтаид, уæд та дзы цал ануæзтаис?..
Арфæтæ – Студенты боны цытæн
#Арфæтæ

Цытджын студенттæ!

Арфæ уын кæнын Татьянæйы боны цытæн.

Студентон азтæ сты тынг бæрнон æмæ ирд цардуагон рæстæг. Æцæг диссаджы рæстæг, кæцы нын фадат дæтты æнтыстджын хиреализацийæн, серьезон перспективон идейæтæ æмæ проекттæ æххæст кæнынæн.

Студентон азты фидар æрцæуы фидæны æнтыстыты бындур. Сымах слæууыдыстут зын, фæлæ зонындзинæдтæ базоныны æгæрон цымыдисон фæндагыл. ХИПУ та алыхатт зындгонд уыд…

https://xurzarin.ru/?p=46903
Зæрдæйы æхсидав
#Мысынад

(Нартыхты Михалы фæстаг фыстæг Гафез æмæ Нафимæ)

Сфæлдыстадон кусджытæ, уæлдайдæр фысджытæ, цæстæй нæ уынынц царды фæзилæнтæ, йæ зын æмæ цымыдисаг хабæрттæ, фæлæ сæ зæрдæйæ æнкъарынц. Поэты зæрдæйы уылæнты уыдон арф аленк кæнынц æмæ сæ райгуыры поэзийы уæлмонц рæнхъытæ, кæцытæ свæййынц фыссæгæн йæ царды бæрзонд хæтæнтæ æмæ сæм зæрдæрухсæй…

https://xurzarin.ru/?p=46905
25-æм январы боныгъæд

🌤 ЗНАУЫРЫ районы уæлдæфы хъæрмад бонæй уыдзæн -1, æхсæвы та -4 градусы уазал.
🌤 ДЗАУЫ районы бонæй -3, æхсæвы -6 градусы уазал.
🌤 КЪУАЙСАЙЫ уæлдæфы хъæрмад бонæй уыдзæн -4, æхсæвы -7 градусы уазал.
🌤 ЛЕНИНГОРЫ районы бонæй уæлдæфы хъæрмад уыдзæн – 0, æхсæвы та -3 градусы уазал.
🌤 ЦХИНВАЛЫ уæлдæфы хъæрмад бонæй уыдзæн -1, æхсæвы та -5 градусы уазал.
Хуссарирыстойнаг зарæггæнæг Икъаты Милена снывонд кодта ног зарæг хæстонтæ-интернационалисттæн.
Икъаты Милена ныффыста ныхæстæ æмæ музыкæ "Ирон афгайнæгтæ" зарæгæн.
"Æз ныр фараст азы кусын Цхинвалы скъола-интернаты, æмæ æрвылаз ахуырадон уагдоны мах нысан кæнæм советон æфсæдты ракæныны Бон Афганистанæй. Ацы аз сын дзырд радтон ныффыссын зарæг", - банысан кодта зарæггæнæг.

Композицийы презентаци ацæудзæн 15 февралы – советон æфсæдтæ ракæныны Бон Афганистанæй.
Зарæг саразынæн Икъаты Миленайæн баххуыс кодта Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Æлборты Алан.
Хуссар Ирыстонæй Афганистанмæ ацыд дыууæ сæдæйæ фылдæр æрыгон лæппуйы, уыдонæй авд нал æрæздæхт фæстæмæ.
Ног къуыри мыхуыргонд ӕрцӕудзысты номхыгъдтӕ, 2023 азы кӕрон социалон цӕрӕнуӕттӕ цы ӕмбӕстӕгтӕ райстой, уыдон.

Уый тыххӕй фехъусын кодта горӕт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео.
Лæггад кæнынц чиныгкæсджытæн
#Æхсæнад

Рагæй фæстæмæ чиныджы нысаниуæг æмæ ахадындзинад егъау у адæймаджы æрвылбонон царды. Уый йæ хъомыл кæны хæрзæгъдауыл, царды æвæрццаг миниу-джытæй йæ фæхайджын кæнынмæ, стыр ахъаз у йæ æппæтфарсон рæзтæн. Раст у, фæстаг рæстæджы нæ царды биноныг цæуынц йæ электронон верситæ дæр, фæлæ къухмæ кæй райсай, йæ сыфтæ кæмæн рафæлдахай, ахæм чиныгæн уæддæр йæ нысаниуæг нæ

https://xurzarin.ru/?p=46915
Инвестицион спортивон объекттæ
#Спорт

РЦИ-Аланимæ кусæгон балцы æрцæуæг УФ-йы спорты министр Олег Матыцин æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Дзæуджыхъæуы бабæрæг кодтой къорд егъау спортивон объекты. Фыццаджыдæр уал бацыдысты республикон стадион «Спартак»-ы арæзтадон фæзуатмæ. Уым ныртæккæ активон темптæй цæуы реконструкцийы дыккаг этап.

Арæзт æрцыд æмæ байгом кæнынмæ цæттæ у ихын аренæ «Тагбан», кæцы ис Джызæлы фæндагыл. Сергей Меняйло æмæ…

https://xurzarin.ru/?p=46917
Очамчиры æфсæддон базæйæн ис стратегион нысаниуæг
#Политикæ

Республикӕ Абхазы Ӕдасдзинады советы секретарь Сергей Шамба фехъусын кодта, зæгъгæ, Очамчиры районы ацы аз эксплуатацимӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн уæрæсейаг æфсæддон-денджызон флоты базæ. Ам советон дуджы дæр æфсæддон базæ уыд æмæ дзы уымæ гæсгæ арæзтадон куыстытæ бакæнинаг бирæ нæй – хъæуы йæ бæстон цалцæг кæнын, цæмæй дзуапп дæтта ныры дуджы домæнтæн.

Ацы базæ Уæрæсейы Федерацийы…

https://xurzarin.ru/?p=46945
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ансамбль «Симд» ацы аз фыццаг концерт ратдзæн 7-æм февралы.
Коллектив ныридæгæн райдыдтой сæхи цæттæ кæнын.

Видео: РХИ-йы Культурæйы министрад
20 азы размæ «Хурзæрин» фыста…
#Хурзæрин_ы_100_азы_юбилеймæ

Цæмæн уарзынц адæм сæ «Хурзæрин»-ы

Ирон адӕм хӕрзӕгкурӕггаг цыдысты хӕрзӕджы, лӕппуйы райгуырды тыххӕй, уымӕн ӕмӕ cæ царды уый нымадтой иууыл стырдӕр хӕрзиуӕгыл. Хӕрзӕгкурӕггаг та цыдысты ӕрмӕстдӕр ноггуырдӕн йӕ ныййарджытӕм, йӕ ӕввахсдӕр хиуӕттӕм. Хӕрзӕгкурӕггаг та хӕрзӕджы хиуӕттӕ лӕвӕрдтой цъындатӕ, йӕ къух кӕй цас арӕзта, уыйбӕрц ӕхца, уӕлдзарм худ, иууыл фылдӕр та уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк…

https://xurzarin.ru/?p=46950
Видеобастдзинад референдумы фӕдыл
#Видеобастдзинад

Хуссар Ирыстон сӕ фӕндон равдыстой ӕмӕ ноджыдӕр ӕвдисынц, сӕ фидӕн Уӕрӕсейы сконды кӕй уынынц, уый бафидар кодтой, 1992 азы 19 январы ӕмӕ уый фӕстӕ референдумты рӕстӕджы.

«Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры фӕзуаты Мӕскуыимӕ цы видеобастдзинад организаци ӕрцыд, уым йӕ хайадисджытӕ уынаффӕ кодтой, Хуссар Ирыстонӕн 1992 азы цы референдум уагъд ӕрцыд, уый фӕстиуджытыл. Уӕд цӕрджыты 99,9…

https://xurzarin.ru/?p=46953
Абхазы нывгæнджыты сыгъзæрин фонд
#Зынгсирвæзт

21-æм январы æхсæвы Сухумы, Абхазы Национ нывты галерейы, æрцыд стыр зынгсирвæзт. Уæрæсейы æмæ Абхазы ацы цау схуыдтой «уæззау трагеди». Республикæйы мидхъуыддæгты министрад бæрæг кæны зынгсивæрзты аххосæгтæ дæр.

Ведомствойы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бæстыхайы дыккаг уæладзыджы зынгсирвæзты тыххæй сигнал радгæсы пультмæ бацыд 03:38 сахатыл. Зынгсирвæзт хуыссын кодтой Сухум, Гудаут, Гулрыпшы æмæ Очамчиры 11 зынгхуыссынгæнæн расчеты. Æртæ сахаты…

https://xurzarin.ru/?p=46955