Газет «Хурзæрин»
777 subscribers
5K photos
903 videos
1 file
3.58K links
Хуссар Ирыстоны зӕронддӕр ӕхсӕнадон-политикон газет ирон æвзагыл.
Цӕуы 1924 азы 1 январӕй.

Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.


@XurZaerin
Download Telegram
Æфсымæр – æфсымæрæн
#Цæгат_Ирыстоны

Фæстаг азты Цæгат Ирыстоны горæттæн фылдæрæй-фылдæр кæнынц сæ «кæнгæ æфсымæртæ». Зæгъæм, Дзæуджыхъæуимæ æфсымæрон горæттæ систы амырыкаг штат Эшвилл, туркаг Ардаган, болгайраг Кырджалий, Уæрæсейаг горæттæ Нальчик, Махачкала, Владивосток, Ялта, Бердск…

Цалдæр азы размæ Беслæнимæ «æфсымæртæ загътой» хъырымаг горæт Гур-зуф, æрæджы та ахæм цæдис сарæзтой Беслæн æмæ италиаг горæт Градарæ. Уый тыххæй разыдзинадыл сæ къухтæ бафыстой…

https://xurzarin.ru/?p=46957
Æнтыстытæ ис, фæлæ саразинæгтæ дæр бирæ сты
#Нæ_районтæ

Январы мæйы сæ бакæнгæ куысты тыххæй хыгъдтæ радтынц министрадты, комитетты, управлениты, горæт æмæ республикæйы районты администрациты сæргълæуджытæ.

Бакæнгæ куысты тыххæй хыгъд радта Ленингоры район дæр. Уым æртæ мæйы размæ РХИ-йы Президент снысан кодта администрацийæн ног сæргълæууæджы. Гæджиты Илларион Ленингоры районæн разамынад кодта дыууæ азы, фæлæ ныр та администрацийы сæргълæууæг у Уалыты Муртаз. Дыууæйæн иумæ…

https://xurzarin.ru/?p=46960
Хуссарирыстойнаг командæ хайад райста ерысты
#Ерыстæ

Беларусийы республикæйы горæт Бобруйскы 17 январæй 20-æм январмæ нæ республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады кусджыты иу хай архайдтой Ирвæзынгæнæджы боны цытæн ерысты.

Ацы турнир Беларусийы ауадзынц æрвылаз. Хуссарирыстойнаг командæ фыццаг хатт райстой хайад турниры. Сæ тыхтæ ма уым æвзæрстой Уæрæсейы æмæ Абхазы республикæйы командæтæ. Цы фæстиуджытимæ æрыздæхтысты, уыимæ нæ информацийы æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры базонгæ…

https://xurzarin.ru/?p=46962
Æвзарæн фадгуытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны
#Æвзæрстытæ

2024 азы 17 марты Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæм цæттæ кæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад æвзарæн фадгуытæ бакæндзæн ахæм адрестыл:

1. Æвзарæн фадыг № 8354 – г. Цхинвал, Цоцийы фырты уынг, 2-æм хæдзар, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад;
2. Æвзарæн фадыг № 8355 – г. Цхинвал, Д. Медведевы уынг, 2-æм хæдзар,…

https://xurzarin.ru/?p=46968
Номхыгъдтæ мыхуыр æрцæудзысты… фæстæдæр
#Горæты_администрацийы

Журналисттæ фембæлдысты горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромеоимæ. Фембæлды инициатор уыд мэр йæхæдæг. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй фæстаг рæстæджы социалон хызæгты фæзынд дезинформаци, цæрæнуатон къамис фатертæ кæмæн рахицæн кодта, уыдоны номхыгъды тыххæй.

Къамисы куыст:

«Цæрæнуатон фонды дæлбар ис 225 фатеры. Абоны онг цæрæнуатон къамис æркаст 95 куырдиатмæ æмæ сын радих кодта…

https://xurzarin.ru/?p=46970
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Уæ райсом хорз, нæ зынаргъ бафысджытæ! 🤍❤️💛

Абон, 26-æм январы нæ Республикæйы уыдзæн ивгæ асæст.

🌤 ЗНАУЫРЫ районы уæлдæфы хъæрмад бонæй уыдзæн +1, æхсæвы та -4 градусы уазал.
⛅️ ДЗАУЫ районы бонæй - 0, æхсæвы -6 градусы уазал.
⛅️ КЪУАЙСАЙЫ уæлдæфы хъæрмад бонæй -3, æхсæвы та -7 градусы уазал.
⛅️ ЛЕНИНГОРЫ районы бонæй +2, æхсæвы та -3 градусы уазал.
⛅️ ЦХИНВАЛЫ уæлдæфы хъæрмад бонæй уыдзæн +1, æхсæвы -5 градусы уазал.
Ленинграды блокадæ сисыны 80 азы юбилеймæ Дзæуджыхъæуы ацæудзæн акци «Трамвай памяти».

Абон, 26 январы Дзæуджыхъæуы ацæудзæн Æппæтуæрæсейаг патриотикон рухстауæн акци «Трамвай памяти», кæцы нывонд у Ленинграды блокадæ сисыны 80 азы юбилейæн. Мадзал райдайдзæн Сабырады проспектыл, Хетæгкаты Къостайы номыл культурæ æмæ улæфты Централон паркы бахизæны цур. Скъоладзаутæн ауаддзысты лекци, кæцыйы фæлгæтты радзурдзысты блокадон Ленинграды цæрджытæ æмæ Цæгат Ирыстонæй ветерантæ-блокадникты тыххæй, афтæ ма горæт-хъайтары символты тыххæй.
Æппæтуæрæсейаг патриотикон рухстауæн акци «Трамвай памяти» райдайдзæн Санкт-Петербурджы. Цæгат Ирыстонæй дарддæр дзы хайад исынц Краснодары край, Омск, Ульяновск æмæ Свердловскы областтæ.
Цъунары хъæуы æрцыд фæндагон-транспортон цау, кæцыйы фæстиуæгæн бахъыгдард ацы хъæуы 21 аздзыд цæрæг. Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæйы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй шофыр райста цæфтæ æмæ йæ бахъуыд госпитализаци.
Хуссар Ирыстоны Национ музейы уагъд цæуы онлайн-конференци, Ленинграды фашистон блокадæйæ ссæрибар кæныны 80 азы кæй æххæст кæны, уый цытæн.

Мадзалы хайад исынц уæрæсейаг «Æмфыдыбæстæйон»-ты минæвар г. Цхинвалы Сергей Камиссаров, Национ музейы директор Зассеты Мераб, медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ, афтæ ма ХИПУ-йы ахуыргæнæг-профессорон сконд.
БЛИНДАЖОН ЦЫРÆГЪТÆ - ХÆСТОНТÆН

Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг хæстонтæн стыр æххуыс кæныц нæ горæты ахуырдзау фæсивæд. Акци «Подари тепло солдату»-йы хайад исы 6-æм астæуккаг скъола дæр. Акци хайадисджытæн сæ хæс у блиндажон цырæгътæ саразын. Акъоппы кæнæ блиндажон цырагъ фæсудзы 17 сахаты онг.

Ацы идейæ тынг фæцыд скъоладзауты зæрдæмæ. Æрмæст пайдаджыныл æй нæ нымайынц, фæлæ ма кадджын хъуыддагыл дæр. Уымæн æмæ ахæм цырæгътæ аразгæйæ уыдон сæ хайбавæрд хæссынц сæрмаггонд хæстон операцийы хайадисджытæн æххуыс кæнынмæ. Хæстонты ныхæстæм гæсгæ уыдон æрмæст рухскæнынæн не ‘ххуыс кæнынц, фæлæ ма нæ къухтæ хъарм кæнынæн дæр.

5-æм къласы ахуыргæнинаг Уалыты Аслан йæ ныййарджытимæ ныридæгæн сарæзта аст цырагъы. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыдон сты тынг æнцон аразæн. «Мах иу цырагъ аразыныл бахардз кæнæм бæрцæй цалдæр минуты, фæлæ æфсæддонтæн та блиндажон цырæгътæ бирæ пайда хæссынц. Уымæ гæсгæ сæ аразынæй исын стыр æхцондзинад», - зæгъы Аслан.

Æмæ æцæгдæр, цырагъ аразынæн сæйраг у згъæрæй банкæ. Уым тымбылтыхтæй ныввæрынц хъæбæр гæххæтт (картон). Уый фæстæ йыл ныккæнын хъæуы парафин, кæцыйы развæлгъау хъæуы стæвд кæнын.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн нæ чысыл æххуыс уыдзæн уæлахиз тагъд рæстæджы нæ къухты бафтыны нысан. Хæстонтæн æххуыс кæнгæйæ мах, фыццаджыдæр кæнæм хæларзæрдæ дæр.

@Хурзæрин//
Цæгат Ирыстоны туризмы райрæзты фонд сæвæрдта популярон арт-объект "Дзамгъæ Æ"-йы цур фæйнæг хидарыны фæткимæ, хъусын кæны РЦИ-Аланийы туризмы комитет.

Фæтктæм гæсгæ, уазджытæн нæй бар халын мулк, ныууадзын объектыл фыстытæ æмæ нысæнттæ, бырон кæнын территори, афтæ ма цæуын конструкцийыл.

Ивгъуыд аз декабры вандалтæ фехæлдтой арт-объект "Дамгъæ Æ"-йы бындур æмæ ныппырх кодтой фæйнæджытæ. Туризмы райрæзты фонд сæххæст кодта реставрацион куыстытæ æмæ ранæуæг кодта фæйнæджытæ.

Фонды директор Гæбæраты Александр æрсидт гидтæ-экскурсоводтæм, цæмæй туристтимæ ныхас кæной æмæ ма уадзой халын мулк.
27-æм январы 18:00 сахатыл киноконцертон зал «Чермен»-ы æвдыст æрцæудзæн кино «Холоп». Бацæуæн - 100 сомы.
Боны цаутæ цыбыртæй

🔹Сессийы фыццаг рабадт
Хуссар Ирыстоны Парламент ацы азы фыццаг сессийы бахаста ивындзинæдтæ «Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады системæйы паддзахадон æмбæстагон службæйы хицæндзинæдты тыххæй» закъонмæ. Фарст раразмæ кодта Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты комитеты сæрдар Дриаты Заза.

🔹Рацыдысты практикæ
Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады Æфсæддон университеты курсанттæ æмæ нæ республикæйы Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ æнтыстджынæй рацыдысты тæрхондонон практикæ Хуссар Ирыстоны. Практикæйы разамонæг уыдис Сæйраг тæрхондоны сæрдары æххуысгæнæг Хъæцмæзты Еленæ.

🔹Равдыст «Салют над Невой»
Ленинграды блокадæйыл 80-азы кæй æххæст кæны, уый тыххæй нæ республикæйы Россотрудничествойы минæварад Паддзахадон Национ музейы бакодта равдыст «Салют над Невой», - хъусын кæны Цхинвалы «Русский дом». Равдыст йæ куыст кæндзæн 4-æм февралмæ æмæ йæм фæуазæг уыдзты нæ горæты скъолайы ахуыргæнинæгтæ.

🔹Фембæлд æргом форматы
Хуссар Ирыстоны Экономикæйы райрæзты министрад фæнд кæны Таможнæйон комитеты минæвæрттимæ æмæ амалиуæггæнджыты æмæхсæнадимæ æргом диалогы форматы фембæлын, фехъусын кодта министрады пресс-службæ уыдзæн 30-æм æнвары Национ библиотекæйы.

🔹Закъонмæ ивындзинæдтæ
Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин бахæс кодта, Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæй контракт чи нæ бафыста уыдонæн дæр хæстон архайтыты ветераны статус радтын. УЫй тыххæй фыццæгæм апрелмæ хицауад бахæсдзæн закъонмæ ивындзинæдтæ, - хъусын кæны РИА Новости.

@Хурзæрин//
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🇷🇺 "Вам не удастся остановить нас на пути к нашей победе", — МИД России Макрону и прочим западным политикам.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
ХЪÆБУЛÆЙ АМОНД

Хъæбулы стыр цин цы амонд дæтты,
Æз уый агуырдтон арвы кæрæтты.
Æз уый агуырдтон мæ хуыздæр азты,
Сыгъзæрин хуры фæлмæн ыскасты.

Хъæбулæй амонд цæй тынг зынаргъ дæ,
Бæрзонд уæлæрвтæй мæ дзырдмæ тахтæ.
Зæрдæйы ныхас уæлæрвтæм хъуысы,
Ныр хурау худыс мæ хъарм хъæбысы.

Хъæбулæй амонд – зæрдæйы мæсыг,
Хъæбулæй амонд – мæ цины цæссыг,
Æз æй агуырдтон хæххон уæлвæзты,
Æрвдидинджыты сæууон ныхæсты.


Мæн афтæ фæнды, мæ адджын кæстæр,
Бирæ куыд уарзай нæ Иры бæстæ.
Ирон лæджы ном бæрзонд куыд хæссай,
Фыдæлты зæххæн цытæн куыд бæззай.

Уалдзæг рæсугъд у йæ худгæ хурæй,
Ныййарджытæ та – сæ буц хъæбулæй.
Цы хур мыл ракаст, цы цин æрцыди?
О, уыцы амонд нырмæ кæм уыди?
⚪️🔴🟡 Хуссар Ирыстоны телерадиокомпани "Ир" цæттæ кæны ног интеллектуалон телепроект "Зонды зилахар", зæгъгæ. Ацы алæвæрды сæ зонындзинæдтæ æвдисдзысты нæ республикæйы курдиатджын фæсивæд. Ахæм проекттæ фадат дæттынц сывæллæттæн сæ зонындзинæдтæ фæбæрзонддæр кæнынæн.
Проект "Зонды зилахар"-ы автор æмæ къухдариуæггæнджытæ сты Бестауты Юлия æмæ Мамиты Григорий.