Forwarded from Радио Ир-FM 🎤 (Alan CheeCo)
Президент Гаглойты Алан хайад райста Беслæны трагедийы амæттæгты мысæн мадзæлтты
Беслæны трагедийы фæстиуæгæн фæмард 334 адæймаджы. Сæ фылдæр — сывæллæттæ. Мысæн мадзæлттæ æрвылаз æрымных вæйынц æнудæс азы размæ штурмы райдайæнмæ — боны æртындæс сахат æмæ фондз минутыл.
Куыд æбуалгъ теракты амæттаг, æнæаххос удты символ, афтæ уæларвмæ суагътой æртæ сæдæ æртын цыппар урс тымбылæджы. Беслæны мысæн мадзæлтты хайад райстон Хуссар Ирыстоны делегаци дæр президенты сæргълæудæй.
Гаглойты Алан æмæ Сергей Меняйло ссардтой трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ.
Мысæн акци уагъд æрцыд Цхинвалы дæр, Мады майрæмы аргъуаны раз фæзуаты.
Акци æрæмбырд кодта сæдæгай адæмы. Уыдон нымæцы хицауады æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг ахуырдзаутæ дæр æрымысыдысты 2004-æм азы æвирхъау сентябры фæмардуæвæг æмкарæнты.
#ногхабӕрттӕ #РадиоИрФМ

Forwarded from Радио Ир-FM 🎤
Цхинвалы горæты администрацийы арæзт æрцæудзæн цæрæнуæттæ уарыны фæдыл æхсæнадон къамисы ног сконд
Горæты администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео куыд банысан кодта афтæмæй Цæрæнуæтæ уарыны фæдыл къамисы ног сконды сты республикæйы парламенты депутаттæ, министрæдты æмæ ведомствæты, афтæ ма барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ.
Цæрæнуæттæ уарыны фæдыл æхсæнадон къамис йæ куыстмæ æрывналдзæн сентябры мæйы æмбисы. Уыдон ма ноджыдæр иу хатт бабæрæг кæндзысты рады лæуджыты æмæ æрмæстддæр уый фæстæ горæты администрацийы коллеги рахæсдзæн кæронбæтæн уынаффæ фатертæ кæмæ æмбæлынц, уыдон номхыгъд сфидар кæныны тыххæй.
Цæрæнуæттæ лæвæрд кæмæн æрцæудзысты, уыцы бинонты номхыгъд мыхуыр æрцæдзæн дзыллон информацион фæрæзты.
#ногхабӕрттӕ #радиоирфм