Фембæлд Армавиры паддзахадон педагогон университеты минæвæрттимæ
#Фембæлд
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадимæм кусæгон фембæлд уыд горæт Армавиры паддзахадон педагогон университеты минæвæрттимæ. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой университеты пресс-службæйы.
Ацы фембæлд ацыд æмгуыстады фæдыл сразыдзинады фæлгæтты. Сразыдзинадыл майы мæйы сæ къухтæ æрфыстой Тедеты Вадим æмæ Армавиры педагогон университеты разамонæг Евгений Нижник.
Уæрæсейы фарсæрдыгæй фембæлды хайад райстой Армавиры паддзахадон педагогон университеты…
https://xurzarin.ru/?p=50261

Нæ зынаргъ Иры дзыллæ, Хетæджы Уастырджийы хорзæх уæ уæд! Уæ мысайнæгтæ уын айсæд, уæ кувинæгтæ йын барст уæнт, уæ куывдтытæ йæм фехъуысæнт!
#Бæрæгбон
Сусæны мæйы, июлы, ирон адæмон бæрæгбæттæ райдайынц Хетæджы Уастырджийы бонæй. Фылдæр хатт вæййы июлы дыккаг хуыцаубоны. Уыцы бон ма сбæрæг кæнынц Дзири-дзуар æмæ Гæлиаты Авд дзуары бæрæгбæттæ.
Хетæджы Уастырджийы кувæндон ис Куырттаты комæй рахизæн дæлвæзы. Йæ равзæрды фæдыл ис ахæм таурæгъ.
Раджы заманы, XIV æнусы, нæ рагфыдæлтæ, аланты, Тимуры фыдгæндтæй йе ‘фсæдты æрдонгтæ бындзагъд…
https://xurzarin.ru/?p=50266

Forwarded from ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"
Мæ ХÆДБАР ИР!
Дæ удвæллой СÆРИБАР царды бахсысти дæ фидæн!
Цагъардзæнад æнæуынон уыд, алкæддæр дæ удæн!..
Цæргæсбадæнæй дунемæ фæлгæсыс ныр уæндонæй!
Дæ хъуыдытæ, дæ уынаффæ, сты фидардæр æндонæй!
Дæ ЛÆГДЗИНАД кæм бахъæуы,- æрлæууыс уым æргомæй!
Фыдыбæстæ æфхæрджытимæ дзурыс ды уæдонæй!
Дæ царды мæсыг фидар уæд фыдæлты амад дуртæй!
Нæ рох кæндзæн уæд ИРЫ ФАРН æнæуынон фыдгулæй!
Гæджынон-Хабæты Риммæ
#журналмахдуг

Forwarded from Иры Стыр Ныхас
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Одно из выступлений на Форуме осетинских фамилий в сел.Унал. полная запись с Форума https://youtu.be/Dzjuc6TLYP8?si=fdaCMbfpdn9gzeJK
Бинонты, уарзондзинад æмæ иузæрдиондзинады боны Хуссар Ирыстоны фондз къайы схорзæхджын кæндзысты «Уарзондзинад æмæ иузæрдиондзинады тыххæй» майдантæй.
@XurZaerin
@XurZaerin
Forwarded from СапÆ
Дзауы районы адавдтой дыууӕ ӕфсӕнбетон цӕджындзы
🔻 Хуыснӕгдзинад ӕрцыд Тонтобетмӕ хӕстӕг. Милицӕмӕ та курдиат балӕвӕрдта «Остелеком»-ы ӕдасдзинады службӕйы разамонӕг. 9 метры бӕрзӕнд цӕджындзтӕ кӕй фӕцыдӕр сты, уый дӕр уый сбӕрӕг кодта. Уыдысты базӕйы станцӕйы фӕзуаты.
Алы цӕджындз у 17 мин сомы аргъ. Ныртӕккӕ сӕ барадхъахъхъӕнджытӕ агурынц.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Алы цӕджындз у 17 мин сомы аргъ. Ныртӕккӕ сӕ барадхъахъхъӕнджытӕ агурынц.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цхинвалы 17-аздзыд æнахъом дуканийæ адавта æхцатæ
Лæппуйы аххосджын кæнынц æхцайы фæрæзтæ адавынæй, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.
Ведомствойы куыд радзырдтой, афтæмæй мидхъуыддæгты управленийы радгæсон хаймæ æрбацыд куырдиат горæты цæрæгæй, зæгъгæ, 5 июлы 21:00 сахатмæ æввахс йæ дуканийæ фесæфт æхцайы фæрæзтæ 10 мин сомы.
«Оперативон-фæдысгарæн мадзæлтты рæстæджы милицийы кусджытæ æрцахстой Цхивалы 17-аздзыд цæрæджы, кæцыйы аххосджын кæнынц ацы фыдракæнды», - банысан кодтой пресс-службæйы.
Фыдгæнæг басаст йæ фыдракæндыл. Ацы факты фæдыл фæдагуырд уадзы Цхинвалы мидхъуыддæгты управлени.

🌾Абон Ирыстоны бæрæг кæнынц Уациллайы бæрæгбон. Баст у хъæууон хæдзарад æмæ фосдарынимæ. Традицион æгъдауæй йæм ирæттæ фæкувынц тыллæг æмæ бæркады тыххæй.
@XurZaerin
@XurZaerin
Цхинвалы цæрæг рæдыдæй адавта кæйдæр машинæ
Мидхъуыддæгты министрадмæ бахатыд нæ горæты цæрæг, кæцыйæн адавтой йæ хæдтулгæ. Банысан кодта, зæгъгæ йæ æхсæвы баурæдта базарадон центр «Солнечный»-мæ бахизæны æмæ йæ райсомæй нал ссардта.
Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ хæдтулгæ ссардтой Харебаты Исакы уынгыл, сбæрæг кодтой аххосджыны дæр, уый разынд 31-аздзыд Цхинвалы цæрæг.
Нæлгоймаг бамбарын кодта, зæгъгæ, машинæ адавын йæ зæрды нæ уыд. Ме ’мбал мæм цы машинæ радта, уыимæ йæ фæхæццæ кодтон, зæгъгæ.
Фактон фæдагуырд уадзы Цхинвалы мидхъуыддæгты управлени, аххосджыны ссæрибар кодтой.

Хуссарирыстойнаг боксертæ хайад исынц нæлгоймæгты ‘хсæн Æппæтуæрæсейон ерысты
Хайад дзы исынц Джиоты Арсен, 2005 азы гуырд, архайы 92+ уæзы категорийы æмæ Къудухты Артур, 1998 азы гуырд, 86 кг уæзы категорийы, хъусын кæны Фæсивæд æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ.
Спортсменты тренер у Кокойты Мурад.

- Кæстæр лейтенант Людмила Павличенко.
- Æмæ ды чи дæ?
- Æз снайпер дæн.
- Сылгоймаг снайпер? Æмæ уæд цал адæймаджы амардтай?
- Адæймæгты нæ, фашистты. 309.
Салдат, сылгоймаг æмæ хъайтары ныхæстæ.
Америкæйаг журналисттæ йæ схуыдтой «Леди Смерть». Стыр фыдыбæстæйон хæсты сылгоймаг-снайпер скуынæг кодта 309 немыцаг салдат æмæ офицеры. 1943 азы октыбры мæйы йын лæвæрд æрцыд Советон цæдисы Хъайтары ном.

This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🎹Цхинвалы сæрмæ дæр айхъуыстысты музыкæйы зæлтæ. Бузныг этникон туризмы фонд «Борджнис»-æн йæ инициативæйы тыххæй.
@XurZaerin
@XurZaerin