Иры Стыр Ныхас
714 subscribers
386 photos
184 videos
1 file
23 links
⚪️Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»
🔴Международное общественное движение «Высший Совет осетин»
🟡 Обратная связь для обращений, предложений и отзывов @styrnyxasBot
Download Telegram
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📌Мать Геннадия Дзгоева.
Байхъусут.
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📌Абон йæ Райгуырæн бон бæрæг кæны Уататы Махарбеджы фырт Зелим!📌
📌Дзур иронау, дзур, мæ къона!📌

📎Дзæуджыхъæуы 240 азы юбилейы фæлгæты, ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхас»-ы разамындæй, Алайнаг гимназы арæзт æрцыди хъазт - викторинæ скъоладзауты æхсæн.

📎Викторинæйы сæ зонындзинæдтæ æвдыстой дыууæ командæйы: 13-æм скъолайы командæ «Иры ныфс» æмæ Алайнаг гимназы командæ «Иры сомбон».
📎Скъоладзауты размæ хаст цыдысты фарстытæ Дзæуджыхъæуы историимæ баст. Сæ хæс уыди, чи рæвдздæрæй, ахъуыды кæнын æмæ раттын раст дзуапп. Командæты архайдтой фæйнæ 7 адæймаджы.
📎Хъазты цыд куыд сбæрæг кодта, афтæмæй фæуæлахиз сты Алайнаг гимназы ахуырдзаутæ.
📎ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхас»-ы КС сæргълæууæг Уататы Зелимы номæй, йæ хæдивæг Дзæгъойты Вячеславы къухæй скъоладзаутæ айстой зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ Кады гæххæттæ, сæ ахуыргæнджытæ, стæй ахуыргæнæн уагдæтты директортæ та хорзæхгонд æрцыдысты Арфæйы фыстæджытæй æмæ аив дидинджыты бæстытæй.
Стыр ныхасы уæнг Калоты Эммæ хуынд æрцыд Æрыдоны 11 -æм рæвдауæндонмæ , Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбонмæ.Ацы мадзалмæ рæвдауæндоны кусджытæ сæхи зæрдиагæй бацæттæ кодтой.Уыдон стыр разæ нгард кодтой алыхуызон ерысты,викторинаты архайынмæ.Ирон аив кафт æмæ зарджытæй сфидыдта бæрæгбон.Кæронбæттæны Калоты Э.стыр арфæ ракодта бæрæгбон бацаттæгæнджытæн æмæ хъомылгæнинæгтæн.Схорзæх сæ кодта Кады гæххæттытæй.
Бирæ нын цæр,нæ уарзон мадæлон æвзаг!
Ахуырады Центр ,,Интеллект" бӕрӕг кодта ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон.
Бацатта йӕ кодтой ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргæнджытæ, сӕ сӕргълӕууӕг, сылгоймæгты Комитеты уӕнг Гæлæуты Беллæ. Ирон ӕвзагыл архайджытæ кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ, равдыстой цыбыр театралон нывтӕ, дӕсны уыдысты кафынмӕ ӕмӕ зӕрынмӕ дӕр. Мадзалӕн йӕ нысан уыд нӕ мадæлон ӕвзаг, культурӕ ӕмӕ традицитӕ бахъахъxъæнын. Мадзалы архайдтой Стыр Ныхасы номай: Дзекъойты Юри, Хъулаты Земфирæ, Бургалаты Заремӕ, Мысыкаты Беллӕ, Коцойты Заремӕ ӕмӕ Махъоты Иринӕ, кæцы Стыр Ныхасы номӕй сывӕллӕттӕн балӕвар кодта чингуытӕ Ирон ӕгъдӕуттыл.
Хъæбæлоты Билары номыл республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны, кадджын уавæрты сбæрæг кодтой ИРОН ÆВЗАГ ÆМÆ ЛИТЕРАТУРÆЙЫ БОН. Бæрæгбонмæ хуынд æрцыдысты Муниципалон скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнджытæ сæ ахуырдзаутимæ, активон æхсæнадон - социалон организациты архайджытæ æмæ фæзминаг ныййарджытæ.
Галуаны алыхуызон сфæлдыстадон къордтæ, сæ бæрзонд æмвæзадыл æвæрд аивадæй, тынг срæсугъд кодтой бæрæгбоны фембæлд.
Хуынд кадджын уазджытимæ сæмбæлдысты Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Иры Стыр Ныхас"- ы сылгоймæгты комитеты уæнгтæ: Елуаты- Мысыкаты Бэлæ, Коцойты Заремæ æмæ Комитеты сæргълæууæг Махъоты Иринæ.
Бæрæгбоны мадзалæн сæйраг дзуапдæттæг уыдис Республикæйы Сгуыхт ахуыргæнæг, Галуаны ахуыргæнæг- методист - Хабæты Риммæ.
Махъоты Иринæ Риммæйы номыл æрбахаста æмæ саккаг кодта: Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы профцæдисты Кады грамотæ.
Бæрæгбонмæ хуынд адæм æмæ йæ архайджытæ мадзалæй баззадысты тынг разыйæ.
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
📍Сегодня в 17:50 на Иристон-ТВ в программе «Брэйн-новости» (2024/08) 2-я часть турнира «Это НАША Победа!».
Смотрим💞 📍просьба разместить у себя в соцсетях ролик с текстом:

📍Сегодня в 17:50 на Иристон-ТВ в программе «Брэйн-новости» (2024/08) 2-я часть турнира «Это НАША Победа!».
Смотрим💞
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Зам. Председателя КС МОД "Высший Совет Осетин " Вячеслав Дзагоев, выступил на памятном митинге, посвящённом 32 годовщине Зарской трагедии в Южной Осетии.
Комитет женщин Дигорского района МОД "Высший Совет Осетин" провели мероприятие, посвящённое дню семьи: "Из поколения в поколение. Семейные реликвии."

Вела мероприятие председатель комитета Касаева Жанна.