IRONFOLK РДНТ РСО-А
194 subscribers
2.16K photos
574 videos
13 files
365 links
Республиканский Дом народного творчества Республики Северная Осетия - Алания
Download Telegram
КОНКУРС "ГЕРОИ ВЕЛИКОЙ ПОБЕДЫ"

📣Объявлен юбилейный десятый литературный ежегодный конкурс «Герои Великой Победы». Прием заявок до 1 мая 2024 года.

⚡️К участию приглашаются все желающие.

⚡️Принимаются творческие работы эпического, исторического или военно-патриотического содержания в рамках следующих номинаций:
☑️Проза;
☑️Поэзия;
☑️Публицистика;
☑️Проба пера;
☑️Рисунок;
☑️Песня;
☑️Фотография.

🥇Участников ждут сертификаты, а призеров и лауреатов – дипломы. По итогам конкурса организаторы планируют выпуск книг по номинациям конкурса.

‼️Ознакомиться с Положением о конкурсе, а также заполнить заявку на участие можно на официальном сайте: https://героивеликойпобеды.рф/
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
ДОНЫСКЬÆФÆН / КРЕЩЕНИЕ
ОСЕТИНСКИЙ КАЛЕНДАРЬ. ИРОН БÆРÆГБÆТТÆ
ДОНЫСКЬÆФÆН / КРЕЩЕНИЕ

Зымæджы хурхæтæнты бæрæгбонимæ баст архæйдтытæн къæлиндары нымадæй стыр у сæ ахадындзинад. Уыцы архайдтытæ фыццаджыдæр æххæст кодтой æрвон буæртты хæстæ, Хур, Мæй æмæ стъалытæй æххуыс райсын. Гъе, уымæ гæсгæ зымæджы циклмæ хауынц, сæ арæзтмæ гæсгæ æмхуызон чи сты, ахæм бæрæгбæттæй дзæвгар.

Ногбонтæй æхсæз боны фæстæдæр ирæттæ нысан кæнынц Доныскъæфæн.
Аразынц æй чырыстон бæрæгбон «Крещение Христово»-имæ иу рæстæг. Ног нымадмæ гæсгæ йын къæлиндары снысан кодтой 19 январ.

Уыцы бон-иу сæударæй хæдзары кæстæр чындз, кæнæ сæ чызг, уыдон не сты, уæд саби лæппу, ацыдысты дон хæссынмæ. Дондзау-иу йемæ ахаста дедатæ æмæ басылтæ, цыхты кæнæ сойы къæррт, хоры нæмгуытæ, зад тыппырон. Доны зæдтæм кувгæйæ-иу донмæ æппæрста дедатæй саст хæйттæ, арæхдæр-иу сын ныппæрста сæ сæртæ, цыхты æмæ сойы къæрттытæ æмæ чъирийы къæбæртæ.

Ахæм нывондæгтæ
æрхæссыны фæстæ бинонтæ афæдзы дæргъы хъуаг ницæмæй æййафдзысты, зæгъгæ-иу нымадтой. Уыдæттæ кодтой æнæдзургæйæ. Дондзау куы æрбаздæхт, уæд-иу бинонты райхъал кодта афтæ дзургæйæ: «Сыстут, æрбахастон уын мыдау адджын æмæ сойджын дон». Иууылдæр  дæр-иу сыстадысты, ногхаст донæй-иу сæхи ныхсадтой æмæ-иу сын дондзау чъирийы хæйттæ байуæрста. Ратта сын-иу, доны зæдтæн кæй сæртæ аппæрста, уыцы дедатæ дæр.
Ай-гъай дæр, уыцы дон уыди æппæты хуыздæр, кувинагау сыгъдæг. Уый уыди удтæ сыгъдæггæнæг, æппæт хорзæхтæй хайджын кæнæг, адæмæй, фосæй, дзаумайæ — алкæй дæр æмæ алцы дæр фæрнæйдзаг кодта. Гъе, уымæ гæсгæ алы хæдзар дæр тырныдта, цæмæй уыцы æвæджиауы нуазинагæй рæвдздæр æрбахæссой, уымæ. Уыцы бæрæгбон Доныскъæфæн дæр, æвæццæгæн, уымæн схуыдтой.

На шестой день после Ног бон (Нового года) осетины устраивали праздник Доныскъæфæн.
Ранним утром из каждого дома к реке идёт женщина и приносит жертву дочерям водного владыки Донбеттыра. В качестве жертвоприношения выступало обрядовое печенье "дедата", испеченное в виде фигурок людей и животных. В воду также опускали кусочки жира, сыра, пшеничные и кукурузные зёрна.

Принесенная в этот день из реки вода считалась святой и целебной. На этой воде замешивали тесто для выпечки обрядовых пирогов. По мере расходования воды её разбавляли, чтобы хватило до следующего праздника.
ОТКРЫЛАСЬ ВЫСТАВКА: МИР ВЛАДИМИРА КОРНАЕВА

🖼 В Выставочном зале Национальной Научной Библиотеки РСО-А открылась Персональная выставка художника из Дигоры Владимира Корнаева. 

🎨Выставка организована совместно ННБ И РДНТ.
На Открытии творчество художника представили   искусствоведы Зара Газданова и Татьяна Остаева.

⚡️Вклад самобытного таланта в развитие народного художественного творчества отметили Благодарностями Министерства культуры Республики и руководства Ардонского района.

🎼Чудесный музыкальный привет привезли земляки художника - на Открытии выступили коллективы РДК г. Дигоры.

🖼Владимир  является активным участником множества наших выставок. А его произведения  разошлись буквально по всему миру.
Недавно с успехом его работы экспонировались в Кабардино-Балкарии и Ардоне.

🗓Выставка продлится до середины февраля. На ней представлено более 50-ти
работ живописи и ДПИ.

Спешите на встречу с талантом!
Forwarded from МБУК «АРДК»
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🎨 Персональная выставка самобытного художника Владимира Корнаева из Дигоры открылась сегодня, 19 января, в Национальной научной библиотеке Северной Осетии.

Произведения художника отличаются разнообразием жанров, богатством и выразительностью художественно-образного строя и сюжетно-тематического содержания.

Владимир Корнаев является активным участником и лауреатом многих региональных, республиканских, районных выставок. Работы художника находятся в художественных собраниях музеев и частных коллекциях в России и за рубежом.

В декабре прошлого года персональная выставка прошла и в Ардонском районном Дворце культуры, которую с удовольствием посетили жители нашего города.
ОСЕТИНСКИЙ КАЛЕНДАРЬ.
ИРОН БÆРÆГБÆТТÆ
ФÆЦБАДÆН / ФАЦБАДАН
ОСЕТИНСКИЙ КАЛЕНДАРЬ.
ИРОН БÆРÆГБÆТТÆ
ФÆЦБАДÆН / ФАЦБАДАН

❄️Ногбонты фæстæ дыккаг сабаты, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, Бадæнты фæстæ хуыцауæхсæв ралæууы ФÆЦБАДÆН.
Ацы бæрæгбон зонынц æрмæстæр дыгурæттæ, бацахста-иу Ног азы æртыккаг къуыри.

Фондз боны дæргъы-иу адæм æддаг дунейæ аиппæрд сты. Уыцы бонты сæ хъæумæ уазæг дæр нæ цыди, сæхицæй дæр æддæмæ никæй уагътой.

Фæцбадæн-иу хъæуы кæй æрæййæфта, уыцы уазæджы дæр-иу бахъуыди бæрæгбоны фæудмæ æнхъæлмæ кæсын, ома, æнцой бонмæ, цыппæрæммæ. Уазæг-иу хъæуккæгты домæнтæм гæсгæ хъуамæ бæрæгбоны архайдтаид, Идауæги дзуары номыл-иу мысайнаг сæвæрдтаид.

Фыццаг цыппар боны алы бинонтæ дæр куывд кодтой сæхи хæдзары, фæлæ сæ дуæрттæ æрбацæуæгæн гом уыдысты. Кæрæдзи хæдзæрттæм цыдысты. Фæндзæм бон арæзтой хъæугуывд. Хъæуы нæлгоймæгтæ-иу семæ хæрд æмæ нозт айстой æмæ-иу заргæ араст сты, Гъазæндон чи хуынди, уырдæм. Уыцы фæндагыл уый размæ бонты цæуыны бар никæмæн уыди.

Ам-иу Идауæги кувæндоны бæрæгбонхъæлдзæг адæм фесты суанг изæрмæ. Зарыдысты, кафыдысты. Уыйадыл-иу бæрæгбон фæци æмæ та-иу æддаг хъæуккæгтæ ардæм цæуын райдыдтой. Бафиппаинаг: бæрæгбоны рæстæг марды ныгæнгæ нæ, фæлæ йæм бандзæвæн дæр нæ уыди.

Ирон адæмы революцийы агъоммæйы цард чи зыдта, ахæмтæ — Гатуты Кæку (дины кусæг Алексей) æмæ Туккаты Гуыбадыйы хъуыдымæ гæсгæ уыцы бæрæгбон арæзт цыди йеминæйы (емынæйы) рынæй фервæзыны охыл. Идауæгмæ уыди мæрдтæй здахæг алæмæттаг тых æмæ ма йын фæстæдæры фæлтæртæ дæр табу кæнынц.

❄️Фацбадан – праздник в честь Идауæгæ – покровителя жителей Дигорского ущелья (по другой версии Фæцбадæн – имя самого покровителя).
Раньше на время празднования жители Стур-Дигории (Куссу, Моска, Одола, Стур-Дигора, Дзинага, Гулар, Ахсау) были практически изолированы от внешнего мира: вплоть до четверга никому не разрешалось ни покидать родное селение, ни возвращаться в него. Также в эти священные дни запрещалось хоронить покойников.

Первые четыре дня сельчане ходили друг к другу в гости на праздничные три пирога, а на пятый день все ущелье собиралось на пиршество (куывд) у святилища Идауага.

Существовала легенда, что именно этот святой избавил народ от чумы, когда она в человеческом облике явилась в ущелье и поселилась в одном из домов. Несмотря на веселье, существовали очень жесткие правила проведения праздника.