ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"
571 subscribers
2.46K photos
901 videos
27 files
200 links
📚-Литературно-художественный и общественно-политический журнал РСО-Алания.
Нӕ бастдзинадӕн:

https://t.me/mahdugchat
Download Telegram
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
УФ-йы сгуыхт артист Цӕрикъаты Феликс йӕ зарӕгӕй бузныг зӕгъы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайджытӕн.

#журналмахдуг
#цӕрикъатыфеликс
ГАЛУАНТЫ Людмилӕ

Ирон æвзаг – нæ фæндыр æмæ кард,
Нæ хох-быдыр æмæ нæ уæзæг,
Ирон адæмæн се стыр фарн, сæ ард,
Нæ къонайæн йæ зынг, йæ фæздæг...

Ирон æвзаг – хæдзарон дзулы тæф,
Къуыбыры цин, хуымоны зарæг:
Нæ хъæбултæн – сæ тугдадзины цæф,
Фæдис заманы – уартриу барæг.

Мæ зæрдæ къултыл бахойы йæхи, –
Ирон лæг нал дзуры иронау.
Æндæр æвзæгтæй буц кæнæм нæхи.
Ирон та абухгæ у, донау...

Куы нæ зара йæ рæзгæ хурæн мад
Иронау "а-ло-ло, цы-цы-тæ".
Ирон лæппу куы нæ зæгъа: "мæ уарзт",
Уæд дарæм не 'взагмæ æрцытæ...

Æви та уый дæр модæйыл у баст,
Кæй ивæм "Хонгæ кафт" "Чарльстоныл"?..
Сæ лæвар Нартæн – хъисфæндыр фæсаст –
Уæвгæ, цы фæндыр уыд, мæ боныл!..

Фæлварæнтæн куы разынæм лæмæгъ,
Уæд махæн уый уыдзæн ирони.

#журналмахдуг
#мадӕлонӕвзаджыбон
БРЫТЪИАТЫ ЗАРИФФÆ – 105 АЗЫ

ТЕАТР, МА ФЕРОХ КÆН ДÆ ХЪÆБУЛЫ…
Цард æнæхъæнæй дæр фæлварæн у. Фæлæ фæлварæнтæ алыхуызон вæййынц. Иутæн – уæлæнгай гæрæнтимæ, иннæтæн – æдзух ныфссæттæн цæлхъытимæ. Цас курдиатджындæр, æхсæнадæн дæ фæрныг хъуыддæгтæй пайдадæр уай, уыйас фылдæр фыдæвзарæнтæм æнхъæлмæ кæс. Уымæн, æмæ хæлæггæнджытæ сыгъдæг уды тырнæнтыл фæнык байзæрынц…
Ахæм хъуыдытæм æрцæуы адæймаг, УСФСР-йы адæмон артисткæ æмæ аивæдты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Брытъиаты Зарифæйы хъысмæтыл йæ цæст ахæсгæйæ. Йæ номдзыд фыд Брытъиаты Елбыздыхъо ирон театры бындурæвæрæн æвзартæ куыд тыдта, афтæ йæ цардæй ахицæн. Зариффæйыл уæд цыппар азы йеддæмæ нæ цыд, æмæ йе ‘ртæ ‘фсымæримæ йæ дохтыр-мад Хъазыбегты Ольгæйы æвджид баззад. Баззад, æмæ рæз хаста, цæмæй фыццаг ирон режиссеры хуызы уыцы æвзартæ цæрæддзаг фæкæна.
Æниу йæ курдиат ахæм бирæвæрсыг уыд, æмæ сценæйыл йæхи хорз хатгæйæ фæлварæнтæ радта… Мæскуыйы дирижаблтæ аразæн институтмæ, математикæйæ иттæг хорз зонындзинæдтæ равдисгæйæ. Иучысыл фæкъуыхцы æрмæст историйæ, æмæ фæстæмæ йæ райгуырæн Ирыстонмæ æрцыд. Ирон чызгæн æнахуыр ахуыргæнæндонмæ бахауд, зæгъгæ, уæддæр бæлвырд у – аивад фæуæлахиз уыдаид. Йæ фыццаг спектакль сæвæрыны фæлтæрæн 12-аздзыдæй кæм скодта, уым сценæйыл ног æмæ ног фæлгонцтæ нывæндыны æвæджиауы мидтых цы хъуамæ фæуыдаид…
1938 азы Мæскуыйы рабфачы 19-аздзыд рауагъдон сси ГИТИС-ы режиссерты факультеты Алексей Поповы æрмадзы ахуыргæнинаг. Фæстæдæр куыд мысыд, афтæ сæ ахуыргæнæг йæ хъомылгæнинæгтæй сарæзта дунейы æппæты амондджындæр адæймæгтæ. Йæ ныййарæг мады æмрæнхъ æй нымадта, хуыздæр миниуджытæй йæ чи фæхайджын кодта, йæ хъарутыл æй чи баууæндын кодта, ахæм зæххон зæдыл.
Гъе, фæлæ диплом райсынмæ фæндаг æгæрон даргъ рауад. Фыдыбæстæйы Стыр хæст уал ын радта æфсæддон бастдзинады къабазы цæуæнтыл ахизыны бардзырд. Фæстæгты рæнхъыты кæй нæ баззад, уымæн æвдисæн – майдантæ «Кавказ хъахъхъæныны тыххæй» æмæ «Æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй».
1944 азы раивта йе ‘фсæддон дарæс сфæлдыстадон кусæджы «пæлæзæй» æмæ уайтагъд Алагиры театр сарæзта. Уый фæстæ Федор Кноррейы «Встреча в темноте»-мæ гæсгæ спектакль сæвæрдта, диплом бахъахъхъæдта, æмæ йæ райгуырæн Ирон театрмæ цæттæ режиссерæй æрыздæхт.
Йæ райгуырæн уымæн, æмæ дзы йæ хъарутæ хæсты размæйы дугæй, студентæй фæлвæрдта. Ныр сфæлыста спектакль Константин Треневы пьесæ «Любовь Яровая»-мæ гæсгæ. Театры хуыздæр актертæ Тæбæхсæуты Бало, Икъаты Серафин, Хъариаты Тамарæ, Цæлыккаты Мæирбег, Туменаты Еленæ æмæ иннæты афтæ арæхстджынæй æрбангом кодта, æмæ сæ иумæйаг куыст хуыздæрты æмрæнхъ нымад æрцыд УСФСР-йы сфæлдыстадон фæсивæды театрты æркасты.
Уый уыд 1947 азы. Дарддæр – Борис Лавреневы «Разлом», Ярослав Галаны «Под золотым орлом», Борис Чирсковы «Победители», Юрий Буряковскийы «Юлиус Фучик». Афæдз йеддæмæ нæ рацыд, афтæмæй ЦИ АССР-йы аивæдты сгуыхт архайæг, актер Тотраты Бесæ ныффыста, национ театры кæй фæзынд фидар сфæлдыстадон къахдзæфтæ кæнæг фыццаг профессионалон режиссер.
1950 азы Брытъиаты Зариффæ сси Ирон театры сæйраг режиссер, уый фæстæ ахæм бынаты куыста Уырыссаг театры. Йæхи æвдыста арф зонындзинæдтимæ домаг, фæлæ раст разамонæгæй. Алы спектакль дæр-иу райрæзт, цы ног комулæфт æм хаста, уый руаджы. Актертæй æнгом къордтæ арæзта, уый иу хъуыддаг у, фæлæ ма драматургтимæ дæр архайдта – темæтæ сын лæвæрдта, сæ уацмыстæ цавæр хъуамæ уой, уый сын дзырдта, семæ «хъуыддаджы быцæуы» руаджы сæ театрæн хъæугæ фæндагыл арæзта. Æмæ æдзух ахуыр кодта, фæлтæрддзинад иста куыд хистæр актертæй, афтæ Ирон театры фыццаг режиссер Еленæ Марковайæ дæр. Æмæ фæзындысты Шекспиры, Лопе де Вегайы, Карло Гольдонийы, Фридрих Шиллеры, Александр Островскийы, Хетæгкаты Къостайы, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Уырыймæгты Езетханы, Мамсыраты Дæбейы, Туаты Дауыты, Плиты Грисы, Хъайттаты Сергейы уацмыстæм гæсгæ æвæрд спектаклтæ.
Театры реформатор Константин Станиславский дзырдта, Хуыцауæй режиссеры курдиатæй чи фæхайджын, уый йæ куыст, аивадуарзæгмæ, цы дуджы цæры, уым хъæугæ хъуыдытæ æвзæрын кæныны бындурыл кæй аразы. Брытъиаты Зариффæ уыцы уагæвæрдæн æххæстæй дзуапп лæвæрдта, æмæ аивадиртасæг Нелли Данилова зæрдæрухсæй фыста, режиссерæн йæ зæрдæйы цы æвзонг удгоймаджы арт судзы, уый руаджы нырма бирæ хæрзты кæй бацæудзæн царды райдзастдæр цинхæссæн – аивадæн. Фæлæ… хъайтарон трагедитæ, психологон драмæтæ æмæ цыргъзонд комедитæ æвæрыны тырнæнтæ аскъуыдтой æнусты дæргъæн азтæ ахæстоны. Йæ уарзон Ирыстонæн лæггад кæнынæй чи не ‘фсæст, уыцы æвæджиауы курдиаты хицау сылгоймагыл ныххуырстой социалистон фæллой хæлæттаггæнæджы уаргъ. Æппæтцæдисон театралон æхсæнады Цæгатирыстойнаг хайады сæргъы лæугæйæ бирæ фембæлдтытæ, конференцитæ, гастролтæ арæзта. Финансон фæзилæнтæм йæ хъус уыйас нæ дардта, хатт-иу гæххæттытыл репетицийы рæстæг уайтагъд йæ къух авæрдта æмæ… йæ сæрæн ницы зонгæйæ фыдгæнæгæй агæпп ласта. Цас адæмæн фæкодта хорздзинæдтæ, æмæ йыл уыдон та æмхуызонæй гадзрахатæй рацыдысты, аххосджын нæу, уый зонгæйæ. Йæ фарсхæцджытæ та разындысты Михаил Ульянов, Рубен Симонов, Георгий Товстоногов, Василий Лановой, йæ ахуыргæнæджы фырт Андрей Попов, Расул Гамзатов, Ирыстоны æмæ сыхаг республикæты культурæйы кусджытæй чидæртæ.
«Ирыстон мын ныридæгæн ахæстоны гæрстæхсæг, дзаумæттæ æмпъузæг æмæ дуаргæсы куыстытæ мæ бæрны бакодта, æмæ тынг хорз арæхсын. Мæ райгуырæн бæстæ мæ сæрыстыр уæд!» – мæстæлгъæд худгæ фыста Брытъиаты Зариффæ йе цæг иузæрдион хæлар, аивадиртасæг Маринæ Литвиненкомæ. Уый йæ цардæмбал, ахуыргонд-экономист æмæ политикон архайæг Чъерджиаты Хазбиимæ бæргæ архайдта ссæрибар æй кæныныл, фæлæ уый зын хъуыддаг уыд.
Фыстæджыты ма ис ахæм хъуыдытæ дæр, зæгъгæ, йæ «хæрзгæнджыты» фæндыд театрæй йæ атонын, æмæ сын кæй бантыст – здæхын æм йæ зæрды нал уыд. Бамбæрста, фыдæвзарæнтæ хорздзинад тауджытыл къæвдайау кæй уарынц, уымæн æмæ саузæрдæ адæм суанг сæ амæттаджы удварн фæкайын дæр сæ дзæцц сæ уд хонынц. Фыста, куы ссæрибар уа, уæд адæмæй искуыдæм хохы цъупмæ кæй фæлиддзæн. Бынтон та йæ уый мардта, æмæ йын йæ фыссæг-фыдыл дæр цъыф кæй калдтой, йæ фæллæйттæ йын дзыллæ, литературæ æмæ театры аккаг кæй нæ хуыдтой.
Фæскъæвда кæддæриддæр хур бон ракæны. Цыппар азæй фылдæры фæстæ цардæфхæрд сфæлдыстадон кусæгæн дæр райгуырæн бæстæйы зæххыл ныддæлгом уæвыны фадат фæци. Ницæй тыххæй бафхæрдта уый йæ чызджы, фæлæ йæм æрыздæхт, æмæ ма йæхимæ суанг, фыдбылызы кæй аххосæй бахауд, уыдонæн салам дæттыны хъару дæр ссардта. Балæууыд Гæлæуты Анатолийы фарсмæ – уый Аивæдты училищейы Ирон театры студи сарæзта æмæ уым актеры дæсныйад амонын райдыдта. Ахуыргæнæгæн нæ бæззын, зæгъгæ, уæзданæй дзырдта, фæлæ йæ йæ хъомылгæнинæгтæ тынг уарзтой йæ адæймагон æмæ профессионалон миниуджыты тыххæй.
…Ирон театры æмбæрзæн йæ куыстыл фæстаг хатт «саудыдта» 1995 азы. Уæд ма равдыстæуыд йæ спектакль Ходы Камалы пьесæ «Рухсанæ»-мæ гæсгæ.
«Дыууæ сæдæ спектаклы бæрц сæвæрдтон. Комедитæ бæргæ уарзтон, фæлæ мæ цард фылдæр драмæ æмæ трагедитæм здæхта. Амондджын уæвын цы у, зæгъгæ, мæ фæрсыс, æмæ зæгъын – бирæ йын нæ хъæуы. Зæрдæйæ æмæ удæй адæмимæ æнгом баст у, æмæ уый фаг у. Хорздзинад кæнынмæ арæхс, уымæй ма фæллай», – дзырдта Брытъиаты Зариффæ йæ царды фæстаг азты журналист Гокъоты Ксеняйæн. Йæ 80 азы бæрзæндæй акаст, æрæййæфта стыр советон паддзахады сæфт æмæ йемæ – культурæйыл гадзрахатæй рацæуыны заман. Ууыл куыдта æдзух йе ‘фхæрд зæрдæ. Йæ хъуыдытæ та-иу æй сценæмæ ахастой, йæ сæнтты актерты архайдмæ каст. Æмæ йæ миднымæр дзырдта: «Театр, ма ферох кæн дæ хъæбулы…»

#журналмахдуг #БрытъиатыЗариффæ
⚜️«Хурзæрин» - 100 азы

Газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин»-ы кусджыты фембæлд.
Галиуæй рахизæрдæм: Гасситы Моисей, Хуыгаты Уасил, Гобозты Валера, Нартыхты Гриша, Биазырты Роланд, Тедеты Виктор, Цгъойты Хазби, Цхуырбаты Юра, Малиты Хасан, Гæбæраты Тенгиз.

@XurZaerin
ÆМДУГОНЫ ХЪУЫДЫТÆ

Райгуырæн бæстæ адæймагæн Хуыцауæй лæвæрд вæййы, æмæ йæм уарзондзинады æнкъарæнты бындур та у патриотизм.
Патриотизмæн уæлдай стыр ахадындзинад вæййы цавæрдæр фыдæвзарæнты рæстæг, ахæм у ныртæккæ Сæрмагонд æфсæддон операци дæр. Уым нæ чысыл Ирыстон æмæ стыр Уæрæсейы рухс фидæны сæраппонд нæ лæппутæй бирæтæ басгуыхтысты: хистæр сержант Есенаты Таймураз; майортæ Датиты Алан, Абайты Юри æмæ булкъон Максим Стефанов та систы Уæрæсейы Хъæбатыртæ. Уæдæ не ‘хсарджын фыдæлтæ дæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты знагыл сæ патриотон æнкъарæнты руаджы фæуæлахиз сты. Ивгъуыд æнусы 90-æм азты цаутæ зæрдыл æрлæууын кæнгæйæ та цæстыты раз цыртдзæвæнау слæууы нæ лæппуты хъæбатырдзинад.
Фæлæ Уæрæсейыл акодта ахæм бонтæ дæр, дзырд «патриотизм»-æн йæ кад куы фæцудыдта цæстфæлдахджытæ æмæ мæнг патриотты руаджы. Уыцы фыдæхæй уæд Хуыцау Ирыстоны бахызта, уымæн æмæ ирон адæм æфсæддон лæгæн, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн рагæй нырмæ дæр стыр аргъ кæнынц. 
Æхсар, Сгуыхт æмæ Сæрибар – уыдон алы цæрæгæн дæр æнгом баст сты Райгуырæн бæстæ хæдбар, тыхджын, экономикон æгъдауæй хъомысджынæй уыныны æнкъарæнтимæ.  Хи равдисыны охыл æнæпайда ныхас кæныны дуг фæци, æрцыд бæлвырд хъуыддæгты рæстæг, æмæ уый æххæстæй зыны, Уæрæсейы разамынд царды цы политикæйыл хæст сты, ууыл. Уыимæ ныхас, кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæст æфсадыл нæ цæуы, фæлæ ма æхсæнады алы къабазы æнæзæрдæхудт фæллойыл дæр.
Ирыстоны Хицауад æмæ æхсæнадон организацитæ та хъуамæ патриотон зондахастæн ахæм уавæртæ саразой, цæмæй алчи дæр, исты худинаггæнæн хъуыддаджы размæ, йæхицæн зæгъа: «Æз ирон дæн, афтæ кæнын мын не ‘мбæлы!» Ныртæккæ ахæм гæнæн ис, уымæн æмæ, 1990-æм азты нæ паддзахад куы фæцудыдта, æмæ патриотизм æфхæрæн ныхасау куы сси, уæддæр нæ зæрдæ никæд сивтам нæдæр Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытыл, нæдæр йæ кад æмæ радæн йæхи бынаты удуæлдайæ архайджытыл…
Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыры Сыгъзæрин Стъалы у æфсæддон хæс æххæстгæнæджы иууыл уæлдæр хорзæх. Фидарæй нæ уырны, Таймураз, Алан, Юри æмæ Максимы сгуыхтдзинад цæвиттойнаг кæй суыдзæн Уæрæсейы мингай лæппутæн, уый.
Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны фæдыл мæ фæнды арфæ ракæнын, ацы кадджын бæрæгбонмæ бар чи дары, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Сымах стут Уæрæсейы, Ирыстоны ныфс æмæ хъару! Хуыцауы фæдзæхст ут!
                                                                                                    СУАНТЫ Станислав,
                                                                                                     инæлар-булкъон
#журналмахдуг #суантыстанислав #арфæтæ
Фыстӕг хӕсты быдырӕй

Куыд адджын дæ, цард! Фæлæ дæуæй адджындæр æмæ зынаргъдæр та – Фыдыбæстæ, Ныййарæг Мад, Сæрибар æмæ Рæстдзинад! Цы у цард æнæ ацы хæзнатæй: æнæрухс – бон, æнæхур – сæрд, æнæцин – бæрæгбон, æнæдон – суадон, æнæсыф – бæлас, æнæуд – дуне...
Фыссын Ирыстонмæ дард ранæй, фыссын уæм, мæ зæрдæйы уæлахизы  ныфсы цин хæсгæйæ, мæ риуы сымахмæ уарзондзинад уæ хæрзæбонтыл тухгæ æмæ Ирыстоныл уаргæйæ! Уый æрмæст æз нæ, фæлæ, уæлахизы бон чи хæстæгдæр кæны, уыцы хъæбатыр гуырдтæ иууылдæр. Алы адæмыхæттыты минæвæрттимæ уæхски-уæхск æрбалæугæйæ, нæ иу иннæмæн – ныфсы мæсыг, æфсымæр. Нæ цинтæ æмæ нæ зынтæ дæр – кæрæдзийыл уæрст.
Цæст æфсæддон операцийыл ахæсгæйæ, Ирыстоны хъæбулты æхсардзинад, сæрæндзинад уынгæйæ, зæрдæ байдзаг вæййы ирон лæджы кадджын номы цинæй! Нæ лæппутæ хъæбатырæй хъахъхъæнынц Райгуырæн бæстæйы арæнты æдасдзинад, удуæлдайæ тох кæнынц, аст азы дæргъы йæхи æмбæстæгты тухæнæй чи мардта, уыцы киеваг режимимæ.
Хъæуы рæстæг, цæмæй байгас уой уды хъæдгæмттæ. Хъæуы стыр хъарутæ, цæмæй, йæ цард ацы тохы нывондæн чи æрхаста Рæстдзинады æмæ Сæрибары охыл, уыдоны рухс нæмттæ хъуыды кæнгæйæ, ацы хъуыддаг кæронмæ ахæццæ кæнæм. Уый, æнæмæнг, афтæ уыдзæн.
Æз бузныг зæгъын сымахæн, нæ хистæртæ, нæ ныййарджытæ, нæ хотæ, нæ хæдзæртты фарн хъахъхъæнджытæ – нæ цардæмбæлттæ, нæ кæстæртæ, кæй разындыстут фæразон царды æмæ хъысмæты зындзинæдтæн, кæй ныффæрæзтат дуджы фæлварæнтæн æмæ ма мах дæр уæ уды хъаруйæ размæ кæй хонут, кæй нын кæнут фидардæр нæ ныфс.
Куыд ис ферох кæнæн, адæм стырæй-чысылæй сæ мæгуыр фæрæзтæй фронтæн цы стыр æххуыстæ бакодтой æмæ кæнынц, уыдонæн?! 
Куыд ис ферох кæнæн, нæ къухмæ ирон мыхуыры фæрæзтæ хæсты быдыры улæфты рæстæг куы райсæм, уæд нæм цы æнкъарæнтæ сæвзæры, уыдонæн?! Лæгыл ам хур кæд скæсдзæн, уый бæрæг нæй, фæлæ нæм кæддæрты «Рæстдзинад» æмæ  «Мах дуг» куы фæхæццæ вæййынц,  уæд нæ зæрдæтæ сæ  рухсæй байдзаг вæййынц, уымæн æмæ нæм нæ мадæлон æвзагыл дзурынц. Райсæм уæ фыстæджытæ дæр, дарæм сæ нæ риуы дзыппыты. Алкæмæн дæр уæ хицæнæй мæ сæрæй  ныллæг кувын æмæ уын Хуыцауæй курын: макуы фæриссæнт уæ зæрдæтæ! Нæ хæдзæрттæм нæ зæрдæтæ куынæ ‘хсайой, уæд махæн дæр ам нæ хъару дывæр кæндзæн.
Уæлахиз у, мæ Ирыстон! Уæлахиз у, мæ Фыдыбæстæ!
                                                                                         Остъаты Руслан – «Скиф»,                                                                     батальон «Алани»-йы командыгæнæг.

Ӕрмӕг рацыд "Мах дуг"-ы  2024 азы 2-аг номыры.

#журналмахдуг
#остъатыруслан
#фыдыбӕстӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Абон Ирыстоны кӕстӕрты раз фидар мӕсыгау чи лӕууы, фӕсивӕд сӕ зӕгъинӕгтӕ, сӕ риссаг фарстатӕ кӕмӕ хӕссынц, уый у Уататы Зелим.Зонынц, кӕй сӕ бамбардзӕн, кӕй сараздзӕн ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр, цы фарстатимӕ йӕм ӕрбацӕуынц, уыдон аскъуыддзаг кӕнынӕн.
Уымӕн ирд ӕвдисӕн уыд Фыййагдоны ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы фӕсивӕды минӕвӕртты фембӕлд "Стыр Ныхас"-ы сӕрдаримӕ. Зӕрдӕсаст сӕ фӕкодта, ӕрӕджы Фыййагдоны цы ӕбуалгъ хабар ӕрцыд, уый. Иннӕмӕй наркотиктӕ, хъылма парахатгӕнджытӕ дывӕр нӕ, фӕлӕ кӕнынц ӕртывӕр!
Бынтон сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕрӕджы социалон хызӕджы Фыййагдоны ӕмбырды фӕстӕ Уататы Зелимы ныхӕстӕ сзыгъуыммӕтӕгӕнгӕйӕ кӕй рахастой, уый дӕр! Ӕмӕ куыд нӕ смӕсты уой, кӕд ӕмӕ сӕхӕдӕг уыдысты уыцы ӕмбырды архайджытӕ - федтой рӕстдзинад!

Йӕ адӕмы хӕрзӕбонӕн Ирыстоны сӕрыл царвау чи батад, бахъуыды сахат та, 1992 азы ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр, тыхгӕнджытӕ Ирыстонмӕ алырдыгӕй пирӕны коммӕ лӕбурӕгау куы кодтой, уӕд йӕ риуӕмбӕрц сӕ ныхмӕ уӕндонӕй чи цыд, уый лӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ намысы хъуыддӕгтӕ кӕстӕртӕй рох кӕй не сты, уый бӕлвырд у.
Планерка!