ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"
571 subscribers
2.46K photos
901 videos
27 files
200 links
📚-Литературно-художественный и общественно-политический журнал РСО-Алания.
Нӕ бастдзинадӕн:

https://t.me/mahdugchat
Download Telegram
Абон Дзуджыхъӕуы Хетӕгкаты Къостайы номыл 13-ӕм скъолайы уыд Хетӕгкаты Къостайы номыл ӕрвылазон бакастытӕ.

Бындур ын бавӕрдта скъолайы раздӕры директор, дзӕнӕтыбадинаг Сӕлбиты Иринӕ. Арӕзт цӕуынц 15-ӕм хатт.

#журналмахдуг
Журнал "Мах дуг"-ы критикӕ ӕмӕ публицистикӕйы хайады сӕргълӕууӕг Тъехты Тамерлан архайдта Цӕгат Кавказы адӕмты поэзийы V межрегионалон фестиваль «Курские родники Дружбы"-йы. Уым уыдысты поэттӕ, журналисттӕ, публицисттӕ
Цӕгат Ирыстонӕй, Дагестанӕй, Цӕцӕнӕй, Мӕхъӕлӕй, Кӕсӕг-Балхъарӕй, Стъараполӕй.
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Алы ирон адӕймаджы дӕр фӕфӕнды Къостайы рухс номӕн исты лӕггӕдты бацӕуын, бабуц ӕй кӕнын, ирдӕй йын равдисын йе 'сфӕлдыстад, ӕнкъарӕнджынӕй йын рахӕссын йӕ сагъӕстӕ. Журнал "Мах дуг"-ы кусджытӕ дӕр сфӕнд кодтой ӕмзиууонӕй Къостайы ӕмдзӕвгӕ "Тӕхуды" бакӕсын! Бафӕлвар ды дӕр!

#журналмахдуг
#къоста #тӕхуды #бакӕсӕмиумӕ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ӕппӕтдунеон ӕхсӕнадон змӕлд "Иры Стыр Ныхас" Къостайы райгуырды 164 азы бонмӕ. Ӕмдзӕвгӕ "Хӕрзбон" кӕсы "Иры Стыр Ныхас"-ы мадӕлон ӕвзаг бахъахъӕныны ӕмӕ ахуырады фарстаты комитеты уӕнг Уримӕгты Людмилӕ.

#Ирыстырныхас
#журналмахдуг
#Къоста
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Ныфс
Хетӕгкаты Къоста
Кӕсы йӕ РЦИ-Аланийы адӕмон артист Битарты Алыксандр

#журналмахдуг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Сидзӕргӕс
Хетӕгкаты Къоста
Кӕсы-Моргуаты Ладӕ

#журналмахдуг #осетияирыстон
#къоста
Коста стал мессией, благодаря которому наш народ успел лишь в последнюю минуту вскочить на подножку поезда, увозящего человечество в XX век.

Его явление не поддается рациональному объяснению. Но я, как приверженец материалистического понимания истории и исходя из этой теории, нахожу лишь одно-единственное объяснение явлению Коста: подчиняясь универсальному для всей живой природы закону самосохранения, наш народ с громадной жаждой жизни и гигантским невероятнейшим усилием породил Коста и обрел в нём своё спасение.

Вспоминаются удивительные своей прозорливостью строки великого французского поэта П. Ж. Беранже:

"Если бы завтра земли нашей путь

Осветить наше солнце забыло,

Завтра же целый бы мир осветила

Мысль безумца какого-нибудь!”

Для нашего народа Коста оказался именно тем безумцем, который обогрел его и осветил его путь, и дал ему, по образному выражению В. Абаева "путевку в жизнь”.

Леонид Кочиев, 12.07.2021
Заслужи нагрудный знак Æ-тест!

Ко дню рождения Хетæгкаты Къоста на сайте ОО "Ирон Федерация" www.ironfed.ru вновь запущено он-лайн тестирование на знание осетинского литературного языка "Æ-тест".
ПЕРВЫЕ 1000 человек!!!, успешно прошедшие тестирование вновь получат именные награды от имени Миннаца РСО-Алания - нагрудные знаки отличия "Æ-тест" - литой металлической осетинской буквы "æ" в золотом, серебрянном или бронзовом исполнении (в зависимости от результата тестирования) и именные удостоверения к ним.
Тестирование проводится третий год подряд. В 2019-2022-х годах его прошли свыше  18 тысяч человек. География участников охватывает многие субъекты РФ, Турцию, США, страны Западной Европы и бывшего СССР.
Правовое сопровождение мероприятия осуществляет АНО "Республиканский центр правовой поддержки "Аттикус".
В этом году также добавлен новый блок тестовых вопросов.

Тестирование можно пройти по ссылке:  https://ironfed.ru/ae-test/

Наши каналы в Телеграм:
https://t.me/ironfederacy

https://t.me/centeratticus
Знон, Къостайы райгуырды 164 азы бонмӕ Стъараполы цӕрджытӕ бабӕрӕг кодтой поэты цыртдзӕвӕн ӕмӕ йын ссардтой йӕ ном.

Стъараполы диаспорӕйы сӕргълӕууӕг у Уататы Тамерлан. Ахӕм мадзӕлттӕ сӕм йӕ хъӕппӕрисӕй арӕх вӕййы! Бӕстон куыст цӕуы фӕсивӕдимӕ дӕр!
Бирӕ уын бантысӕд!

*Къоста Стъараполы*

1871-æм азæй 1881-æм азмæ Къоста ахуыр кодта Стъараполы  гимназы. Уæды рæстæгæй йын баззадис дыууæ ирон æмдзæвгæйы æмæ иу уырыссаг.


#журналмахдуг
#къоста
👇👇👇
1891-æм азы июны Къоста йæ æмдзæвгæты тыххæй æрвыст æрцыд Терчы облӕстӕй. Къоста ацыд Лабæмæ, йæ фыды хæдзармæ, æмæ дзы фæцис дыууæ азы. 1893-æм азы Къоста ацыд Стъараполмæ æмæ дзы газет «Цæгат Кавказы» кусын байдыдта. Уым фæкуыста 1897-æм азы онг, æмæ уыцы рæстæджы йæ ном тынг ахъæр ис. 1895-æм азы «Цæгат Кавказы» рацыд йæ уырыссаг æмдзæвгæты æмбырд. Стъараполы уæвгæйæ Къоста туберкулезæй фæрынчын ис. Уый тыххæй йын сарæзтой дыууæ операцийы, фæлæ йæ низ не ’рлæууыд. Дыккаг операци æрцыдис Бетъырбухы, æмæ уый фæстæ Къоста æхсæз мæй уатæй нæ сыстад. 1898-æм азы æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ йæ низæн хос кæнын уым адарддæр кодта.

Æрвыстæй рыздæхгæйæ Къоста байдыдта кусын Стъараполы «Цæгат Кавказы», фæлæ йæ низы тыххæй йæ тыхæтæ фæуд кодтой, æмæ 1901 рыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Дзæуджыхъæуы Къоста хайад иста культурон цауты, ныв кодта, фæндыд æй ныв кæныны скъола бакæнын æмæ газет «Хъазыбеджы» редактор суын. Фæлæ уыцы фæндтæ низы тыххæй нæ сыххæст сты.

Къоста амардис 1906-æм азы 19-æм мартъийы, Лабæйы. Фæстæдæр ын йæ ингæн рахастой Дзæуджыхъæумæ, Сыгъдӕг Мады Майрӕмы Ирыхъӕуы аргъуаны  кæрттмæ.