IRON ARGHAW
930 subscribers
1.21K photos
437 videos
368 files
324 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Рагон æмæ нырыккон ирон æгъдæуттæ. 2008 аз.

Чиныгмæ хаст æрцыдысты Къарджиаты Бекызæйы цымыдисаг этнографион очерктæ æмæ этюдтæ рагон ирон æгъдæутты тыххæй, стæй 2007 азы Цхинвалы æппæтирон адæмы 6-æм радон съезд нырыккон ирон æгъдæутты тыххæй цы къаннæг чиныг сфидар кодта, уый.
Цаллаев Х.К. Традиции и обычаи осетин. 1993 г.

От редактора.
Традиции и обычаи осетин.
Понятия «традиция» и «обычай».
Обычай гостеприимства (история и современность).
Осетинская свадьба.
Похоронные обряды.
Традиционные представления осетин о религии.
Заключение.
Раздӕр хӕйрӕджытӕ ӕргом цыдысты. Мӕхиуыл ӕрцыд ахӕм цау. Нӕ сывӕллӕттӕн тебӕйы фыхтон картӕфтӕ. Хӕринаг куы сцӕттӕ, уӕд сӕ къусӕй ӕрӕмбӕрзтон, мӕхӕдӕг нӕ сыхӕгтӕм бауадтӕн (сывӕллӕттӕ уым хъазыдысты). Цас рӕстӕг рацыдаид, нӕ зонын, фӕлӕ нӕхимӕ куы ӕрбацыдыстӕм, уӕд кӕсын, ӕмӕ мӕ тебӕ йӕ бынаты нал ис. Сывӕллӕттӕн ӕхсыр ӕмӕ нартхоры кӕрдзын бахӕрын кодтон ӕмӕ схуыссыдысты. Мӕхӕдӕг дӕр мӕхи хуыссӕныл ӕруагътон, фӕлӕ нӕ фынӕй кӕнын, тӕрсын цӕмӕйдӕр. Ӕхсӕв мыл куыд атахт, уый зонгӕ дӕр нал бакодтон.
Райсомӕй нє дыууӕ гыццыл роды хизынмӕ атардтон. Обауы цурмӕ куы бахӕццӕ дӕн, уӕд кӕсын, ӕмӕ - къудзиты мӕ тебӕ. Фыццаг ӕм нӕ уӕндыдтӕн хӕстӕг бацӕуын, фӕлӕ мӕхи фӕныфсджын кодтон ӕмӕ йӕ систон. Ӕвнӕлд ӕм ӕппындӕр нӕ уыд, кардӕй картӕфтӕ куыд змӕстон, афтӕ кард дӕр тебӕйы хуылфы лӕууыд. Кӕд мын исчи кӕлӕнтӕ скодта, зӕгъгӕ, ахъуыды кодтон ӕмӕ тебӕ хӕдзармӕ нал ахастон.
Фӕстӕдӕр ацы хабар радзырдтон, нӕ хъӕугӕроны цы зӕронд дӕсны ус цардис, уымӕн. Уый мын загъта, дӕ хӕринаг, дам, дын хӕйрӕг ахаста, фӕлӕ тебӕйы кард кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзы комдзаг дӕр нӕ акодта.

Радзырдта йӕ 60-аздзыд сылгоймаг Дзугкойты Заретӕ. Ныффыстой йӕ Дзуццаты Амыран ӕмӕ Колоты Зӕирӕ, Дзӕуджыхъӕу, декабрь, 1992 аз
.
#хӕйрӕджыхабӕрттӕ
Хъуыссӕты Илас.
Рагӕй дӕр хохы цӕрӕг адӕм зын уавӕрты цардысты. Дардтой бирӕ лыстӕг фос. Зымӕг сӕ тардтой Хъызлары быдыртӕм, Науырмӕ, Чъерлонмӕ. Рес ӕмӕ Тъеп иу хъӕуыл нымад уыдысты. Фосджын адӕм-иу иумӕ бамбал сты ӕмӕ-иу сӕ фос атардтой зымӕгиуатгӕнӕн бынатмӕ.
1911—1912 азты Хъалӕгатӕ ӕмӕ Хъуыссӕтӕ сӕ фос ратардтой Къарногъайы быдыртӕм. Хъуыссӕты Илас уыд фидӕрттӕарӕзт, фӕтӕнуӕхск, йӕ тӕккӕ кары чи бацыд, ахӕм лӕппу. Чъелоны хидыл куы ахызтысты, быдырты куы аздӕхтой сӕ фосы дзугтӕ, уӕд фӕзындысты абырджытӕ, сӕ фосӕй сын ауыгътой бричкӕмӕ ӕмӕ уартӕ фӕцӕуынц. Илас йе ’мбӕлтты афарста, чи сты ӕмӕ цы кусынц, зӕгъгӕ.
— Абырджытӕ сты, ӕрвылаз дӕр нын афтӕ кӕнынц, сӕ быдыртыл цӕуӕггаг хай ӕрцагурынц.
— Мӕ фыд Уасджейы уындӕй ӕнӕхай фӕуон мӕрдты, ӕз Тыр- сыйы далысты куы ныууадзон ацы джауыртӕн.
Басырдта сӕ, сгӕпп кодта бричкӕмӕ ӕмӕ фысты ракалдта. Зӕхмӕ куы ’ргӕпп кодта, уӕд абырджыты хистӕримӕ хъӕбысхӕсты бацыд, амардта йӕ. Иннӕтӕ лидзӕг фесты.
Илас йӕхи радта милицӕмӕ. Хӕрзгӕнджытӕ йын фӕци ӕмӕ йӕ рауагътой. Хохмӕ йӕ хъӕбатырдзинад куы сыхъуыст, уӕд ыл зарӕг скодтой ӕмӕ ма йӕ абон дӕр зарынц.

Туаты Гӕлӕу. «Зӕрдӕйы зӕлтӕ». 2004 аз. 290
#иронтаурӕгъ
БӔГӔНЫЙЫ ЗАРӔГ.

Уӕлӕ хохӕй цъиу ратахти
Ӕмӕ дыргъдонмӕ куы ныззылди,
Дыргъбыны бӕласыл бабадти.
Хуымӕллӕджы мӕцкъортӕ бахордта,
Уый, дам, йӕ сӕрмӕ бацыди,
Ӕмӕ бӕласӕй рахаудта.
Мӕгуыр сугдзау ӕй куы ссардта.
Мӕнӕ, дам, диссаг, ӕмбисонд! Сатанамӕ йӕ бахаста,
Уый, дам, ӕй артмӕ батавта. Мӕгуыр цъиу омынтӕ байдыдта, Хуымӕллӕджы мӕцкъортӕ фӕкалдта.
Мӕнӕ, дам диссаг, ӕмбисонд! Сатана хохмӕ арвыста, — Уырдыгӕй йын зад куы ’рхастой, Уымӕй бӕгӕны куы скодта,
Бӕгӕны та сау бӕгӕны,
Сау бӕгӕны, сой бӕгӕны!
#иронзарӕг
АРАХЪХЪ.

Раджы хæйрæг æмæ лæг лымæнтæ скодтой. Иубон хæйрæг лæгæн афтæ зæгъы.
Кæд мæ хæлар дæ, уæд дын æртæ дзырды зæгъдзынæн æмæ дын дзы иу æнæ бакæнгæ нæй.
— Зæгъ, — загъта йын лæг, — цæттæ дæн.
Хæйрæг афтæ зæгъы:
— Йе дæ мад æмæ дæ фыды фæнæм, йе лæг амар, йе арахъхъ бануаз.
Лæг ахъуыды кодта æмæ афтæ зæгъы:
— Мад æмæ фыды фæнæмын стыр тæригъæд у, лæг амарын дæр афтæ, фæлæ арахъхъ бануазын цы хъыгдары?
Райста æмæ арахъхъ бануæзта æмæ æртæ тæригъæды дæр ракодта: расыгæй йæ мад æмæ йæ фыды фæнадта, лæг дæр амардта æмæ арахъхъ дæр бануæзта.

#таурӕгъ
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Спектакль "Сӕтти ӕмӕ Бӕтти"-йӕ скъуыддзаг, 1996 аз.
Актёртӕ Саламты К., Бирӕгъты Н.

#иронтеатр
Forwarded from Mikhoshka
Цейской осени в ленту! Доброе утро 🧡
МАРД ӔНӔ САУДЖЫН МА НЫГӔНУТ.
Тырсымӕ сауджын бакодтой ӕмӕ сын загътой, мард, дам, ӕнӕ сауджын ма ныгӕнут. Хорз, зӕгъгӕ, сын загътой. Сауджыны уым ныууагътой. Уыдон бавдӕлдысты, ӕмӕ дзы фыццаг чи амард, уый сауджынимӕ баныгӕдтой.
Уыйфӕстӕ сӕм ныццыдысты ’мӕ сӕ фӕрсынц:
— Цы фӕци нӕ сауджын?
— Афтӕ нӕ загътат, зӕгъгӕ, мард ӕнӕ сауджын ма ныгӕнут. Гъемӕ нӕ иу амард ӕмӕ йӕ уыимӕ баныгӕдтам.

72-аздзыд ӕнахуыргонд Касаты Къолайы ныхӕстӕй сӕ 22 июлы, 1967 азы Суатьисы ныффыста Цагъаты Анастасия.
#таурӕгъ
Forwarded from The Lampæ
Ирон клуб. Цыппурсы мӕйы 13 бон хонӕм уӕ Лампӕмӕ ахъазынмӕ пантомимæйæ.

Дзурдзыстӕм, хъаздзыстӕм ӕмӕ цай цымдзымстӕм.

Уемӕ ракӕнут уе 'рдхӕртты. Кӕд уын ничи бакома, уӕхӕдӕг иу рацӕут😙
Бацæуæггаг 400₽
Иры номдзыд чызг. 1990 аз.

Кочысаты Розæ. Уацмыстæ. Розæйыл фыст уацтæ, æмдзæвгæтæ, нывтæ, æнæуый æрмæджытæ.
Ирон æвзагыл дзурын ахсджиаг цæмæн у? Чи архайы йæ рапарахат кæныныл? Ноджы æндæр фарстатæ нæ абоны программæйы.
Студийы уазджытæ: ирон æвзаджы курсытæ саразджытæй иу — Дарчиты Хетæг æмæ йæ чысыл ахуыргæнинаг Хæмæтхъуаты Аминæ.

https://www.youtube.com/watch?v=qw7Nw2QpGNc