Ирон филологийы факультет
279 subscribers
200 photos
100 videos
37 links
РЦИ-Аланийы Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты информацион сыф.
Download Telegram
📚29-æм мартъийы ЦИПУ-йы Ирон филологийы факультеты студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ кусæн балцы уыдысты Хуссар Ирыстоны, бацархайдтой Тыбылты Алыксандры номыл арæзт наукон-практикон конференцийы.

🔼Конференци бацæттæ кодтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæндтæ. Мадзалы архайдтой æвзаг æмæ литературæ иртасджытæ дунейы алы бæстæтæй.
Цымыдисаг темæтыл раныхас кодтой мадæлон æвзæгты уавæрыл, уыимæ докладты фылдæр хай уыдысты ирон æвзаг æмæ йæ дарддæры рæзтимæ баст.

✔️Ирон филологийы факультеты студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ бацæттæ кодтой мидисджын докладтæ ирон æвзаджы теори æмæ методикæйæ. Конференцийы архайджытæ куыд баныхас кодтой, афтæмæй Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны студентты бастдзинад хъæуы тыхджындæр кæнын, арæхдæр аразын, студентты наукон-иртасæн куыст цырддæр чи кæны, ахæм мадзæлттæ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
😎Куыд уыди,уый æрхъуыды кæнæм!
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Æpæджы ХИПУ-йы ирон филологи æмæ РАМП-ы факультеты «Актерон Аивад»-ы дæсныйады студенттæ равдыстой ЦИПУ- йы ахуыргæнинæгтæн сæ дипломон спектакль «Горæттаг усгуртæ».
Мах бафарстам нæ студентты спектаклы цы фæлгонцтæ æвдыст æрцыдысты, уыдонæй сæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыди.
Байхъусут сын сæ дзуæппытæм😊
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
☀️Уæ райсом хорз!

🌷Ирон фиологийы 2 курсы студенткæ Бæройты Миланæ кæсы йæхи фыст æмдзæвгæ
Forwarded from IrystonTV
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🪶 Научные стендапы, конференции и выступления выпускников. Дни науки в СОГУ открыли на факультете осетинской филологии.

📖 Там презентовали роман Гайто Газданова "Вечер у Клэр" на родном языке. Перевела произведение доцент кафедры Фариза Бежаева. Студентам рассказали о ее предыдущих работах и проектах.

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🙂24-æм апрелы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты дæр байгом Наукон конференцитæ, докладтæ æмæ студентты раныхас.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты дæр байгом наукæйы бон. Бæрæгбон райдыдта Гæздæнты Гайтойы роман «Вечер у Клэр»-ы ирон æвзагмæ тæлмацыл ныхасæй («Изæр Клэрмæ»). Чиныг мыхуыры рацыд Дзгойты Валерий æмæ Пухаты Оледжы – æхсæнад «Гæздæнты Гайтойы хæлæрттæ»-йы уæнгты хъæппæрис æмæ фæлхасæй Мæскуыйы, фыссæджы 120 азы юбилеймæ. Уымæй размæ, 2021 азы, фыссæджы 50 азы мысæн бонмæ, ирон æвзагыл рацыд йæ зындгонддæр роман «Призрак Александра Вольфа» («Алыксандр Вольфы æндæрг»). Дыууæ романы дæр ирон æвзагмæ ратæлмац кодта ирон филологийы факультеты, ирон литературæйы кафедрæйы доцент Безаты Фаризæ, уымæ гæсгæ йын лæвæрд уыд фыццаг ныхасы бар.

👍Тæлмацгæнæг раарфæ кодта, чингуытæ рухс кæй фæрцы федтой, уыдонæн, дарддæр бæрæгбоны архайджытæн радзырдта Гайтойы цардæй цымыдисаг цаутæ, базонгæ сæ кодта фыссæджы сфæлдыстады хæдхуызадимæ, тæлмацыл куыстмæ домæнтимæ, тæлмацы сусæгдзинæдтимæ.

📌Цымыдисаг, æхсызгон æмæ пайдайаг уыд студентты-чиныгкæсджыты æххуысæй иллюстрацигонд æрмæг – оригинал æмæ тæлмацы текстты абарст.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👩🏻‍🏫14 майы ЦИПУ-йы ацæудзæн глобалон диктант ирон авзагæй

Мадзалы бацархайынмæ хонæм æппæт студентты дæр

Æнхъæлмæ уæм кæсæм 11 сахатыл ахуырадон æxcæнады залы!
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
☁️Уæ бон хорз!

Мах та нæхи диктантмæ цæттæ кæнæм!
✏️ Ирон æвзагыл Глобалон диктант ныффыссын кæй фæнды?!

📺 Диктант æвдисынц Триколоры 825-æм, Ростелеком, Глобал-Алания æмæ Видеолайны 21-æм каналтыл.

Ноджы ма йæ фыссæн Ис сайт, стæй каналты:

📆 14-æм майы
🕚 11:00
💬 t.me/irystontv
💙 vk.com/irystontv
📺 youtube.com/@iRYSTONTV
📺 iryston.tv
Диктант æрвитут ацы адрисмæ:

d.globalon15@mail.ru
Forwarded from dzarasovv
Начнём с лекций.

Первая лекция — доцента МГУ, заведующего сектором Иранского языкознания (а осетинский принадлежит к иранской группе языков) Беляева Олега Игоревича.

В лекции описывается осетинский язык в целом, приводится историческая справка, основные сведения о грамматическом строе и лексическом фонде языка, информация о носителях и диалектах, первых учёных-исследователях осетинского языка и многое другое. Лекция отлично подойдёт как слушателям, уже знакомым с осетинским языком, так и тем, кто ранее с ним не сталкивался.

Ссылка на лекцию
Forwarded from dzarasovv
Вторая лекция — доктора филологических наук, доцента кафедры романо-германских языков СОГУ Дзаховой Вероники Тамбиевны.

Лекция охватывает фонетическую сторону осетинского языка — даётся характеристика фонологической системы, затрагиваются проблемы и методы описания осетинских гласных и согласных (в частности абруптивных) звуков. Лекция представляет собой интерес как для студентов-лингвистов, так и для неподготовленного слушателя.

Ссылка на лекцию