Израилы парламенты депутат Тали Готлиб сиды, цӕмӕй ӕркастӕуа ХАМАС-ы ныхмӕ ядерон хотых спайда кӕныны фарстамӕ
🤯7🔥2
13 октябры Вахтанговы хӕдзары (Дзӕуджыхъӕу) уыдис дыгурон поэзийы изӕр
👍11❤4
Forwarded from ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🔥11❤5👍4
🇮🇱 🇵🇸 Израилы хъахъхъӕнынады министры ныхасмӕ гӕсгӕ, Газӕйы секторы цы хӕстон операци райдыдта, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ ахӕсса ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ йӕ фӕстиуӕгӕн ХАМАС хъуамӕ ӕрцӕуа бындзагъд.
😱6
🇱🇰 Шри-Ланкæйы хицауад уæрæсейæгтæн лæвар визæ дæттыны тыххæй уынаффæ сфидар кодта.
The Times of India
Sri Lanka announces free visa scheme for India, China, Russia - Times of India
South Asia News: The Sri Lankan government announced a free visa scheme for seven countries including, India, China, Thailand, and Russia. On the social media platform
👍7❤1
Рамзан Кадыров хъавы сӕ бынӕттӕй уӕгъд кӕнынмӕ уыцы цӕцӕйнаг чиновникты, сӕ цот мадӕлон ӕвзаг кӕмӕн нӕ зонынц.
Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ мемӕ чи кусы, уыдоны цот нӕ зонынц цӕцӕйнаг ӕвзаг. Ахӕмты ӕз райдайдзынӕн мӕ командӕйӕ ӕдде кӕнын. Фыццаджы-фыццаг сывӕллӕттӕн сӕ мадӕлон ӕвзаг хъуамӕ амоной сӕ ныййарджытӕ. Рӕвдауӕндӕтты ӕмӕ скъолаты сын амонынц уырыссаг ӕвзаг, ӕмӕ ныййарджытӕ дӕр ахӕм уавӕрӕй разы сты. Сывӕллӕттӕ суанг хъуыды кӕнын дӕр райдайынц уырыссагау. Цӕцӕйнаг ӕвзагыл чи нӕ дзуры ӕмӕ нӕ хъуыды кӕны, ахӕм фӕлтӕрӕн фидӕн нӕй.
👍19
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🇳🇮 Никарагуайаг Шейнис Паласиос сси дунейы тæккæ рæсугъддæр сылгоймаг (Miss Universe).
👍8😁3❤2
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Йемены хуситӕгтӕ Сырх денджызы цӕуӕг уӕзласӕн нау «Гелекси лидер» куыд байстой, уый ӕвдисӕг видео.
Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ науы хицау у израилаг амалиуӕгдар.

👍9😁2
Ӕрӕджы мыхуырӕй рацыдис зындгонд фӕсарӕйнаг фысджыты ирон тӕлмацты чиныг
Чиныгкӕсджытӕ зӕрдиагӕй бакӕсдзысты Джек Лондоны, Эрнест Хемингуэйы ӕмӕ Проспер Меримейы радзырдтӕ ӕмӕ уацаутӕ.
Ирон ӕвзагмӕ сӕ раивта Хестанты-Бутаты Победӕ.
Чиныджы ис
Лондоны уацмыстӕ: «Фыдӕлты сидт», «Мексикӕйаг», «Сылгоймаджы лӕгдзинад» ӕмӕ «Уарзондзинад цардмӕ»;
Хемингуэйы уацау «Зӕронд лӕг ӕмӕ денджыз»;
Проспер Меримейы хъуыстгонд новеллӕ «Маттео Фальконе».

👍17
⚡️Владимир Путин фехъусын кодта, Уæрæсейы президенты бынатмæ 2024 азы æвзæрстыты кæй архайдзæн, уый.
🤬7😁6😢5👍3👎3🙏3🤔1
Мыхуырæй рацыд Таматы Таймуразы чиныг «Æгъдæуттæ, уагæвæрдтитæ æмæ фæткитæ». Дыккаг æххæстгонд рауагъд.
Куысты фыццаг рауагъд рухс федта 2005-æм азы. Йæ рецензенттæ уыдысты историон зонæдты доктор Бзарты Руслан æмæ педагогон зонæдты кандидат Бирæгъты И.И.
Чиныджы аннотацийы фыст ис:
В книгу вошли записи и рассказы старейшин, архивные источники, а также уникальный материал собственных наблюдений автора.
Книга рассчитана на широкий круг читателей: учащихся и студентов научных работников, представителей осетинских диаспор в разных уголках мира и тех, кому дорого и интересно культурное наследие осетинского народа.

👍10
Тагъд рæстæджы дунейы рухс фендзæн Даниел Дефойы (1660–1731) зындгонд уацмыс иронау
Роман «Йæ цард æмæ йе ʼнахуыр æнæфенгæ цаутæ Робинзон Крузойæн» 1930-æм азты ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Тогуызты Газакк (Илас Æрнигон).
Текст нырыккон ирон графикæмæ раивта, чиныгæн фæлындæн æрмæг равзæрста, разныхас ныффыста æмæ фиппаинæгтæ бацæттæ кодта Косты Лизæ.
Йæ тираж у 1000 экземпляры.
Чиныг саразæг Косты Лизæ йæ разныхасы фыссы:
«Ацы чиныг кæсгæйæ адæймагæй ферох вæййы, текст оригиналон кæй нæу, фæлæ ирон æвзагмæ ивд кæй у, уый. Афтæмæй та чиныг æппындæр ирон цардмæ ницы бар дары, стæй ма уыимæ æндæр æвзæгтæй æрбайсгæ дзырдтæй дæр йемыдзаг у. Фæлæ уыцы арæзтадон æрмæгæй тæлмацгæнæг афтæ арæхстджынæй архайы, ахæм хуызджын нывтæ дзы аразы, æмæ сæм чиныгкæсæг кæсынæй не ʼфсæды. Мæнæ бафтыди уацмысы персонаж йæ фыдæвзарæн фæндагыл цавæрдæр дæлзæххон лæгæтмæ, „йæ бын хус æмæ лæгъз, лыстæг змисæй æмбæрзт. Нæдæр дзы хъуынайы тæф, нæдæр дзы уымæлы кой, нæдæр дзы æлгъаг хилæгойты æмæ маргджын зулчъыты фæд“. Афтæ — хиуылхæцгæ æмæ дзаджджын, хуызджын æмæ нуарджын æвзагæй — нывгонд цæуынц æнахуыр бынаты уавæр æмæ æууæлтæ. Уыцы ран Робинзон бамбæлы йæ фыр зæрондæй мæлæтон удхæрттæ æвзарæг хайуаныл æмæ талынджы фыццаг фæтæрсы уымæн, комкоммæ йæм чи кастис, йæ уыцы дыууæ судзаг цæстæй — „уыдон æрттывтой стъалытау, æдде сæм цы мæнг боны рухс хæццæ кодта, уый фæстæмæ сæхицæй æппаргæйæ“. Цымæ ма нæ мадæлон æвзагыл уымæй хуыздæр равдисæн ис адæймаджы мистикон тас цавæрдæр æбæрæг уавæры, стæй, ацы ран кæуыл дзырдæуы æмæ уырыссагау „отраженный свет“ кæй хонынц, уыцы фæзынд? Æмæ, дæсны тæлмацгæнæджы дисæфтауæг арæхстдзинад уæлдай тынгдæр кæм разыны, ахæм зæрдæмæхъаргæ бынæттæ ацы чиныджы иу æмæ дыууæ нæй. Уырны, искуы сыл æнæмæнг къæрцхъус æмæ уынаг кæсджытæй исчи бæстон æрдзурдзæн».

👍15🔥7
Forwarded from Ирон филологийы факультет (eveliishka)
🕯 18 мартъи-ирон ахуыргонд-филолог Абайты Васойы мысӕн бон.
❗Абайты Васо фӕцард 101 азы. Йӕ номимӕ баст у ӕнӕхъӕн дуг лингвистикӕ ӕмӕ иранистикӕйы.
🥀 Йӕ цардӕй ахицӕн 2001 азы мартъийы ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Дзӕуджыхъӕуы Ирон Аргъуаны Пантеоны Хетӕгкаты Къостайы ингӕны фарсмӕ.
#ИронФилфак
#ЦИПУ

❤8🔥5
Forwarded from СапÆ
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Елхотӕй Кӕрдзынмӕ фӕндаджы 100 метры доны бын фесты
🔻 Тыхджын уарынты аххосӕй Кировы районы къуыбыртӕй ламидон рацыд ӕмӕ Елхотӕй Кӕрдзынмӕ фӕндаджы 100 метры йӕ быны фӕкодта.
Доны лӕсӕнтӕ рацыдысты федералон трассӕ «Кавказ»-ы Р-217 хайы 515 километрыл.
➡️ Фӕндагон службӕты специалистты ныхӕстӕм гӕсгӕ, дон тагъд ацӕудзӕн ӕмӕ уӕд бавналдзысты фӕндаг сыгъдӕг кӕнынмӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Доны лӕсӕнтӕ рацыдысты федералон трассӕ «Кавказ»-ы Р-217 хайы 515 километрыл.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
😢5😱3❤1
Forwarded from СапÆ
Республикӕйы сӕйраг заз бӕлас акалдзысты ӕмӕ йӕ бырондонмӕ арвитдзысты
🔻 Йӕ хъазӕнтӕ ӕмӕ цырӕгътӕ йын систой. Стыр 30-аздзыд бӕлас ныххырхдзысты ӕмӕ йӕ аласдзысты быгъдонмӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны горӕты администраци.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👎6