Газет «Хурзæрин»
873 subscribers
5.29K photos
994 videos
1 file
3.6K links
Хуссар Ирыстоны зӕронддӕр ӕхсӕнадон-политикон газет ирон æвзагыл.
Цӕуы 1924 азы 1 январӕй.

Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.


@XurZaerin
Download Telegram
Ф у т б о л
#Спорт

Тагъд райдайдзæн футболæй Уæрæсейы фыццаг дивизионы чемпионат. Дзæуджыхъæуы «Алани» фыццаг хъазт акæндзæн 15-æм июлы «Уфа»-имæ. Ног сезонмæ командæйы цæттæ кæны тренер Бететы Сослан. Фæлæ журналист Сергей Ильев куыд хъусын кæны, афтæмæй Бетейы фыртæн нæй лицензи æрмæст PRO-йæ нæ, кæцы æнæмæнгхъæуæг у фыццаг дивизионы сæйраг тренерæй кусынæн, фæлæ ма «А» дæр, кæцы хъæуы, цæмæй ассистент…

https://xurzarin.ru/?p=50338
Уыдзæн Плиты Иссæйы номыл полк
#Номарæн

Плиты Иссæйы номыл полк арæзт æрцæудзæн батальон «Шторм. Осетия»-йы бындурыл. Уый тыххæй хицауады аппаратон æмбырды фехъусын кодта Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

«Цæгат Ирыстонæй бирæ лæппутæ ацæуынц сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ æндæр регионтыл, æмæ сæ арвитынц алы æмæ алы здæхтытæм. Уый фæстæ сæхиуæттæ фæдомынц, цæмæй сæ раздахой се ‘мзæххонтимæ службæ кæнынмæ. Афтæмæй ныридæгæн…

https://xurzarin.ru/?p=50340
Фыдæлтæй рахæсгæ куыстуарзондзинад
#Æхсæнад

Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй сæ иу Гнугъгом у. Ардыгæй хуыздæр цардагур ралыгъдысты йæ ныййарджытæ Хуыбиаты Алиханæн. Уыдысты æхсæз фырты мад æмæ фыд, фæлæ æваст дыууæ уарзæгой æмкъайы амонд фескъуыд – трагикон æгъдауæй бабын хæдзары хистæр. Царды уæз æрæнцад мады уæхсчытыл, фæлæ сæрæн сылгоймаг бафæрæзта зындзинæдтæн æмæ сыл уæлахиз кодта. Йæ хъæбултæй алчи дæр æрлæууыд йæхи…

https://xurzarin.ru/?p=50342
БРИКС-ы бæстæты хъæзтыты призертæ
#Химæрайст

Куыд зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстоны спортсментæ хайад истой БРИКС-ы бæстæты спортивон хъæзтыты. Нæ лæппутæ уым сæхи равдыстой аккагæй – рамбылдтой фондз призон бынаты. Æртæ – уæгъдибар хъæбысхæстæй æмæ дыууæ та боксæй. Ерыстæй хъæбысхæстæй æвзист майдан æрхаста Зассеты Азæмæт, йе ‘фсымæр Алан та райста бронзæ майдан. Хъæбысхæстæй бронзæйы призер у Джиоты Азæмæт дæр. Боксертæ Гæ­джиты

https://xurzarin.ru/?p=50344
Фидауынгæнæг тыхтæ биноныг кодтой стабилондзинад æмæ сабырад
#Æхсæнад

Æрвылаз 14 июлы Хуссар Ирыстон нысан кæны йæ ног историйы ахсджиаг бæрæгбонтæй сæ иу – Фида-уынгæнæджы бон. Ацы бон стыр бон у нæ бæстæйæн, уымæн æмæ уыдон уыдысты нæ зæххыл сабырад æмæ фидыдад биноныггæнджытæ.

1992 азы 14 июлы гуырдзиаг-ирон хъаугъа æрбæстон кæныны сæйраг принципты бындурыл сразыдзинадыл сæ къухтæ бафыстой Уæрæсе, Гуырдзыстон, Цæгат æмæ Хуссар…

https://xurzarin.ru/?p=50346
Дзукъаты Ланæ: Зарæг «Ирыстон» ныффыстон мæ фыны
#Культурæ

Ирыстон кæд чысыл у, уæддæр хъæздыг у курдиатджын, ӕвзыгъд адӕймӕгтӕй. Се ‘ппæты сын куы нымайæм, уæд æгæр бирæ уыдзысты, фæлæ мæ фæнды иу курдиатджын чызджы фæлгондз раргом кæнын. Уый у хи зарджыты автор ӕмӕ ӕххӕстгӕнӕг Дзукъаты Ланӕ. Канд Ирыстоны нӕ, фӕлӕ ма ӕгас Кавказы дӕр Ланæйы уарзынц, уӕлдай дӕр та йӕ уӕздан, профессионалон вокалы

https://xurzarin.ru/?p=50350
Æнтыстджын дохтыртæ стыр ном æмæ кад кæнынц ирыстонæн
#Не_мзæххонтæ

Æвзонг, перспективон дохтыр Тъуриты Артур æнæнхъæлæджы адæймаг нæу медицинæйы. Уый æнтыстджынæй операцитæ аразы Мæскуыйаг областон онкологион диспансеры. Тъурийы фыртмæ ис фаг зонындзинæдтæ æмæ егъау практикæ – æрмæст йæ куысты фæстаг азты уый сарæзта 792 операцийы, 1500 операцийæн та уыд ассистент, ныммыхуыр кодта 46 зонадон куысты. Фæлæ иууыл сæйрагдæр та у йæ професси кæй уарзы,

https://xurzarin.ru/?p=50348
Дизайнер йæхи цæттæ кæны ног конкурсмæ
#Æхсæнад

Хуссарирыстойнаг хуыйæг-дизайнер-модельер Бекъойты Хох ныридæгæн йæхи цæттæ кæны æхсæнадæмон конкурсмæ. Уый ацæудзæн проект «Россия-Латинская Америка: дизайн сквозь континенты»-йы фæлгæтты 21-æм июлы Мæскуыйы. Ацы конкурс сорганизаци кодта Мæскуыйы «Латинаг Америкæйы Хæдзар».

Не ‘мзæххон дизайнер цы бирæ диссаджы уæлæдарæсы хуызтæ бахуыдта, уыцы коллекцитимæ бирæ адæм базонгæ вæййынц Уæрæсейы Федерацийы регионты хайад цы равдыстыты райсы, уым æмæ…

https://xurzarin.ru/?p=50352
Инди дæр йæхи æввахс кæны Уæрæсемæ
#Дунеон_политикæ

8-9 июлы Уæрæсемæ кусæгон балцы фæуазæг Индийы премьер-министр Нарендра Моди æмæ фембæлд Владимир Путинимæ. Ацы фембæлдæн ис стратегион нысаниуæг æмæ уымæ гæсгæ ныгуылæн бæстæты разамынад фырмæстæй аскъуыдысты. Нæ сын рауад Индийы хуызæн хъомысджын паддзахады Уæрæсейæ фæиппæрд кæнын. Уымæй уæлдай ма Моди Путины рахуыдта йæ зынаргъ хæлар æмæ дипломатон æвзагыл ацы факт дæр бирæйыл дзурæг

https://xurzarin.ru/?p=50354
Мæргъиты Алан: «Депутаты сæйраг нысан у республикæ æмæ адæмы хæрзæбонæн кусын»
#Парламенты

9-æм июлы уыд Парламенты æстæм æрсидты радон сесси. Хайад дзы райстой 25 депутаты. Ныр дæр та сессимæ не ‘рбацыдысты политикон парти «Иууон Ирыстон»-ы депутаттæ æмæ иу депутатæн та йæ бон не ссис æрбацæуын цыдæр аххосæгтæм гæсгæ.

Сессийы райдиан депутаттæ æнæдзургæйæ алæугæйæ, ссардтой Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хуссарирыстойнаг хæстон Цхуырбаты Альберты рухс ном.

Уый фæстæ…

https://xurzarin.ru/?p=50356
Баззадысты æнæ евроцæдисы æххуысæй
#Эксперты_хъуыды

Гуырдзыстонмæ йæ балцы рæстæжы Евроцæдисы минæвар куыд фехъусын кодта, афтæмæй Евроцæдис æрурæдта Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрадæн 30 милуан евро рахицæн кæныны процесс, иноагентты тыххæй закъон кæй райстой, уый тыххæй. Урæд æрцыд Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ баиу кæныны процесс дæр.

Ацы хъуыддаг куыд бандавдзæн Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны ахастытыл, уый фæдыл нын йæ хъуыды загъта эксперт-политолог Уазæгты Юри.…

https://xurzarin.ru/?p=50358
«Иннопром»-ы хайад исы Хуссар Ирыстоны базарадон минæвар дæр
#Экономикæ

Хуссар Ирыстоны базарадон минæвар Уæрæсейы Таймураз Гогинов ныртæккæ ис Екатеринбурджы сæудæджерадон рав­дыст «Иннопром»-ы. Уый йæ куыст райдыдта 8-æм июлы æмæ цæудзæн 11 июлмæ.

Таймураз куыд хъусын кæны, афтæмæй хайад исы пленарон сесситы равдысты фæлгæтты алы бæстæты сæудæджерады минæвæрттимæ уадзы фембæлдтытæ. «Равдыст æрæмбырд кодта 100 бæстæйы бæрц базарадон минæвары. Мах командæйы сæйраг интересты ис Хуссар…

https://xurzarin.ru/?p=50360
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🙏 Фыццаг категорийы травмотолог-ортопед, медицинон зонæдты кандидат Цыбырты Георги æмæ кардиохирург Хуыгаты Заза дарддæр уадзынц пациентты консультацитæ æмæ операцитæ республикон сывæллæтты рынчындоны.

Видеойы æвдыст цæуы дохтыртæ гипс куыд æвæрынц Моздокæй пациентæн.

❗️ Августы Цыбырты Георги æмæ Хуыгаты Заза консультацитæ æмæ операцитæ сараздзысты 30 фылдæр хуссарирыстойнаг пациенттæн.

@XurZaerin
@mzrso_alania
🕯 Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы йæ цардæй ахицæн Хуссар Ирыстонæй æфсæддонслужбæгæнæг Дзукъаты Гамлет.

31-æм июлы йыл сæххæст уыдаид 45 азы.

Зиан бавæрдзысты 14-æм июлы Цхинвалы районы Дменисы хъæуы.

@XurZaerin
Дæ кæрт хæрзарæзт, райдзаст куы уа…
#Арæзтад

Ууыл кусынц арæзтадон организацийы кусджытæ

Президент Гаглойты Алан, горæты администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео, æмæ Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ сæ эксплуатацийы комитеты сæргълæууæг Гæбæраты Аланимæ бабæрæг кодта, цалдæр къуырийы дæргъы нæ горæты Джиоты Аланы проспекты кæрон 183, 185, 187, 189, 195 æмæ 193-æм бирæуæладзыгон хæдзæртты алыварс территоритæ куыд хæрзарæзт цæуынц, уый.

Фыццаджыдæр, аразджытæ æрæвнæлдтой, хæдзæртты…

https://xurzarin.ru/?p=50366
Ног президент нæ бандавдзæн Ираны æддагон политикæйыл
#Политикæ

Æрæджы Ираны президентон æвзæрстыты рамбылдта Масуд Пезешкиан – зынгæ политик æмæ æхсæнадон архайæг. Владимир Путин раарфæ кодта Пезешкианæн, банысан кодта дыууæ бæстæйы разамынады бæрзонд æууæнкдзинад, хæларадон ахастыты динамикæ. Ацы æвзæрстытæ ауагътой трагикон цауы фæстиуæгæн – 19 майы авиакатастрофæйы фæмард сæ раздæры президент Ибрахим Раиси.

Пезешкиан нымад у оппозицийы минæварыл, фæлæ йæ уæддæр бауагътой…

https://xurzarin.ru/?p=50400
Æмбæлдысты сыл цины цæссыгтимæ
#Фидауынгæнæджы_бонмæ

Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæудæй фæстæмæ Ирыстоны ногдæр историйы бирæ ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын бонтæ фæзынд. Уыдонæй сæ иу у Фидауынгæнæджы бон, кæцыйы абон дæр нысан кæнæм æмæ йæ Ирыстоны адæм нысан кæндзысты цæрæнбонтæм. Уымæн æмæ фидауынгæнæг тыхты руаджы бантыст хæстон архайдтытæ æруромын, кæцытæ цыдысты æртæ азы дæргъы æмæ аскъуыдтой бирæ адæймæгты цард. Уæд хуссарирыстойнаг цæрджытæй бирæтæ ахъуыды

https://xurzarin.ru/?p=50403
Уæздан, хæларзæрдæ, æфсармджын хъæбатыр лæппу адæмы зæрдæты баззад æнустæм
#Фидауынгæнæджы_бонмæ

Хуссар Ирыстоны зæхмæ фидауынгæнджытæ куы æрцыдысты, уыцы боныл ныр æххæст кæны 32 азы. Кæд нæ республикæйы кæрон æрцыдис сæ ахсджиаг миссийæн, уæддæр махæй уыдон никуы уыдзысты рох. Уæлдайдæр никуы ферох кæндзыстæм, цы бон нæм æрцыдысты уыцы сæрдыгон ныфсдæттæг бон – 14-æм июль.

Райгуырæн зæхх цыфæнды амæлттæй бахъахъхъæнын уыд ирон хъæбатыр лæппуты сæйраг хæс. 90-æм…

https://xurzarin.ru/?p=50405
Уæгъдибар хъæбысхæст
#Спорт

Уæгъдибар хъæбысхæстæй архайæг ирон богалтæ Уалыты Чермен æмæ Салхъазанты Таймураз хайад райсдзысты Олимпион хъæзтыты, кæцытæ уагъд æрцæудзысты Парижы 26-æм июлæй 11-æм августмæ. Ерысты уæгъдибар хъæбысхæстæй хайад чи райсдзæн, уыдон номхыгъд мыхуыр æрцыд Хъæбысхæсты иугонд дунеон сайтыл. Дыууæ спортсмены дæр хæцдзысты 74 кг уæзы категорийы. Уалыты Чермен хъахъхъæндзæн Албанийы спортивон кад, Салхъазанты Таймураз та хæцы…

https://xurzarin.ru/?p=50408
Кусынц уынгты рухсыты модернизацийыл
#Æхсæнад

Ленингоры районы хъæуты райдыдта уынгты рухсыты мас­штабон модернизаци. Районы администраци балхæдта 120 ног плафоны, кæцыты ныридæгæн райдыдтой цæджындзтыл æвæрын.

«Цæрджытæ бирæ рæстæджы дæргъы цыдысты, гæзæмæ рухсытæ кæм сыгъдысты, уыцы уынгты. Бирæ рæтты та рухсытæ бынтондæр нæ уыд. Ныр уавæр ивы хуыздæрæрдæм», – банысан кодта районы администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжелæ.

Куыстытæ райдыдтой Ленингоры поселочы…

https://xurzarin.ru/?p=50410