Мидхъуыддæгты министрад хъусын кæны
#Æхсæнад
6 февралæй 13 февралмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ фыдракæнды. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл æрцыдис дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой дыууæ адæймаджы.
Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 250 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 6 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.
Горæт Цхинвалы милицийы управленийы кусджытæ баурæдтой 27-аздзыд бынæттон цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ. Фæткхалæг нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ.
https://xurzarin.ru/?p=40408

Ахсджиагдæр политикон цаутыл афæлгæст
#Афæлгæст
МАХ НЫФС ÆВÆРÆМ НÆ УÆРÆСЕЙАГ ХÆЛÆРТТЫ ÆДЗУХОН ÆХХУЫСÆЙ
Аивгъуыйгæ къуырийы нысаниуæгджын поли-тикон цауты æхсæн ма асджиаг бынат ис, бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Аланы кусæгон балц кæй уыд Мæскуымæ. Уым Президент хайад кæй райста Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн социалон-экономикон рæзты фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы рабадты. Къамисы уæрæсейаг хайы сæрдар, Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Новак банысан кодта, Хуссар Ирыстон сæ стратегион цæдисон кæй у. Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæ, зæгъгæ, рæстæгæй фæлвæрд æрцыдысты æмæ арæзт цæуынц цæдисад æмæ интеграцийы принциптыл. Хуссар Ирыстон сæрмагонд æфсæддон операцийы Уæрæсеимæ æмзæрдæ кæй у æмæ йæ фарсмæ кæй ис, уый ахсджиаг хъуыддагыл банымадта Новак. Банысан ма кодта дыууæ бæстæйы ‘хсæн базарадон-экономикон æмгуыстады æвæрццаг динамикæ. Радзырдта Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй УФ æмæ…
https://xurzarin.ru/?p=40410

Фæстаг хæрзбон Джиоты Аланæн
#Сæрмагонд_æфсæддон_операци
Хуыцаубоны, 12-æм февралы Цхинвалы йæ фæстаг фæндагыл афæндараст Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстон Джиоты Алан Джемалы фырт (йæ фæсномыг Арес). Алан хæцыд бархион тыхты сконды. Фæмард 2022 азы 26-æм сентябры украинæйаг неонацистты ныхмæ карз тохы. Алан цы къорды уыд, уый бахауд знаджы æрхъулайы. Йæ мардбуар ын агуырдтой цалдæр мæйы дæргъы. Йемæ ма фæмард Остъаты Тамерлан дæр. Алан йæ ныййарæг мадæн уыд иунæг хъæбул æмæ йæ цæрæнбонтæм ныууагъта цæссыгкалгæйæ.
Джиоты Алан йæ риуæй бамбæрзта йæ хæстон æмбæлтты æмæ хъæбатырæй фæмард…
ДНК-йы фæстиуджытæ Джиоты бинонтæ райстой æрмæстдæр цалдæр боны размæ. Хæлар-зæрдæ, æхсарджын, раст æмæ æнувыд æмбал, уарзæгой хъæбул, ахæмæй бахъуыды кæндзысты, Аланы чи зыдта, уыдон. Хæстоны йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кæнынмæ æрбацыдысты республикæйы Президент Гаглойты Алан, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин,…
https://xurzarin.ru/?p=40412

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонмæ
#Æхсæнад
Амонджын бинонты царды хъайтар
Къæбысты Заринæ æмæ Зозиаты Спартак сты нæ республикæйы амондджындæр бинонтæй сæ иу. Спартак ныртæккæ хайад исы Донбассы сæрмагонд хæстон операцийы, йæ ныййарæг мад Виолетæ, Заринæ æмæ се’ртæ хъæбулы та зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц ам. Æрæджы йемæ телефоны куы ныхас кодтой, уæд ын сывæллæттæ загътой тынг æй кæй мысынц. «Мысын уæ æз дæр. Сымахимæ куы аныхас кæнын, уæд мын фенцондæр вæййы, фæныфсджын вæййын», — дзуапп сын радта Спартак.
Кæй зæгъын æй хъæуы, стыр ныфс у хæстон лæгæн йæ бинонты аудындзинад.
«Æз, дзауаг чызг, Спартак — ходаг лæппу, базонгæ стæм интернеты, стæй фембæлдыстæм стæм лæгæй-лæгмæ æмæ чысыл рæстæджы фæстæ нæ цард баиу кодтам», — хъæлдзæгæй дзуры Заринæ.
Æвзонг æмкъæйттæ цæрынц кæрæдзийыл аудгæйæ, хъомыл кæнынц æртæ хъæбулы — дыууæ чызджы æмæ иу лæппу. Хистæр чызг Виктория æмбары йæ фыд кæм ис, уый, фæлæ Заринæ куыд загъта, афтæмæй бинонты…
https://xurzarin.ru/?p=40414

Знæт дуджы амæттаг
#Мысынад
Алы хæдзарæн дæр йæхи фарн, йæхи æгъдау ис. Фыдæлты фарнæй цы хæдзар хайджын вæййы, не `гъдæуттæ тынгдæр цы бинонты `хсæн хъахъхъæд фæцæуынц, уыцы хæдзары бинонтæ адæмы æхсæн нымаддæр, кадджындæр вæййынц. Цънелисы хъæубæсты æмæ ам, горæты дæр, ахæм хæдзарыл нымад сты Дзеранты бинонтæ. Цънелисгомы æмæ горæты дæр ахæм адæймаг нæ разындзæн, уыдонæй æвзæрæрдæм иу цъар ныхас дæр чи зæгъа.
Цънелисы цардысты Мухар æмæ Фатимæ сæ хъæбултимæ. Се ‘взонгад, сæ царды рæсугъддæр бонтæ ам æрвыстой. Амондджыныл нымадтой сæхи. Ам уыд сæ куыст. Ам лæггад кодтой хъæуы рæзгæ фæлтæрæн æмæ сæ уарзон хъæубæстæн дæр. Сæ зæрдæйы хъарм алкæуылдæр æххæссыд æмæ абон дæр уымæн фæкæнынц сæ хорзы кой. Фатимæ куыста географийы ахуыргæнæгæй хъæуы скъолайы, Мухар та — директорæй æмæ ма уыимæ ахуыргæнинæгтæн амыдта физикæ æмæ математикæйы предметтæ дæр. Фæлæ, абон нæ ныхасы сæр йæхи хъæбултыл у, уæлдайдæр та дзæнæттаг Аланы тыххæй.…
https://xurzarin.ru/?p=40416

Уыд фæдисон кæстæр йæ радтæг адæмæн…
#Нæ_хъайтартæ
1991 азы 6-æм январы райсомæй раджы Цхинвалы цæрджытæ сæ тæккæ фынæйыл куы уыдысты, афтæмæй Уæрæсейы мидæггагон æфсæдтæ инæлар Малюшкины сæргълæудæй сусæгæй Цхинвалæй куы ацыдысты æмæ гуырдзиаг лæгмартæ æнæнхъæлæджы горæты центр куы бацахстой, уæд нæ хъæбатыр лæппутæн нал дæр æхсæв уыд æмæ нал дæр бон. Уыдон горæты уынгты баррикадæтæ сарæзтой æмæ постыты лæууыдысты æгæрыстæмæй 15-16 аздзыд лæппутæ дæр.
Уыцы хæстонтæй иу уыд хæрзæвзонг лæппу Къацты Гималай. Йæ цард уыд хæрзцыбыр, фæлæ æрттивгæ стъалыйау ирд æмæ цæхæркалгæ. Æрмæстдæр ын 20 уалдзæджы бантыст рацæрын. 1999 азы журналисттæ Голоты Ирæ æмæ Биазырты Роланд чиныг сарæзтой ОМОН-ы кусджытыл. «Нæ историйы фæстаг азты бирæ адæм фесæфтам, уæлдайдæр та сæ цард нырма разæй кæмæн уыд, ахæм æвзонг адæймæгты. Бæрцæй æрмæстдæр 20 азы рацард Къацты Гималай. Уыдонæй дæр йе ‘мбаргæ царды азтæн сæ зынгæ хай хæсты судзгæ цæхæрыл рацыд. Бирæ…
https://xurzarin.ru/?p=40418

Схорзæхджын кодтой ерысты уæлахиздзауты
#Хорзæхтæ
Мидхъуыддæгты министрады Гæззаты Валерийы номыл Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды сырæзты 31 азы боны къæсæрыл уыд спецкъорды дæлхæйтты ‘хсæн службæйон спорты ерысты уæлахиздзауты хорзæх кæныны церемони.
Уæлахиздзауы кубокæй схорзæхджын кодтой фыццаг оперативон командæйы, æппæт дисциплинæтæй баллтæ банымайгæйæ, иумиагкомандон фыццаг бынат кæй бацахста, уый сæраппонд.
Ерыстæ уагъд цыдысты афæдзы дæргъы. Уыдон фæстиуджытæм гæсгæ уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, майдантæ æмæ грамотæтæй. Уæлахиздзаутæн хорзæхтæ радта ОМОН-ы командир Тедеты Инал.
https://xurzarin.ru/?p=40420

Хореографион скъола-студийы хъомылгæнинæгты æнтыст
#Фестиваль
Цхинвалы хореографион скъола — студийы хъомылгæнинæгтæ хайад райстой 10 æм февралы Самарæйы уагъдцæуæг фестиваль «Аивад — змæлды» æмæ сситы уæлахиздзаутæ.
Уый тыххæй фехъусын кодта студийы къухдариуæггæнæг Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Республикæйы сгуыхт артисткæ Четион Майя. «Фестиваль цыд æртæ боны, хайад дзы райстой Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр регионты хореографион коллективтæ. Æдæппæт фестивалы равдыстой 160 номырæй фылдæр. Жюрийы уæнгты иумæйаг хъуыдымæ гæсгæ хайадисджыты ‘хсæн хуыздæрыл нымад æрцыд нæ республикæйы коллективы ралæуд».
Уæлахизуæвджытæ хорзæхджын æрцыдысты фестивалы уæлдæр хорзæх Гран-прийæ афтæ авторон кафт æмæ адæмон кафты номинациты I-аг къæпхæны лауреатты премитæй дæр.
Банысан кæнын хъæуы уый æмæ хореографион скъола-студи бирæ рæстæджы дæргъы фыццаг хатт хайад кæй райста ацы дунеон фестивалы. Æрыгон кафджытæ акафыдысты «Хæххон кафт», «Симд», «Хонгæ»,…
https://xurzarin.ru/?p=40422

Мария Захарова: Уæрæсе рæзын кæндзæнис Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ
#Æхсæнад
Уæрæсейæн йæ нысан у дарддæр æмцæдисон ахастытæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ рæзын кæнын. Ахæм хъусынгæнинаг 13 февралы сарæзта Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова.
Дзыллон информацийы фæрæзты фарстæн дипломаты дзуапп къуырисæры фæзындис ведомствойы сайтыл. Захарова зæрдыл æрлæууын кодта, Уæрæсейы Федераци 15 азы размæ кæй банымадта ацы дыууæ республикæйы хæдбардзинад æмæ сын гаранти кæй радта ныфсджынæй сæ хъахъхъæнын, æмæ куыд хæдбар паддзахадтæ, афтæ сæ рæзты тыххæй дæр.
«Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты фылдæр хайæн ис уæрæсейаг æмбæстагдзинад æмæ хæцынц Уæрæсеимæ æмцæдисад арфдæр кæныны æвварс… Фæнды сæ, цæмæй æмцæдисон ахастытæ æппæтварсонæй дард-дæр рæзой», — дзырдæуы хъусынгæнинаджы.
Дипломат ма банысан кодта, зæгъгæ, бæстæты иумæйаг архайдтытæ уыдонæн радтой сæ экономикон æмæ политикон позицитæ…
https://xurzarin.ru/?p=40424

Forwarded from Fedog : хабæрттæ иронау (Viatcheslav Ivanov)
Цæгат Ирыстоны скъолаты хæрæндæтты фæзындзæн ног меню, — уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы ахуырады æмæ зонады министр Алыбегты Эллæ. Куыд радзырдта, афтæмæй уал дыууæ скъолайы ахуыргæнинæгтæн аходæнæн дæтдзысты ирон чъиритæ. Технологион æгъдаумæ гæсгæ къуылымпыдзинæдтæ куы нæ сæвзæра, уæд дыууæ къуырийы фæстæ æппæт скъолаты хæрæндæтты хæринæгты номхыгъдмæ райдайдзысты ивддзинæдтæ хæссын.
Йæ рухс ном цæрдзæнис немæ
#Мысæн_мадзал
Ирон театралон аивад æмæ литературæмæ егъау хуынтæ чи бахаста, ирон сылгоймаджы æмæ актрисæйы ном бæрзонд чи хаста, нæ уыцы уарзон æмæ курдиатджын артисткæ Галуанты Людмилæйыл 14-æм февралы сæххæст уыдаид 86 азы. Галуанты Людмилæйы рухс ном ссарыны тыххæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры уагъд æрцыд мысæн мадзал «Тых ныл кæнæт æрмæстдæр уарзт», зæгъгæ, ахæм номимæ.…
https://xurzarin.ru/?p=40445

Мысыдысты номдзыд инженеры
#Мысæн_мадзал
Культурæйы министрад кæй бакуыста, уыцы программæ «Хуссар Ирыстоны зынгæ гоймæгтæ»-йы фæлгæтты нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы 13 февралы уагъд æрцыд мысæн мадзал зынгæ инженер, публицист, æхсæнадон архайæг Гаглойты Рутены райгуырдыл 135 азы сæххæсты цытæн.
Мысæн мадзалы хайад райстой РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, Гаглойты Рутены хъæбулы хъæбул Гаглойты Бэлæ, фыссæг Остъаты Алан, историк…
https://xurzarin.ru/?p=40447

Тыхст адæймæгты æнцой балæууы кæддæриддæр
#Æхсæнад
17 февралы бындур æвæрд æрцыд Сырх Дзуары Комитетæн
Тыхст адæймагмæ къух фæдаргъ кæнын, уæззау рæстæджы йе ‘нцой балæууын æмæ йæ ногæй царды раст фæндагыл бафтауын йæ хæс у. Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитетæн æмæ йæ æнтысгæйæ æххæст кæны нæ республикæйы территорийыл дæр.
Хуссар Ирыстоны адæмы цард гуырдзыйы агрессийы фæстиуæгæн фæстæмæ куы алæууыд, нæ…
https://xurzarin.ru/?p=40449

Æфсымæр — æфсымæрæн æххуыс
#Цæгат_Ирыстоны
Нæ бæстæ знæгты аххосæй цы зындзинæдтæ æвзары, уыдон æдзух, стыр быхсынад æвдисгæйæ, иуварс кæны. Фæлæ йæхи уавæр ферох кæны, æндæр бæстæты тыхст уавæр фенгæйæ. Сæ уынгæджы заманы кæй фарсмæ нæ балæууы, ахæм нæй. Æцæг ын сæ сæ фылдæр никуы бамбарынц.
Турчы цы стыр фыдбылыз æрцыд, уый бахаудта дунейы мидæг æппæты стырдæр дæс зæххæнкъуысты нымæцмæ.…
https://xurzarin.ru/?p=40452

Бæрзонд хæссы ирон лæджы кад
#Нæ_фарны_лæгтæ
14-æм февралы 70 азы юбилей банысан кодта зындгонд ахуыргонд, æхсæнадон архайæг, Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Уæрæсейы Федерацийы зонæдты сгуыхт архайæг, физикон-математикон зонæдты доктор, профессор, Уæрæсейы зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зо-нады центры директор Къусраты Анатоли.
Уый Новосибирскы паддзахадон университеты докторон диссертаци бахъахъхъæдта æртын æртæаздзыдæй. 1991-æм азы кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны ЦИПУ-йы математикон анализы кафедрæйы сæргълæууæгæй. Къусраты Анатоли…
https://xurzarin.ru/?p=40454

Нæй ферохгæнæн сæ хъæбатырдзинадæн
#Мысынад
Афгайнаг хæсты фæмардуæвджыты ном мысгæйæ
1989 азы 15 февралы Советон æфсæдты ракодтой Афганистанæй. Уæдæй рацыд бирæ рæстæг, фæлæ рох никуы уыдзысты æхсæнадæй, сæ цард терроризмы ныхмæ æргом тохы чи радта, уыцы хъæбатыр хæстонты нæмттæ. Уым фæрсæй-фарсмæ æмсæрæй тох кодтой ССР Цæдисы æппæт нациты минæвæрттæ. Хæсты судзгæ цæхæры салдæтты ничи фарста нæдæр нацийæ,…
https://xurzarin.ru/?p=40457

Нæ уадзынц дæлæмæ ОМОН-ы кад
#Æхсæнад
— Цæмæн тоныс кæйдæр хæдзары дуар?
— Йæ хицæуттæ ам цæмæннæ сты? Цæмæн алыгъдысты хæстæй?
— Мæ ды давыны тыххæй æрлæууыдтæ ам? Алыгъдаис ды дæр.
Ахæм хуызы диалогтæн 2008 азы хæдфæстæ цалдæр хатты æвдисæн уыдис милицийы сæрмагонд нысаны къорды кусæг Тъотъоты Раймонд. Йæ ныхæстæм гæсгæ кæд уæрæсейаг æфсæддонты æрцыды фæстæ адæм сæ риуыдзаг сулæфыдысты,…
https://xurzarin.ru/?p=40461

Ликвидаци æрцыдис «Дорэкспострой»
#Брифинг
Фæндæгты арæзтад æмæ сæ эксплуатацимæ радтыны комитеты сæрдар Елдзарты Константинæн Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты уыдис брифинг.
Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн Елдзары фырт фехъусын кодта Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой» нырæй фæстæмæ ликвидаци кæй æрцæудзæн, æмæ йæ бынаты сырæздзæн ног организаци, кусджытæн сæ куысты бынæттæ хъахъхъæд æрцæудзысты, афтæмæй. «Республикæйы ивгъуыд азы президентон æвзæрстыты…
https://xurzarin.ru/?p=40464

Фæфылдæр уыдзæн цардæн ахъаз минимумы бæрц
#Хицауады
Джуссойты Константины къухдариуæгадæй уыд Хицауады радон æмбырд. Дзырд дзы цыд Конституцион закъондæттынад фæхуыздæр кæныны фарстатыл.
«Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады тыххæй» закъоны проект бацæттæ кодта Юстицийы министр Гаглойты Олег. Уый йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады тыххæй» закъон-мæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъоны проект арæзт у згъуыдтæ аиуварс кæныны æмæ антикоррупцион нормæтæн иумæйаг уавæртæ…
https://xurzarin.ru/?p=40467

Нæ республикæйы рæбинаг цæджындз: ОМОН-ы сырæзтыл сæххæст 31 азы
#Бæрæгбон
14 февралы милицийы сæрмагонд нысаны къорды кусджытæ банысан кодтой сæ бæрæгбон – 31 азы рацыд йæ сырæзты бонæй. Цытджын мадзал уагъд æрцыд ОМОН-ы актон залы. Ардæм арфæтæ ракæнынмæ фæуазæг сты бæстæйы президент Гаглойты Алан, Хицауады æмæ Парламенты уæнгтæ, тыхон структурæйы минæвæрттæ, спецкъорды ветерантæ æмæ рæнхъон сконд.
Мадзал йæ раныхасæй æрбайгом кодта мидхъуыддæгты министр Гæззаты…
https://xurzarin.ru/?p=40469

Афганистаны хæстон фæндæгтæ зын æмæ уæззау уыдысты
#Æхсæнад
Афганистаны хæст раздæры Советон Цæдисы историмæ бацыд иууыл æгъатырдæр æмæ трагикондæр хæстæй, бирæ амæттæгтæ баисты йæ хай. 34 азы размæ кæрон æрцыд ацы хæстæн. Алы æрсиддоны ныййарæг дæр-иу фестъæлфыд, йæ койæ дæр-иу барызт – ахæм æгъатыр уыд Афганистаны зæххыл хæст.
Æрвылаз дæр Афганистаны зæххæй советон æфсады раконды боны цытæн 15 февралы…
https://xurzarin.ru/?p=40472