Газет «Хурзæрин»
873 subscribers
5.29K photos
994 videos
1 file
3.6K links
Хуссар Ирыстоны зӕронддӕр ӕхсӕнадон-политикон газет ирон æвзагыл.
Цӕуы 1924 азы 1 январӕй.

Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.


@XurZaerin
Download Telegram
Хъахъхъæнæм фæндагыл цæуыны фæткойтæ
#Æхсæнад

Фæндагыл цæуыны фæткойтæ хъахъхъæнын абон нæ горæты хуыздæрхъуаг у. Уый хауы куыд машинæскъæрджытæм, афтæ фистæгæй цæуджытæм дæр. Хъыгагæн, нæ горæты, афтæ ма респубикæйы фæндæгтыл дæр арæх æрцæуы фæндагон-транспортон цаутæ. Ныртæккæ ахæм дуг æрцыд æмæ адæм æппынæдзух кæдæмдæр тагъд кæнынц: чи куыстмæ, чи – скъоламæ, чи та фæндагыл цæуыны фæткойтæ рæстмæ нæ зоны æмæ афтæмæй…

https://xurzarin.ru/?p=49005
Хуссар Ирыстон, Къозы цад

@XurZaerin
https://t.me/discoverso
15-æм майы Ирыстон бæрæг кæны ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон.


Ирыстон у махӕн нӕ райгуырӕн бӕстӕ. Адӕймаг цы бӕстӕйы, цы зӕххыл райгуыры, уыцы фыдыбӕстӕ у йӕ ныййарӕг мад.
Хетӕкаты Къоста у Ирыстоны ном ӕмӕ кад, йӕ зонд ӕмӕ йӕ уд.
1899 азы 15- ӕм майы мыхуыры рацыд йӕ чиныг «Ирон фӕндыр», кӕцы сси адӕмӕн фӕндагамонӕг стъалы.
Уымӕ гӕсгӕ уыцы бон 2003 азӕй фӕстӕмӕ бӕрӕггонд цӕуы «Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон».

Нӕ рагфыдӕлтӕ нын ныууагътой хъӕздыг ӕмӕ рӕсугъд ӕвзаг. Мах дзы буц стӕм, уымӕн ӕмӕ уый у нӕ культурӕйы, нӕ лӕгдзинады, ӕмткӕй райсгӕйӕ, уый у нӕ адӕмы рӕзыны сӕйраг фӕрӕз. Иу ӕмӕ дыууӕ поэты нӕ загътой се ‘мдзӕвгӕты нӕ ирон мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй.

Цӕмӕн ма ис сисӕн ӕвзагӕй уӕлдӕр,
Ирон ӕвзаг равзӕрдис дисӕн.
Цӕмӕн кӕнӕм не ‘взаг нӕхӕдӕг дӕлдӕр,
Ӕвзаг куы у удты ӕвдисӕн.

Ирон ӕвзаг, ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ сӕ фӕстӕ.
Ирон ӕвзаг - нӕ ныфс, нӕ кад, нӕ намыс.
Цӕуы ӕнустӕй мингай азтӕй рӕстӕг,
Уӕддӕр зӕронд нӕ дӕ ӕмӕ нӕ хъавыс.

@XurZaerin
Æрбайгом туристон сезон
#Æхсæнад

Хуссар Ирыстоны майы бæрæгбонтæм байгом туристон сезон. Кæд цыдæр бæстæты туроператортæ æрвылсезон кусынц, æхгæд сезон сæм никуы вæййы, фæлæ мах æрдзон уавæртæ бар нæ дæттынц афæдзы алы афон дæр туристтæ исынæн. Махмæ сезон байгом вæййы майы мæйы æмæ йæ сæхгæнынц октябры мæйы.

Фарон Хуссар Ирыстоны уыдис фондз мин туристы бæрц. Уыдон нæ республикæмæ æрцæуынц…

https://xurzarin.ru/?p=49007
Хабæрттæ Донецкæй
#Æхсæнад

ДИДИНДЖЫТÆ СÆВÆРДТОЙ ЦЫРТЫЛ

Донецкы Адæмон Республикæйы бон, 11 майы, ацы республикæйы фыццаг Сæргълæууæг Александр Захарченкойы номыл парчы, фæмардуæвæг хъайтарты цыртыл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Ацы цырт Донецкæн балæвар кодта РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджытæн æххуысы фонд.

Мадзалы хайад райстой дæлхай «Сæрмæт»-ы, «Дикая дивизия Донбасса», «Пятнашка»-йы хæстонтæ, Донецкы Адæмон Республикæйы…

https://xurzarin.ru/?p=49009
Принципиалон æгъдауæй йемæ никуы хаста парашют

Васили Иосифы фырт Сталин æрмæст зындгонд Фæтæджы фырт нæ уыд, фæлæ ма уыд диссаджы тæхæг-куынæггæнæг дæр. Хæсты райдианы йæ хистæр æфсымæр Яков плены куы бахауд, уый фæстæ йæ фыды нал бафæндыд, цæмæй Васили ацыдаид фронтмæ. Фæлæ хъæбатыр тæхæджы бауромын гæнæн нæ уыд. Васили дæрæн кодта знаджы, æппæрста немыцаг хæдтæхджытæ. Уый принципиалон æгъдауæй йæ атахтыты рæстæджы йемæ никуы хаста парашют. Йæ ныхас-иу кæддæриддæр уыд: «собьют, лучше разобьюсь, хватит с них одного Якова».

@XurZaerin
Нæ зæрдыл дардзыстæм ветеранты сгуыхтдзинад
#Мысæн_мадзал

9 майы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 79 азы сæххæсты цытæн Æнусон арты раз обелискыл Республикæйы Уæлдæр сæйрагкомандæгæнæг, Президент Гаглойты Алан сæвæрдта Кады æмæ Мысынады гирляндæ.

Ацы кадджын мадзалы ма хайад райстой хицауады бæрнон кусджытæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, бæстæйы раздæры президент Тыбылты Леонид, министртæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, парламенты депутаттæ æмæ…

https://xurzarin.ru/?p=49011
Кæсæг-Балхъары уагъд æрцыдысты аивадон гимнастикæйæ ерыстæ

Уый тыххæй сæ ТГ-каналы фыссынц Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет.
Хуссар Ирыстонæй дзы хайад райстой 37 спортсмены æмæ командæ «Лучики».

Турнир уагъд цыдис 2018-2009 а.г. кары категорийы.

Хуссарирыстойнаг гимнасткæтæ семæ æрхастой 10 сыгъзæрин, 15 æвзист æмæ 12 бронзæйæ майдантæ.

Спортсменты цæттæ кæнынц тренертæ Цхуырбаты Земæ, Тедеты Элинæ, Бестауты Заринæ æмæ Козаты Ланæ.

@XurZaerin
Нывгæнæг: Цхурбаты Илья

@XurZaerin
Цытджын Уæлахизы бон банысан кодта Хуссар Ирыстон
#Парад

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 79 азы сæххæсты цытæн 9-æм майы бæрæгбонон парад байгом Паддзахадон тырыса æмæ Уæлахизы тырысайы рахастæй.

Цытджын трибунæйæ парадмæ сæ хъус дардтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады официалон уæнгтæ Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ цытджын уазджытæ.

Æфсæддон парадыл командæ кодта РХИ-йы Гарзджын тыхты Генералон…

https://xurzarin.ru/?p=49013
Ирон æмбисонд:

Царциатæ æмæ Нарт фаты фындзмæ сæ риу дардтой, карды коммæ — сæ бæрзæй.

@XurZaerin
🎭ПРЕМЬРÆ!

15-æм æмæ 16-æм майы Паддзахадон драмон театры сценæйыл уагъд æрцæудзæн Гаглойты Владимиры фыст пьесæмæ гæсгæ спектакль "Саухъус æлдар».
Æвæрæг-режиссер у Чилæхсаты Эдуард.

Спектакль райдайдзæн 18:30 сахатыл.
Билеттæ балхæнæн ис театры кассæйы.

@XurZaerin
Срегистраци кодтой депутаттæм фыццаг кандидатты
#Æвзæрстытæ

ЦÆК куыд фехъусын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис срегистраци кодта депутаттæм фондз кандидаты иумандатон округтæй.

Регистраци æрцыдысты: Гаглойты Алан (8-æм округ), Гæджиты Сослан (15-æм округ), Гасситы Алыксандр (3-æм округ), Елбачиты Алыксандр (12-æм округ) æмæ Чысиаты Константин (5-æм округ).

Дыууæ æмбæстаджы та Централон æвзарæн къамисæн фехъусын кодтой, æвзæрстыты агъоммæйы кампанийы хайад кæй нæ…

https://xurzarin.ru/?p=49015
ДЖЫГКАЙТЫ Томас: Хуссар Ирыстоны ис хорз медицинон ахуыргæнæндон
#Арфæтæ #Хорзæхтæ

13 майы Цхинвалы медицинон ахуыргæнæндоны банысан кодтой Медицинон хойы æппæтадæмон бон. Арфæйы ныхæстæй мадзал байгом кодта ахуыргæнæндоны ахуыргæнæг Къуылыхты Мадинæ. Уый фæстæ Мадинæ æрдзырдта сæ ахуыргæнинæгтæ, ахуыргæнæндоны сырæзтæй райдайгæйæ цы хæстон цаутæ цæуы, уым цæфтæн æххуыс кæны-ны хъуыддæгты активон хайад кæй истой гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы сæ рауагъдонтæ Хъуылымбегты Светланæ, Медойты Вадим, Гæджиты Константин æмæ

https://xurzarin.ru/?p=49018