Газет «Хурзæрин»
765 subscribers
5K photos
903 videos
1 file
3.58K links
Хуссар Ирыстоны зӕронддӕр ӕхсӕнадон-политикон газет ирон æвзагыл.
Цӕуы 1924 азы 1 январӕй.

Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.


@XurZaerin
Download Telegram
Стыр Уæлахизы бæрæгбон банысан кодтой горæт Къуайсайы дæр.

"Æнæмæлгæ полчы" рацыдысты куыд цæрджытæ, афтæ уæрæсейаг арæнгæрон заставæйы минæвæрттæ дæр. Æнæзонгæ салдаты цырты раз скъоладзаутæ сæвæрдтой венок, радзырдтой Стыр Уæлахизы фæдыл æмдзæвгæтæ.

"Æнæмæлгæ полчы" рацыд организаци æрцыд горæт Къуайсайы администраци, сæ сæргълæууæг Хуыгаты Аланы æххуысæй.

@XurZaerin
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
15 майы, Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн, Киноконцертон зал "Чермен"-ы уагъд æрцæудзæн цæгатирыстойнаг зарæггæнæг Хъесаты Илонæйы концерт, уый тыххæй сæ ТГ-каналы хъусын кæнынц Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет.

Концерт райдайдзæн 18:00 сахатыл. Бахизӕн уыдзæн ӕнӕаргъӕй.

@XurZaerin
Республикон ерыстæ рог атлетикæйæ🏃‍♂🏃‍♀

Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны столицæ æмæ районтæй 100 спортсмены онг.
Турнир уагъд æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боны цытæн.
Ерыстæ уыдысты ахæм дистанциты: 100м, 200м, æмæ 400м алыхуызон кары категориты чызджыты æмæ лæппуты ‘хсæн.
Уæлахиздзауты схорзæхджын кодта Фæсивæдон Комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Гасситы Сослан.

@XurZaerin
https://t.me/molodejkaruo
14.05.2024 боны 2 сахатыл Анахарсисы номыл национ библиотекæйы уагъд æрцæудзæн Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн тымбыл фынг «Не ‘взаг-нæ адæмы фидæн»
Президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта Михаил Мишустинӕн, Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауады сӕрдарӕй нысангонд кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй.

@XurZaerin
Forwarded from СапÆ
Немыцӕгты ӕфсӕдтӕ Кавказ сӕхи бакӕныны хӕстон операци куыд схуыдтой?
Anonymous Quiz
9%
Ост
9%
Искра
68%
Эдельвейс
14%
Барбаросса
ФЫД ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ

Фыд бафæдзæхста йæ фырттæн, лымæн ут, зæгъгæ; фæлæ уыдон нæ уисæн кодтой. Уæд фыд рахæссын кодта уисой æмæ загъта:
— Асæттут-ма йæ!
Лæппутæ йыл бирæ фæцархайдтой, фæлæ сын уисой асæттын нæ бакуымдта, сæ бон не сси йæ асæттын. Уæд фыд уисой райхæлдта æмæ загъта, иугай уисгай-ма йæ асæттут, зæгъгæ.
Уыдон хæрз æнцонæй асастой уисойы алы уис дæр хицæнæй.
Æмæ сын уæд фыд афтæ зæгъы:
— Сымах дæр гъе афтæ: кæд иумæ лымæн уат, уæд уыл ничи фæтых уыдзæн; фæлæ хылтæ куы кæнат æмæ уæ алчи йæхæдæг хицæнæй куы архайа, уæд уыл алчи дæр æнцонæй фæтых уыдзæн æмæ уæ бабын кæндзæн.


@XurZaerin
https://t.me/barzafcag1. Л.Толстой «Рассказы для детей», ирон æвзагмæ тæлмац, 1955
Знон, 12 майы, куыд æнæхъæн дунейы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр банысан кодтой медицинон хойы профессионалон бæрæгбон.

Уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Джыгкайты Томас раарфæ кодта республикæйы медицинон хотæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.
«Медицинон хойы уæздан, фæлæ уый рады уæззау куыстæн аргъ кодтой кæддæриддæр. Ацы куыст домы бæрзонд профессионализм, стыр быхсындзинад, хæларзæрдæдзинад, рынчыныл аудын. Æнæ медицинон хотæй нæй гæнæн уæвæн иунæг медицинон уагдонæн дæр. Уыдон стыр æххуыс сты дохтыртæн æмæ пациенттæн дæр», - банысан кодта Джыгкайты Томас.
Уый банысан кодта медицинон хоты равдисгæ хъæбатырдзинад Хуссар Ирыстоны уæззау хæстон рæстæджыты. Æппæт медицинон хотæн йæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, сæ куысты профессионалон рæзт æмæ æнтыстытæ.

@XurZaerin
Горæт Чеховы цæуынц ерыстæ боксæй 13-14 аздзыд чызджыты æмæ лæппуты ‘хсæн.

Уый тыххæй хъусын кæнынц Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæды комитеты пресс-службæ.
Цæгат Ирыстоны иумæйаг командæйæ равзæрстой дыууæ хуссарирыстойнаг боксеры.
Джиоты Дмитрий 66 кг уæзы ныридæгæн акодта æнтыстджын тох, æмæ афтæмæй фæуæлахиз æхсæнад «Динамо»йы уæлахиздзау, Луганскы Адæмон Республикæйы минæвар Горленко Маркыл.

Абон та тох уыдзæнис Гæбæраты Алимæн 90 кг уæзы категорийы. Æнтыстджын у.

@XurZaerin
Владимир Путины Барамындмæ гæсгæ Сергей Шойгу нысан æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Советы секретарæй.

@XurZaerin
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Ленингормæ фæндаг цадæггай сыгъдæггонд цæуы.
Ныры онг уал Ахмадзы хъæумæ фæндаг у сыгъдæггонд, даррдæр цæуынц куыстытæ.

Тынг къæвдаты фæстиуæгæн бахъыгдард ис Уæллаг Захъормæ фæндаг дæр.

Куыстытæ адарддæр кæндзысты, къæвдатæ куы фæуой, уæд.

@XurZaerin
Кæй фæуазæлттæ, уый фæстиуæгæн сывæллæтты рæвдауæндæтты иу æрцыдысты хъармгæнæнтæ, 17 майы онг.

@XurZaerin
Уалыты Чермен рамбылдта бронзæ майдан лицензион турниры Стамбулы.

Чермен 74 кг уæзы категорийы фæуæлахиз Нуркожа Кайпановыл.

@XurZaerin