This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Уæлахизы бон банысан кодтой Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы дæр.
Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты цырты раз уагъд æрцыд митинг. Æрæмбырдуæвджытæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой цырты раз. Хæсты быдыры фæмардуæвæг ветеранты ном ссардтой иу уысм æмырæй алæугæйæ.
Ленингоры районæй Стыр Фыдыбстæйон хæсты быдыры хæцыд 3000 мин адæймаджы, уыдонæй 1646 нал æрыздæхтысты сæрæгасæй.
@XurZaerin

Стыр Уæлахизы бæрæгбон банысан кодтой горæт Къуайсайы дæр.
"Æнæмæлгæ полчы" рацыдысты куыд цæрджытæ, афтæ уæрæсейаг арæнгæрон заставæйы минæвæрттæ дæр. Æнæзонгæ салдаты цырты раз скъоладзаутæ сæвæрдтой венок, радзырдтой Стыр Уæлахизы фæдыл æмдзæвгæтæ.
"Æнæмæлгæ полчы" рацыд организаци æрцыд горæт Къуайсайы администраци, сæ сæргълæууæг Хуыгаты Аланы æххуысæй.
@XurZaerin
"Æнæмæлгæ полчы" рацыдысты куыд цæрджытæ, афтæ уæрæсейаг арæнгæрон заставæйы минæвæрттæ дæр. Æнæзонгæ салдаты цырты раз скъоладзаутæ сæвæрдтой венок, радзырдтой Стыр Уæлахизы фæдыл æмдзæвгæтæ.
"Æнæмæлгæ полчы" рацыд организаци æрцыд горæт Къуайсайы администраци, сæ сæргълæууæг Хуыгаты Аланы æххуысæй.
@XurZaerin
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
15 майы, Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн, Киноконцертон зал "Чермен"-ы уагъд æрцæудзæн цæгатирыстойнаг зарæггæнæг Хъесаты Илонæйы концерт, уый тыххæй сæ ТГ-каналы хъусын кæнынц Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет.
✅Концерт райдайдзæн 18:00 сахатыл. Бахизӕн уыдзæн ӕнӕаргъӕй.
@XurZaerin
✅Концерт райдайдзæн 18:00 сахатыл. Бахизӕн уыдзæн ӕнӕаргъӕй.
@XurZaerin
Республикон ерыстæ рог атлетикæйæ🏃♂🏃♀
Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны столицæ æмæ районтæй 100 спортсмены онг.
Турнир уагъд æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боны цытæн.
Ерыстæ уыдысты ахæм дистанциты: 100м, 200м, æмæ 400м алыхуызон кары категориты чызджыты æмæ лæппуты ‘хсæн.
Уæлахиздзауты схорзæхджын кодта Фæсивæдон Комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Гасситы Сослан.
@XurZaerin
https://t.me/molodejkaruo

Президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта Михаил Мишустинӕн, Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауады сӕрдарӕй нысангонд кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй.
@XurZaerin
@XurZaerin
Forwarded from ГТРК"ИР"
YouTube
Уæлахизы Бон банысан кодтой Ленингоры районы уырыссаг астæуккаг скъолайы дæр.
Банысан куыд æрцыд, афтæмæй ахæм мысæн изæртæ кæстæр фæлтæры хъомыл кæнынц патриатизмы æнкъарæнтыл, хистæртæн та нæ рох кæны сæ хъæбатырдзинад. Программæйы фæлгæтты эстрадон зарæггæнджытæ сыххæст кодтой адæмæн уарзон зарджытæ æмæ сын балæвар кодтой æцæг музыкæйы…
Forwarded from СапÆ
Немыцӕгты ӕфсӕдтӕ Кавказ сӕхи бакӕныны хӕстон операци куыд схуыдтой?
Anonymous Quiz
9%
Ост
9%
Искра
68%
Эдельвейс
14%
Барбаросса
ФЫД ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ
Фыд бафæдзæхста йæ фырттæн, лымæн ут, зæгъгæ; фæлæ уыдон нæ уисæн кодтой. Уæд фыд рахæссын кодта уисой æмæ загъта:
— Асæттут-ма йæ!
Лæппутæ йыл бирæ фæцархайдтой, фæлæ сын уисой асæттын нæ бакуымдта, сæ бон не сси йæ асæттын. Уæд фыд уисой райхæлдта æмæ загъта, иугай уисгай-ма йæ асæттут, зæгъгæ.
Уыдон хæрз æнцонæй асастой уисойы алы уис дæр хицæнæй.
Æмæ сын уæд фыд афтæ зæгъы:
— Сымах дæр гъе афтæ: кæд иумæ лымæн уат, уæд уыл ничи фæтых уыдзæн; фæлæ хылтæ куы кæнат æмæ уæ алчи йæхæдæг хицæнæй куы архайа, уæд уыл алчи дæр æнцонæй фæтых уыдзæн æмæ уæ бабын кæндзæн.
@XurZaerin
https://t.me/barzafcag1. Л.Толстой «Рассказы для детей», ирон æвзагмæ тæлмац, 1955