Газет «Хурзæрин»
873 subscribers
5.29K photos
994 videos
1 file
3.6K links
Хуссар Ирыстоны зӕронддӕр ӕхсӕнадон-политикон газет ирон æвзагыл.
Цӕуы 1924 азы 1 январӕй.

Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.


@XurZaerin
Download Telegram
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🎤 Фидӕн
🎶 «Фӕсивӕды зарӕг».

муз. Æлборты Ф., ных. Хуыгаты Г.


Видео: @irystontv
@XurZaerin
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Нæ зынаргъ ветерантæ! Уæ цыт æмæ намыс никуы фесæфдзæн æнусты! Сымах махæн стут зынаргъ! Уæ фæрцы мах сæрибардзинады ад зонæм æмæ уын ныллæг кувæм нæ сæртæй! Хæсты быдыры цы сгуыхтдзинад равдыстат, уый махӕн, стæй кæстæртæн, у бæллиццаг æмæ фæзминаг!

Стыр Уæлахизы бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!


Видео: @ia_res
@XurZaerin
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Уæлахизы бон банысан кодтой Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы дæр.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты цырты раз уагъд æрцыд митинг. Æрæмбырдуæвджытæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой цырты раз. Хæсты быдыры фæмардуæвæг ветеранты ном ссардтой иу уысм æмырæй алæугæйæ.

Ленингоры районæй Стыр Фыдыбстæйон хæсты быдыры хæцыд 3000 мин адæймаджы, уыдонæй 1646 нал æрыздæхтысты сæрæгасæй.

@XurZaerin
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
"Война - это все приходящее, а музыка вечна!

Хæрзæхсæвтæ, нæ зынаргъ хæлæрттæ! 🤍❤️💛

@XurZaerin
Стыр Уæлахизы бæрæгбон банысан кодтой горæт Къуайсайы дæр.

"Æнæмæлгæ полчы" рацыдысты куыд цæрджытæ, афтæ уæрæсейаг арæнгæрон заставæйы минæвæрттæ дæр. Æнæзонгæ салдаты цырты раз скъоладзаутæ сæвæрдтой венок, радзырдтой Стыр Уæлахизы фæдыл æмдзæвгæтæ.

"Æнæмæлгæ полчы" рацыд организаци æрцыд горæт Къуайсайы администраци, сæ сæргълæууæг Хуыгаты Аланы æххуысæй.

@XurZaerin
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
15 майы, Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн, Киноконцертон зал "Чермен"-ы уагъд æрцæудзæн цæгатирыстойнаг зарæггæнæг Хъесаты Илонæйы концерт, уый тыххæй сæ ТГ-каналы хъусын кæнынц Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет.

Концерт райдайдзæн 18:00 сахатыл. Бахизӕн уыдзæн ӕнӕаргъӕй.

@XurZaerin
Республикон ерыстæ рог атлетикæйæ🏃‍♂🏃‍♀

Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны столицæ æмæ районтæй 100 спортсмены онг.
Турнир уагъд æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боны цытæн.
Ерыстæ уыдысты ахæм дистанциты: 100м, 200м, æмæ 400м алыхуызон кары категориты чызджыты æмæ лæппуты ‘хсæн.
Уæлахиздзауты схорзæхджын кодта Фæсивæдон Комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Гасситы Сослан.

@XurZaerin
https://t.me/molodejkaruo
14.05.2024 боны 2 сахатыл Анахарсисы номыл национ библиотекæйы уагъд æрцæудзæн Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн тымбыл фынг «Не ‘взаг-нæ адæмы фидæн»
Президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта Михаил Мишустинӕн, Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауады сӕрдарӕй нысангонд кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй.

@XurZaerin
Forwarded from СапÆ
Немыцӕгты ӕфсӕдтӕ Кавказ сӕхи бакӕныны хӕстон операци куыд схуыдтой?
Anonymous Quiz
9%
Ост
9%
Искра
68%
Эдельвейс
14%
Барбаросса