Газет «Хурзæрин»
878 subscribers
5.17K photos
960 videos
1 file
3.59K links
Хуссар Ирыстоны зӕронддӕр ӕхсӕнадон-политикон газет ирон æвзагыл.
Цӕуы 1924 азы 1 январӕй.

Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.


@XurZaerin
Download Telegram
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Уæ райсом хорз, нæ зынаргъ бафысджытæ! 🤍❤️💛

Абон, 9-æм февралы нæ Республикйы уыдзæн асæст бон, уардзæн къæвда🌧.

🌧ЗНАУЫРЫ районы уæлдæфы хъæрмад бонæй уыдзæн +8, æхсæвы та +2 градусы хъарм.
🌧ДЗАУЫ районы бонæй +7, æхсæвы +1 градусы хъарм.
🌨КЪУАЙСАЙЫ уæлдæфы хъæрмад бонæй +5, æхсæвы -1 градусы уазал.
🌧ЛЕНИНГОРЫ районы бонæй +9, æхсæвы +3 градусы хъарм.
🌧ЦХИНВАЛЫ уæлдæфы хъæрмад бонæй уыдзæн +9, æхсæвы та +2 градусы хъарм.

@XurZaerin
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
УФ-йы Президент Владимир Путины Барамындмæ гæсгæ Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент Остъаты Джульеттæ хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы паддзахадон хорзæх - Пушкины майданæй.

Барамынды дзырдæуы: "Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæ популяризаци кæныны хъуыддагмæ йæ стыр хайбавæрды тыххæй Пушкины майданæй хорзæхджын æрцæуæд Остъаты Джульеттæ Дауыты чызг - Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент, Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг".
Хорзæх радта РХИ-йы Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Видео:Sputnik
@XurZaerin
Forwarded from НОГДЗАУ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хозиты Барисы снысан кодтой Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй.

Арфæ кæнæм Барисæн. Нæ зæрдæ йын зæгъы стыр æнтыстдзинæдтæ йæ ног бынаты.

Байхъусут æм. Æнæхъæнæй равдыст фенæн ис ам👇🏻

https://t.me/region15_ru/24532

Бузныг зæгъæм Колыты Людмилæйæн, нæ куыстæн нын стыр аргъ кæй кæны, уый тыххæй.
«Хъармдзинад хъайтарæн»

Хуссар Ирыстоны Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет баиу сты Фыдыбæстæ хъахъхъæныны боны цытæн цы акци уыдзæнис, уымæ, æмæ хъусын кæны кæй гом кæны СВО-йы цы хъайтартæ ис, сæ царды алы сахат кæй лæууынц сæ адæмы сæрыстырдзинад æмæ сабырдзинады сæрыл, уыдонæн баххуысс кæныны фæдыл.
Лæппуты бахъæудзæнис алыхуызон æххуысс: экипировка, сæрмагонд гигиенæйы амæлттæ, продукттæ, фыццаг хъæугæдзинады дзаумæттæ, медикаменттæ æмæ аф.д.
Æмбырд цæудзæнис Ирæтты уынгыл 1 хæдзар, комитеты уагдоны ӕрвылбон 9:00-17:00 сахатмӕ, сабат ӕмӕ хуыцаубон йеддӕмӕ.

@XurZaerin
✔️Нæ каналы кæсджыты нымæц фылдæр кæны. Æмæ алкæмæн дæр "Æгас цу!" зæгъын зæрдиагæй. Уадз, не `ппæты дæр "Хурзæрин" тавæд йæ зæрин тынтæй! 🔆

@XurZaerin
📚Чиныг "Ирон царды æгъдæуттæ"-йы Цгъойты Хазби фыссы, зæгъгæ, æртæ хæбизджыны фынгыл 9 хайыл лыггондæй... Аст лыджы фæстæ уырдыглæууæг рахизфарсы хæйттæй иуы, хистæрмæ æввахсдæры, дыууæ дихы акæны, æмæ хæйттæ фараст бавæййынц.
Сымах та куыд хъуыды кæнут, аст æви фараст?

@XurZaerin
"Тæрсын дæ сау цæстыты арфæй,
Уым арты урс æвзæгтæ кафынц
Æмæ мыл аныдзæвынц хатгай,
Цыма мæ басудзынмæ хъавынц..."

Ходы Камал "Гуырысхо"
@XurZaerin
Ирон театр æмæ Вильям Шекспир
#Аивад

«Национальный театр есть признак Совершеннолетия нации,

также как и академии, университеты, музеи».

А.Н. Островский

Ирон театрты историйыл дзырд куы цæуа, уæд нæ ахиздзынæ зынгæ англисаг поэт, драматург æмæ актер Вильям Шекспиры иувæрсты.

Ирон театры фæзынд нымайæм 1906 азæй, профессионалон театртæ та нæм фæзынд – Хуссары – 1931 азы, Цæгаты…

https://xurzarin.ru/?p=47265
Бакодтой хъаруджын куыст
#Æхсæнад

Уыцы райсом дæр Цхинвалы районы электрохызæджы кусджытæ сæ куыстмæ куы фæзындысты, уæд сæм æнхъæлмæ каст æнæаргъæвгæ хæстæ сæххæст кæнын. Цæвиттон, стыр митуард æмæ тыхдымгæ тынг быхъыгдардтой электроны хæххытæ цалдæр хъæумæ æмæ сæ хъуыд цалцæг кæнын. Уайтагъд кусджыты иу къорд – Джиоты Георги, Цхуырбаты Эдик, Дзукъаты Гурам, Бекъойты Вадим æмæ Сабанты Алан æвæстиатæй ацыдысты бынатмæ…

https://xurzarin.ru/?p=47267
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Уæ райсом хорз, зынаргъ хæлæрттæ! 🤍❤️💛

🔅Абон, 10-æм февралы нæ Республикæйы уыдзæн хур боныгъæд.

🔅ЗНАУЫРЫ районы уæлдæфы хъæрмад бонæй уыдзæн +10, æхсæвы та +4 градусы хъарм.
🔅ДЗАУЫ районы бонæй +8, æхсæвы +3 градусы хъарм.
🔅КЪУАЙСАЙЫ уæлдæфы хъæрмад бонæй +6, æхсæвы +2 градусы хъарм.
🔅ЛЕНИНГОРЫ районы бонæй +10, æхсæвы +3.
🔅ЦХИНВАЛЫ уæлдæфы хъæрмад бонæй +11, æхсæвы +4 градусы хъарм.

@XurZaerin
Фембӕлд газеткӕсджытимӕ
#Фембæлд

Газет «Южная Осетия» ӕрӕджы сорганизаци кодта фембӕлд йӕ кӕсджытимӕ. Мадзалмӕ фæхуыдтой Хуссар Ирыстоны Президенты администрацийы, бастдзинад ӕмӕ массон коммуникациты комитеты, нӕ горӕты «Россотрудничество»-йы Уырыссаг хӕдзар, паддзахадон университеты, зонад-иртасӕн институты, республикӕйы районтӕй минӕвӕрттӕ, ХИПУ-йы журналистикӕйы факультеты студентты минæвæрттæ, республикӕйы Журналистты цӕдисы сӕрдар Харебаты Батрадз.

Газеты уацхӕссӕг Хъӕцмӕзты Зæринӕ мадзалы нысаниуӕгимæ базонгæ кодта хайадисджыты, æрдзырдта ныртæккæйы…

https://xurzarin.ru/?p=47269
Фыццаг олимпиадæ – мадæлон æвзагæй
#Ахуырад

Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрад æрæвнæлдтой республикон скъолайон олимпиадæтæ уадзынмæ.

Нæ республикæйы ахуыргæнинæгты иу хай ныртæккæ сæхи цæттæ кæнынц 12-æм февралмæ. Уыцы бон Цхинвалы уыдзæн предметон олимпиадæ ирон æвзаг æмæ литературæйæ. Сæрмагонд къамис сывæллæтты зонындзинæдтæ бæрæг кæндзæнис сочинени фыссынæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, скъоладзау фæсивæд цæуыл батыхсой, уый ис æмæ сæ алчидæр…

https://xurzarin.ru/?p=47271
Цæмæннæ ис интернет-бастдзинад?
#Æхсæнад

5-æм февралæй 6-æм февралмæ æхсæвы тыхджын митуард бахъыгдардта электроэнерги æмæ интернет бастдзинады телтæ Ленингоры районы хъæуты. Дзауы, Къуайсайы æмæ Знауыры районы дæрддзæф хъæуты нырма дæр нæй электроны рухсытæ, митæй сæм бацæуæнтæ кæй нæй, уый аххосæй. Цух сты интернет бастдзинадæй дæр. «Мегафон Южная Осетия»-йы æхсæнадимæ бастдзинады специалист Бежанты Заринæ нын нæ фарстæн дзуапп радта: «Канд…

https://xurzarin.ru/?p=47273
Алы сом дæр бахардз уыдзæн нысанмæздæхтæй
#Пресс_конференци

Спутник-Хуссар Ирыстоны пресс-центры 9 февралы уыдис пресс-конференци Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайæн палатæйы сæрдар Плиты Алымбегæн.

Уый журналисттæн радзырдта ведомствойы нысаниуæджы тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, Контролон-нымайæн палатæ сырæзт 2007 азы Паддзахадон контролы æмæ экономикон æдасдзинады комитеты бындурыл. Уый у Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауиуæгады æххæстгæнæн орган. Йæ сæйраг хæс у паддзахадон бюджеты арæзтыл, уыимæ ма, паддзахадон исад…

https://xurzarin.ru/?p=47275
Хуссар Ирыстоны хайадист «Продэкспо-24»-ы
#Экономикон_равдыст

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Хуссар Ирыстон 5-9-æм февралмæ хайад райста Мæскуыйы æхсæнадæмон сæрмагонд экономикон равдыст – «Продэкспо-24»-ы.

Ацы фарстыл бакуыста республикæйы базарадон минæвар Уæрæсейы Таймураз Гогинов. Хуссар Ирыстон ацы армукъайы хайад райста ныр æхсæзæм хатт. Ам махæн цы сæрмагонд стенд хицæн æрцыд, уым æвæрд æрцыдысты нæ бæстæйы экспозицитæ: сæнуадзæн завод «Иронсæн»-ы, Ленингоры бæгæныфыцæн…

https://xurzarin.ru/?p=47277
АИШ хæцæнгарз куыддæр нал æрвита, афтæ конфликт фæуыдзæн
#Интервью

Цæуыл дзырдтой Путин æмæ Карлсон?

Зынгӕ америкаг журналист Такер Карлсон райста интервью Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путинӕй. Карлсоны АИШ-ы хонынц оппозицион журналист, Такер Карлсон та йӕхирдыгӕй нымайы, зӕгъгӕ, АИШ-ы ӕмӕ ӕппӕт ныгуылӕн бӕстӕты дзыллон информацийы фӕрӕзæ не сты хӕдбар, журналисттæн тыххӕй дзурын кӕнынц мӕнг хъуыдытӕ ӕмӕ гӕды ныхӕстӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бынӕттон

https://xurzarin.ru/?p=47279
Дипломатон кусæджы боны сæраппонд
#Бæрæгбоны_цытæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæхуындмæ гæсгæ, Дипломатон кусæджы бæрæгбоны фæлгæтты хайад райста Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады бæстыхайы мемориалон фæйнæджытыл УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ дидинджытæ сæвæрыны цытджын церемонийы.

Традицион æгъдауæй ссардтой Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Адæмон къамисариаты кусджыты, дипломатты рухс нæмттæ, кæцытæ сæ цард радтой…

https://xurzarin.ru/?p=47281
Дипломаты ахсджиаг мисси
#Бæрæгбон

10-æм февраль – Уæрæсейы дипломатийы бон

Абон, 10-æм февралы, Уæрæсейы нысан кæнынц Дипломатон кусæджы бон – уæрæсейаг дипломатты профессионалон бæрæгбон. Ацы бон фидар æрцыд 2002 азы 31 октябры УФ-йы Президент Владимир Путины барамындæй.

Дипломатон боны равзæрст баст у Уæрæсейы фыццаг æддагполитикон ведомствойы сырæзты историимæ – 1549 азы 10-æм февралы Минæварады бардзырдимæ. Æниу…

https://xurzarin.ru/?p=47283
🕯Плиты Жаннæйыл абон сæххæст уыдаит 76 азы.

Плиты Жаннæ у – дунеон æмвæзады композитор, кæцыйæн йæ ном баззадис историйы.  Йе сфæлдыстад никуы уыдзæн рох, йæ уацмыстæ йын алкæддæр æххæст кæндзысты, кæддæриддæр цымыдисаг æмæ хъæугæ уыдзысты. Плиты Жаннæ стыр хайбавæрд бахаста дунеон культурæ æмæ ирон национ аивадмæ æмæ уымæй скад кодта канд йæхицæн нæ, фæлæ йæ райгуырæн бæстæйæн дæр. Ныууагъта нын 7 симфонийы, 3 балеты, 4 концерты æмæ бирæ камерон, вокалон, инструменталон композицитæ. Фæлдыста кино, мультфильмтæ æмæ театралон спектаклтæн музыкæ.

@XurZaerin