Газет «Хурзæрин»
777 subscribers
5K photos
903 videos
1 file
3.58K links
Хуссар Ирыстоны зӕронддӕр ӕхсӕнадон-политикон газет ирон æвзагыл.
Цӕуы 1924 азы 1 январӕй.

Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.


@XurZaerin
Download Telegram
Йæ туджы куы мæцыд Ирыстон
#08_08_08

2008-æм азы августы Ирыстоны цы æрцыдис, уый æнæнхъæлæджы нæ уыдис. Хуссар Ирыстон скуынæг кæныны хъуыддаг биноныгæй цæттæ кодта гуырдзиаг разамынад æмæ æрбафсæрстой бирæнымæц æфсад æмæ нырыккон хæстон техникæимæ Ирыстоны æнæсæттон адæмы скуынæг кæнынмæ. Æмæ сын цы ракодтой, цæмæннæ сæ уагътой сæ хæдзæртты æнцад-æнцойæ цæрын? Цы сарæзтой æнæзакъонæй ирон адæм? Цæмæн сæ æркодтой раууатмæ, сæ

https://xurzarin.ru/?p=43948
Къамтæ дзурынц…
#Равдыст

2008-æм августы хæстыл 15 азы сæххæсты боны цытæн нæ республикæйы цы культурон мадзæлттæ уагъд цæуынц, уы-донæй сæ иу у фоторавдыст «08.08.08 – 08.08.23». Уый байгом 7-æм августы Национ музейы фойейы. Экспозицийæн аргъгæнæг уыдысты Республикæ Хуссар Ирысто-ны Хицауады Сæрдар Джусойты Константин, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, æндæр бæрнон кусджытæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Национ…

https://xurzarin.ru/?p=43950
Заводæн уыдзæн йæхи сæндон
#Экономикæ

2017 азы раздæры Консерваразæн заводы территорийыл æрбайгом завод «Ирон сæн». Инвестор æй сифтонг кодта, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæттынц, ахæм италиаг ифтонггæрзтæй. Сæны алы хуызтæй дарддæр ма завод уадзы цалдæр хуызы коньяк дæр. Йæ продукци реализаци кæны куыд нæхимæ, афтæ Уæрæсейы Федерацийы базæртты дæр. Сæны хуызтæ цæуынц «Аланский резерв», зæгъгæ, ахæм бренды бын. «Шираз»,…

https://xurzarin.ru/?p=43952
Дзауæгтæ мысыдысты сæ хъайтарты
#08_08_08 #Мысынад

Райгуырæн бæстæ цыфæнды амæлттæй бахъахъхъæнын уыд нæ ирон хъæбатыр лæппуты фыццаг хæс æмæ цалынмæ уырыссаг æфсæддонтæ фæзындысты, уæдмæ куыд сæ бон уыд, афтæ тох кодтой гуырдзиаг фашистты ныхмæ.

8-æм августы райсомæй 11 сахатыл Дзауы районы цæрджытæ Кады аллеяйы æрæмысыдысты 15 азы размæ августы хæсты сау бонтæ æмæ фæмардуæвæг хъæбатыр лæппуты номыл цырты раз сæвæрдтой…

https://xurzarin.ru/?p=43954
Мысæн дур – хъайтарæн
#Мысынад

Æфсæддон тæхæг, майор Владимир Едаменкойæн Хуссар Ирыстоны саевӕрдтой мысӕн дур. Владимир хъæбатырæй фæмард 2008-æм азы 9-æм августы хæсты рæстæджы. Мадзалы хайад райстой нæ республикæйы Президент Гаглойты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Мидхъуыддæгты Министр Гуыцмæзты Алан, Цхинвалы æмæ Дзауы районты сæргълæуджытæ Бæззаты Инал æмæ Тыбылты Вандæ. Президент Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ,

https://xurzarin.ru/?p=43960
Хъайтартæ нæ мæлынц
#Мысынад

2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы хъæбатырæй фæмард уæрæсейаг 58-æм æфсады рæнхъон службæгæнæг Алексей Иванов.

10-æм августы Уæрæсейы 58-æм æфсады хæстонты къорд бахызт Гудзабары хъæумæ сабыр цæрæг адæмы бахъахъхъæныны нысанæн. Ам сын бацайдагъ ис тох гуырдзиаг агрессортимæ. Аккаг ныхкъуырд сын лæвæрдта Алексей дæр. Фæлæ йæхæдæг дæр мæлæтдзаг цæф фæцис.

Кæм фæмард, уыцы бынаты æвæрд…

https://xurzarin.ru/?p=43962
Сергей Меняйло: «Мæнæн08.08.08 у мæхи зæрдылдарæн бон дæр»
#Æхсæнад

Цхинвал 15 азы размæ радон хатт ссис гуырдзиаг агрессорты мысан. Фондз боны фæстæ та æвæрд æрцыд тæпп хуссайраг ирæтты æфхæрын æмæ физикон æгъдауæй скуынæг кæныны æгæрон даргъ историйы, – ныффыста йæ телеграм-каналы Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, 08.08.08 у ахæм бон æмæ Гуырдзыстонимæ ныхасгæнæн дæр нал уыд æмæ хъæугæ дæр…

https://xurzarin.ru/?p=43964
УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæварады комментари 2008 азы августы цауты фæдыл
#Комментари

Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова Цхинвалы сабыр цæрджыты ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийыл 15 азы сæххæсты тыххæй радта ахæм комментаритæ:

«Абон мысæм 15 азы размæ Хуссар Кавказы æрцæугæ трагедийы цаутæ. 2008 азы 7-æм августæй 8-æм августмæ æхсæвы Михаил Саакашвилийы режим, циникон æгъдауæй фехæлдта гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны фæдыл дунеон сразыдзинæдтæ, гадзрахатæй…

https://xurzarin.ru/?p=43966
Дидинджытæ сæвæрдтой, хъайтартæ кæм фæмард сты, уыцы бынæтты
#Мысæн_мадзал

2008 азы августы хæсты фӕстиуӕгӕн нӕ республикӕйы территорийыл Ирыстоны хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ сабыр цӕр-джытӕ цы бынӕтты фӕмард сты, уыдоны нæмттæ сӕнусон кӕныны тыххӕй сырӕзт бирӕ мысӕн бынӕттӕ. Ӕрвылаз дӕр нӕ ӕдзард хъайтарты мысӕн бонты Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад азилынц ӕмӕ ахæм бынæтты сӕвӕрынц веноктӕ ӕмӕ дидинджытӕ.

Ныр дæр ахæм мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад…

https://xurzarin.ru/?p=43968
«Хъуамæ æнгом уæм куыд уæззау бонты, афтæ бæрæгбонты дæр»
#Фембæлд

Президент Гаглойты Алан фембæлд организаци «Матери Беслана»-йы минæвæрттимæ. Уыдон Цхинвалмæ æрцыдысты 2008 азты августы цаутыл 15 азы сæххæсты сæраппонд фыдохы мадзæлтты хайад райсынмæ.

Фембæлды ма хайад райстой Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Беджызаты Батраз æмæ Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Тыбылты Алан.

Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта уазджытæн сæ визиты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ахсджиаг…

https://xurzarin.ru/?p=43970
Августы хæсты цаутæ мысгæйæ
#Мысæн_мадзал

Фынддæс азы рацыд, Гуырдзыстоны къухдариуæгад 2008 азы 7-æм августы изæры фынæй горæты ныхмæ егъаумасштабон хæстон архайдтытæ куы райтынг кодта, уымæй. Уæд, уыцы æхсæв дæргъвæтин æхстыты фæстæ æрулæфыд горæт, цæмæй та райсом хуры рухс тынтимæ хъæлдзæгæй сæмбæла ног боныл ног фӕндтимӕ, фӕлӕ…

Фæлæ æмæхсæвæджы ныннæрыд алыгъуызон уæззау хӕцӕнгæрзты хъæр æмæ райдыдта хæст. Тугцъир, æгъатыр,…

https://xurzarin.ru/?p=43972
Хæст куы фæцис…
#08_08_08

Адæймаг йæ царды размæ куыд кæсы æмæ йыл йæ хъуыдытæ куыд нывæнды, афтæ акæсы фæстæмæ, рацæугæ фæндагмæ дæр æмæ дзы ахсджиагдæр, зæрдылдаринагдæр цы вæййы, уыдоны йæ мысынады ныффыссы æмæ сæм ног æмæ ногæй йæ хъуыдыты раздæхы. Махæн, Хуссар Ирыстоны цæрджытæн, Гуырдзыстоны хъомысджын хæстон, куынæггæнæн машинæйы ныхмæ æнæ хæцæнгарзæй чи баззадысты, уыдонæн 2008 азы августы…

https://xurzarin.ru/?p=43991
Уæгъдибар хъæбысхæст
#Спорт

Хуссарирыстойнаг спортсмен Джиоты Арсени ссис Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хъæзтыты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цæуынц Белорусийы. Арсени архайын райдыдта уæгъдибар хъæбысхæстæй Азербайджаны æмбырдгонд командæйы сконды, кæцыйы сæйраг тренер у ирон специалист Гозымты Хетæг. Арсени 86 кг уæзы категорийы финалы 8:2 хыгъдæй фæуæлахиз Казахстаны минæвар Максат Сатыбалдыйыл.

Ерысты ма сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Сабанты Александр (61 кг), Козырты…

https://xurzarin.ru/?p=43987
«Мах дуг»-ы радон номыр
#Ирон_журнал_мыхуыр_кæны

Журнал байгом рубрикӕ «Ӕмдугоны хъуыдытӕ»-йæ. Йӕ хъуыдытӕ зӕгъы Ирыстоны Фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитон – «Фыссӕг хъуамӕ кӕддæриддӕр уа йӕ фӕрнӕйдзаг номы аккаг».

135 азы сӕххӕст поэт Багъӕраты Созыры райгуырдыл. Журналы мыхуыр цӕуынц йе ʻмдзӕвгӕтӕ.

Поэт Токаты Алиханы райгуырдыл кæй сӕххӕст 130 азы, уый цытæн мыхуыргонд цӕуынц «Цыкурайы фӕрдыг»-ӕй ист ӕмдзӕвгӕтӕ.

Поэт, тæлмацгæнæг Брытъиаты…

https://xurzarin.ru/?p=43989
Нæ урæдтам нæ цæссыг…
#Рецензи

Ацы бонты нæ республикæйы Паддзахадон драмон театры сценæйыл равдыстой Остъаты Аланы пьесæмæ гæсгæ «Фæстаг æвдисæн»-ы радон спектакль. Æвæрæг режиссер Дзудцаты Тамерлан куыд загъта, афтæмæй спектакль бацыд 2008 азы хæстыл 15 азы сæххæсты боны цытæн мысæн мадзæлтты номхыгъдмæ. Бацæттæ йæ кодтой 1920 азты геноцидыл 100 азы сæххæсты бонмæ æмæ йæ премьерæ та уыдис 2022 азы

https://xurzarin.ru/?p=43994
Курдиатджын инженеры ном абон дæр рох нæу
#Мысынад

Уæрæсейы Федерацийы Аразæджы бон нысан кæнынц 60 азæй фылдæр. Бæрæгбон æрвылаз дæр нысан фæцæуы августы мæйы дыккаг хуыцаубоны. Фыццаг хатт Аразæджы бон банысан кодтой 1956 азы 12-æм августы. 2011 азæй фæстæмæ Уæрæсейы Федера-цийы Регионалон рæзты министрады уынаффæйæ Уæрæсейы Аразæджы бон расидт æрцыд федералон бæрæгбонæй.

Хуссар Ирыстоны дæр банысан кæнынц Аразæджы бон. Ацы аз æрхаудта…

https://xurzarin.ru/?p=43997
Спортсменты хъомылгæнæг
#Не_хсæн_хорз_адæймæгтæ

Не ‘мбæстаг Хъæцмæзты Мадинæ нæ горæты Цхуырбаты Гурамы номыл стадионмæ фыццаг хатт йæ къах куы бавæрдта, уæд ыл бæрцæй цыд æртындæс азы. Бакодта йæ Хуссар Ирыстоны спорты сгуыхт кусæг, тренер Гатыгкоты Уасил. Кæнгæ та йæ уымæн бакодта æмæ уæд, фæстаг цалдæр азы не скъолаты ‘хсæн рог атлетикæйæ цы ерыстæ уагъд цыд, уыдонæй-иу бирæ хуызты…

https://xurzarin.ru/?p=43999
Литературон-поэтикон изæр Национ библиотекæйы
#Литературон_изæр

Анахарсисы номыл Национ библиотекæйы 8-æм августы уагъд æрцыд литературон-поэтикон изæр «Пять дней ада». Библиотекæйы кусджытæ бацæттæ кодтой мадзал РХИ-йы Культурæйы министрады хъæппæрисæй. Ам æрбамбырд сты Культурæйы министры хæдивæг Мамиты Григори, Национ музейы директор Зассеты Мераб, медиацентр «Ир»-ы директор Гаглойты Иринæ, 2008 азы хæстон архæйдтыты хайадисджытæ, зонады, культурæйы æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Литературон-поэтикон изæры райдианы экраныл…

https://xurzarin.ru/?p=44001
Уыдзæн та цъойнаг картофтæ
#Амалиуæгад

Цæрджытæ ифтонг цæудзысты хи æркæнгæ картофæй

Нæ республикæйы сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы амалиуæгад райтынг кæнынмæ, уæлдайдæр та хъæууон хæдзарады къабазы. Хицауадæн йæ фадæттæ куыд амонынц, афтæ æххуыс кæны æмæ сæ фарсмæ балæууы, ахæм архайд райтынг кæнын кæй фæнды, уыдонæн. Æмæ уый æмбæрстгонд дæр у. Республикæ у аграрон æмæ фадæттæ ис, цæмæй нæ цæрджыты ифтонг…

https://xurzarin.ru/?p=44003
Тускъаты Таймураз: «Тугкалæн фондзбонон хæст æнустæм баззайдзæн алкæй зæрдæйы дæр»
#Æхсæнад

Цытджын Алан Эдуарды фырт!

Республикæ Цæгат Ирыстоны Парламенты депутатты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй æрвитын æххуысы æмæ фарсхæцынады ныхæстæ дæуæн æмæ РХИ-йы æппæт цæрджытæн 2008 азы августы трагикон цаутыл 15 азы сæххæсты сæраппонд.

Æфсымæрон республикæты ахастытæ кæддæриддæр хицæн кодтой кæрæдзийæн æххуысмæ цæттæдзинадæй. Ацы хъынцъымы бон мах дих кæнæм гуырдзиаг агрессийы фæстиуæгæн фæмардуæвджыты бинонты æмæ…

https://xurzarin.ru/?p=44005
Æвзонг хæстоны курс ардбахæрды размæ
#Æхсæнад

Президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады цур ахуыргæнæн центр «Барс». Ам УФ-йы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæтты ног курсанттæ цæуынц æвзонг хæстоны цæттæгæнæн курс.

40 курсантæй фылдæр рацыдысты бацæуæн фæлварæнтæ УФ-йы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм, ахуыргæнæн центры та сæм æнхъæлмæ кæсы æфсæддон хъуыддаджы сусæгдзинæдтæ ба-зонын. Цæттæгæнæн мадзæлтты комплексы ис рæнхъон дисциплинæ, фыццаг æххуыс бакæнын, æхсыны æмæ…

https://xurzarin.ru/?p=44007